Перейти к основным материалам

Перейти к содержанию

БИОГРАФИ

Аллихузи адӕнӕн исдӕн алцидӕр

Аллихузи адӕнӕн исдӕн алцидӕр

«Донаргъуд ку райсай, уӕд ди рандӕ уодзӕн!» Аци дзурдтӕй мӕ фидӕ мӕ мади тӕрсун кодта. Е адтӕй 1941-аг анзи. Фал мӕ мадӕ нӕ фӕттарстӕй ӕма донаргъуд райста. Уой фӕсте нӕ мӕ фидӕ ниууагъта. Уӕд мӕбӕл ӕдеугурӕй аст анзи цудӕй.

БИБЛИЙ рӕстдзийнадӕ мӕ зӕрдӕмӕ гъарун раги райдӕдта. Мӕ мадӕ ци журналтӕ ӕрбахӕссидӕ, етӕ мӕ зӕрдӕмӕ хъӕбӕр цудӕнцӕ, уӕлдайдӕр ба сӕ хузтӕ. Мӕ фиди ба нӕ фӕндадтӕй, цӕмӕй, ци базудта, уой мӕнӕн дӕр амудтайдӕ. Фал мӕнмӕ ба уӕддӕр дессаг кастӕй ӕма мӕ мадӕмӕ аллихузи фарстатӕ лӕвардтон, ӕма мӕ фидӕ хӕдзари ку нӕ уидӕ, уӕд мӕ хӕццӕ Библи ахур кодта. Гъема мӕн дӕр бафӕндадтӕй мӕ цард Йеговӕн иснивонд кӕнун. Донаргъуд райстон, дӕс анзи мӕбӕл ку цудӕй, уӕд, 1943-аг анзи, Блэкпули (Англи).

РАЙДӔДТОН ЙЕГОВӔН ЛӔГГАДӔ КӔНУН

Уой фӕсте мӕ мади хӕццӕ еумӕ лӕггадӕ кӕнун райдӕдтан. Уӕди рӕстӕги игъосун кӕнгӕй патефонтӕй пайда кодтан. Еци дзаумау адтӕй устур ӕма уӕззау, цуппар килемӕй фулдӕр ласта. Расагъӕс кӕнтӕ, минкъий биццеу уогӕй ӕй кудтитӕ хастайнӕ!

14 анзи мӕбӕл ку исӕнхӕст ӕй, уӕд мӕ бафӕндадтӕй пионерӕй лӕггадӕ кӕнун. Ӕма мин мӕ мадӕ загъта, цӕмӕй бал фиццаг ӕнсувӕрти лӕггадгӕнӕги хӕццӕ радзурдтайнӕ (уӕди рӕстӕги уотӕ худтонцӕ районон цӕстӕдарӕгути). Е мин загъта, цӕмӕй пионерӕй лӕггадӕ кӕнгӕй дӕхе дарунгъон уай, уой туххӕй ести кустбӕл исахур кӕнӕ, зӕгъгӕ. Ӕз дӕр ин ӕ унаффӕмӕ байгъустон. Дууӕ анзей фӕсте нӕуӕгӕй ӕндӕр районон цӕстӕдарӕги хӕццӕ радзурдтон ӕма мин загъта: «Дӕ бон ӕй райдайун!»

Гъема апрели 1949-аг анзи нӕ хӕдзари дзаумӕуттӕй цидӕртӕ рауӕйӕ кодтан, цидӕртӕ ба райурстан, ӕма мӕ мади хӕццӕ Мидлтонмӕ рандӕ ан, Манчестермӕ хӕстӕг. Уоми пионертӕй лӕггадӕ кӕнун райдӕдтан. Цуппар мӕйи фӕсте мӕхецӕн ӕмбалӕн еу ӕнсувӕри равзурстон. Филиал нӕ иснисан кодта, Ирлами ци нӕуӕг ӕмбурд адтӕй, уордӕмӕ. Мӕ мадӕ ба еу хуӕри хӕццӕ ӕндӕр ӕмбурди лӕггадӕ кодта.

Кӕд мӕбӕл 17 анземӕй ӕндӕр нӕ цудӕй, уӕддӕр мин ме ’мбали хӕццӕ баихӕс кодтонцӕ ӕмбурдтӕ уадзун, уомӕн ӕма ци ’мбурди лӕггадӕ кодтан, уоми фӕлтӕрдгун ӕнсувӕртӕ нӕ фагӕ кодта. Уой фӕсте ба мин загътонцӕ, цӕмӕй рацудайнӕ, горӕт Бакстони ци ӕмбурд атӕй, уордӕмӕ. Ӕрмӕстдӕр си цалдӕр игъосунгӕнӕги адтӕй ӕма сӕ ӕнхус гъудӕй. Уӕхӕн уавӕрти лӕггадӕ кӕнгӕй берӕ цӕбӕлдӕрти исахур дӕн ӕма мӕ е бацӕттӕ кодта, федӕни мӕмӕ ци ӕййивддзийнӕдтӕ ӕнгъӕлмӕ кастӕй, уонӕмӕ.

Адӕни хонӕн ӕргом радзубандимӕ (Рочестер, Нью-Йорк, 1953-аг анз)

1951-аг анзи Галаади скъоламӕ анкетӕ байдзаг кодтон. 1952-аг анзи декабри ба мӕмӕ армимӕ фӕдздзурдтонцӕ. Армимӕ рандӕунбӕл син не ’сарази дӕн, ӕма син ӕй уотӕ балӕдӕрун кодтон, дини косӕг дӕн, зӕгъгӕ. Фал мин уӕддӕр истӕрхон кодтонцӕ ӕма мӕ ӕхсӕз мӕйемӕ ахӕстдони исбадун кодтонцӕ. Цалинмӕ уоми бадтӕн, уӕдмӕ мӕмӕ Галаади скъолай 22-аг къласмӕ фӕдздзурдтонцӕ. 1953-аг анзи июли куддӕр исуӕгъдӕ дӕн, уотӕ исхизтӕн, «Джорджик» ка хундтӕй, еци науӕмӕ ӕма рахуӕстӕн Нью-Йоркмӕ.

Куддӕр исхъӕрдтӕн, уотӕ бахаудтӕн ӕхсӕнадӕмон конгресмӕ, хундтӕй «Нӕуӕг дуйней ка цӕрдзӕй, еци адӕн». Уой фӕсте поездбӕл рахуӕстӕн Саут-Лансингмӕ (Нью-Йорк), скъола кӕми гъӕуама рацудайнӕ, уордӕмӕ. Уоми мӕ гъудӕй автобусбӕл рабадун. Ахӕстдонӕй ӕрӕги ке исуӕгъдӕ дӕн, уомӕ гӕсгӕ мӕмӕ ӕхца минкъий адтӕй, ӕма надихарзӕн еу кӕмӕйдӕр 25 центи ӕфстау райстон.

ӔНДӔР БӔСТИ ЛӔГГАДӔ КӔНУН

Галаади скъолай берӕ цӕбӕлдӕрти исахур ан, цӕмӕй нӕ бон адтайдӕ «аллихузи адӕнӕн дӕр исун алцидӕр» (1 Кор. 9:22). Ӕртей ни иснисан кодтонцӕ Филиппинтӕмӕ, Паул Брууни, Реймонд Личи ӕма мӕн. Цалдӕр мӕйи ма нӕ визитӕ фӕххизтан, уой фӕсте ба науӕбӕл рацудан Роттердаммӕ (Нидерландтӕ). Уордиги Зӕнхастӕу денгизбӕл бацудан Суеций къанаумӕ, уордиги ба Индий океанбӕл бахъӕрдтан Малазимӕ, удта Гонконгмӕ. Донбӕл фӕццудан 47 бони ӕма 1954-аг анзи 19-аг ноябри ба исхъӕрдтан Манилӕмӕ (Филиппинтӕ).

Миссионерӕй ке хӕццӕ лӕггадӕ кодтон, еци ӕнсувӕр Реймонд Лич ӕма ӕз, науӕбӕл Филиппинтӕмӕ 47 бони ку цудан, уӕд

Уоми нӕ гъудӕй исахур ун ӕндӕр адӕнбӕл, ӕндӕр ӕгъдӕуттӕбӕл ӕма ӕндӕр ӕвзагбӕл. Фал нӕ фиццаг рӕстӕг не ’ртей дӕр иснисан кодтонцӕ горӕт Кесон-Ситий ӕмбурдмӕ, уоми ба англисагау ка дзурдта, уӕхӕнттӕ берӕ адтӕй. Уомӕ гӕсгӕ фиццаг ӕхсӕз мӕйемӕ тагайлаг ӕвзагбӕл цалдӕр дзурдемӕй ӕндӕр не ’сахур кодтан. Фал нӕ гъуддаг фӕххуӕздӕр ӕй, ӕндӕр рауӕнмӕ нӕ ку иснисан кодтонцӕ, уӕд.

Еу бон ӕнсувӕр Личи хӕццӕ игъосун кӕнунӕй ку ’рцудан, уӕд нӕхемӕ иссирдтан финстӕгутӕ. Е адтӕй маййи 1955-аг анзи. Финст си адтӕй районон цӕстӕдаргутӕй нӕ ке иснисан кодтонцӕ. 22 анземӕй ӕндӕр мӕбӕл нӕ цудӕй, фал еци хузи ке лӕггадӕ кодтон, уой фӕрци мин фӕззиндтӕй нӕуӕг фадуӕттӕ, цӕмӕй «аллихузи адӕнӕн исуон алцидӕр».

Радзубанди дзорун районон конгресси бикойлаг ӕвзагбӕл

Районон цӕстӕдарӕгӕй лӕггадӕ кӕнун ку райдӕдтон, уӕд мӕ фиццаг радзубанди радзурдтон еу гъӕуи тукани рази. Фӕстӕдӕр ӕй базудтон, уӕди рӕстӕги Филиппинти ӕргом радзубандитӕ, ӕцӕгӕйдӕр ӕргом ке адтӕнцӕ, гъома сӕ дзурдтонцӕ, берӕ адӕн кӕми адтӕй, уӕхӕн бунӕтти! Ӕмбурдтӕ бӕрӕг кӕнгӕй мӕ радзубандитӕ дзоринӕ уолӕфӕн бунӕтти, базарти, устур залти, баскетболӕй кӕми гъастонцӕ, уӕхӕн бунӕтти, паркти ӕма горӕти тегътӕбӕл. Еухатт мин гъӕуама Сан-Паблой базари радзубанди адтайдӕ, фал сӕх-сӕхӕй уарун райдӕдта, ӕма бӕрнон ӕнсувӕртӕн загътон, цӕмӕй мӕ радзубанди нӕхе зали радзурдтайнӕ. Ӕнсувӕртӕ ма мӕ рафарстонцӕ, аци радзубанди хигъди ӕргом радзубандийӕй фӕббӕрӕг кӕнун ӕнгъезуй ӕви нӕ, уобӕл.

Ӕмбурдтӕ бӕрӕг кӕнгӕй ӕхсӕвеуатӕй ӕнсувӕртӕмӕ байзайинӕ. Кӕд хумӕтӕг хӕдзӕрттӕ адтӕнцӕ, уӕддӕр си хъӕбӕр кӕдзос адтӕй. Арӕх мӕ хуссӕн уидӕ тӕнӕг гобан гъӕдин пъолбӕл. Рартайунмӕ си ӕрмӕстдӕр еунӕг бунат адтӕй, уой дӕр гъӕунги, зингӕ кӕми кодтайнӕ, уӕхӕн бунати. Ӕма ӕз дӕр исахур дӕн мӕхе тагъд-тагъдӕй ӕртайун, цӕмӕй мӕ маке рауидтайдӕ. Еу рауӕнӕй иннӕ рауӕнмӕ автобусбӕл цудтӕн, ӕндӕр сакъадахмӕ цӕун мӕ ку гъӕуидӕ, удта лодкабӕл. Уал анзи лӕггадӕ кӕнгӕй мӕмӕ мӕхе машинӕ некӕд адтӕй.

Игъосун кӕнгӕй ӕма ӕмбурдтӕ бӕрӕг кӕнгӕй сабургай тагайлаг ӕвзаг исахур кодтон. Ӕвзаг ахургӕнӕн къурситӕмӕ некӕд цудтӕн, фал игъосун кӕнгӕй ӕма, ӕмбурдти ӕнсувӕртӕ куд дзурдтонцӕ, уомӕ игъосгӕй ӕвзаг исахур кодтон. Ӕнсувӕрти дӕр фӕндадтӕй, цӕмӕй мин банхус кодтайуонцӕ, ӕма си хъӕбӕр боз дӕн, ке мин бухстӕнцӕ ӕма мӕ ке бараст кӕниуонцӕ, уой туххӕй.

Нӕуӕг ихӕстӕ мин ку раттиуонцӕ, уӕд мӕ алкӕддӕр багъӕуидӕ нӕуӕг естӕбӕл ахур кӕнун. 1956-аг анзи Филиппинти адтӕй конгресс ӕгас бӕсти игъосунгӕнгутӕн, ӕма нӕмӕ ӕрцудӕй ӕнсувӕр Нейтан Норр. Еци конгресси мин баихӕс кодтонцӕ журналистити хӕццӕ дзорун. Еци гъуддаги хъӕбӕр къумух адтӕн, фал мин иннетӕ зӕрдиагӕй ӕнхус кодтонцӕ. Анз дӕр нӕма рацудӕй, уотемӕй нӕмӕ иннӕ конгресмӕ сӕйраг хайадӕй ӕрцудӕй ӕнсувӕр Фредерик Френц. Аци хатт ба мӕ исӕвардтонцӕ конгресси цӕстӕдарӕгӕй. Ӕнсувӕр Френц ӕ радзубандий хӕццӕ ку рацудӕй, уӕд ибӕл адтӕй, филиппинӕгтӕ ке фӕддарунцӕ, уӕхӕн хӕдонӕ, ӕма е бунӕттон ӕнсувӕрти зӕрдӕмӕ хъӕбӕр фӕццудӕй. Ӕз ба ’й балӕдӕрдтӕн: адӕни зӕрдитӕмӕ над иссеруни туххӕй гъӕуама ести ӕййивддзийнӕдтӕмӕ дӕр цӕттӕ уон.

Облӕстон цӕстӕдарӕгӕй лӕггадӕ кӕнун ку райдӕдтон, уӕд бабӕй мӕ багъудӕй нӕуӕг цӕбӕлдӕрти ахур кӕнун. Уӕди рӕстӕги мах ӕвдистан кино, «Нӕуӕг дуйней ка цӕрдзӕй, еци амондгун адӕн», зӕгъгӕ. Ӕвдесгӕ ба ӕй кодтан, берӕ адӕн кӕми адтӕй, уӕхӕн бунӕтти. Проектори рохсмӕ дуйней саскъитӕ ӕрӕмбурд уидӕ, ӕма сӕ фӕсте проектор туххӕй никкӕдзос кӕнианӕ! Уӕхӕн фембӕлд испълан кӕнун ӕнцон н’ адтӕй, фал Йегови организаци ӕнӕгъӕнӕ дуйнебӕл куд архайуй, уобӕл адӕн куд дес кодтонцӕ, уой уингӕй нӕ цийнӕн кӕрон дӕр нӕ уидӕ!

Еуӕй-еу бунӕтти католикон саугинтӕ хецауадӕмӕ багъаст кӕниуонцӕ, цӕмӕй нин нӕ конгресстӕ уадзун мабал уагътайуонцӕ. Ӕнсувӕрӕн сӕ аргъауӕнмӕ хӕстӕг радзубанди ку уидӕ, уӕд сӕ дзӕнгӕрӕг хуайун райдайиуонцӕ, цӕмӕй ӕ дзурд мабал игъустайдӕ. Фал уӕддӕр беретӕ рӕстдзийнадӕ базонунбӕл архайдтонцӕ, ӕма Йегови лӕггадгӕнгутӕ иссӕнцӕ.

НӔУӔГ ИХӔСТӔ – НӔУӔГ ӔЙЙИВДДЗИЙНӔДТӔ

1959-аг анзи мӕ иснисан кодтонцӕ Вефили лӕггадӕ кӕнунмӕ. Уоми лӕггадӕ кӕнгӕй дӕр берӕ нӕуӕг цӕбӕлдӕрти исахур дӕн. Цӕйбӕрцӕдӕр рӕстӕги фӕсте мин баихӕс кодтонцӕ ӕндӕр бӕститӕ бӕрӕг кӕнун. Еу уӕхӕн цуди базонгӕ дӕн, Тайланди миссионерӕй ка лӕггадӕ кодта, еу уӕхӕн хуӕри хӕццӕ, Джанет Дьюмонд, зӕгъгӕ. Цӕйбӕрцӕдӕр рӕстӕг кӕрӕдземӕ пъисмотӕ финстан, фӕстӕдӕр ба нӕ цард байеу кодтан. 51 анзей дӕргъи еумӕ Йеговӕн цийнӕгӕнгӕй лӕггадӕ кӕнӕн.

Джанети хӕццӕ Филиппинти сакъадахтӕй еуебӕл

Ӕдеугурӕй Йегови адӕни 33 бӕстеми бабӕрӕг кодтон. Ӕма мин хъӕбӕр ӕхцӕуӕн адтӕй еци куст кӕнун. Йеговӕй хъӕбӕр боз дӕн, ӕригонӕй ци ихӕслӕвӕрдтӕ ӕнхӕст кодтон, уой туххӕй, уомӕн ӕма уони фӕрци исахур дӕн аллихузи адӕни зӕрдитӕмӕ над ерун! Еци хузи ке лӕггадӕ кодтон, уой фӕрци балӕдӕрдтӕн, Йеговӕ ӕгас адӕни дӕр ке уарзуй, цийфӕнди адӕнихаттӕй ма уонцӕ, уӕддӕр (Гъуд. 10:34, 35).

Архайӕн ӕдзох игъосун кӕнун

НУР ДӔР МА ГЪӔУЙ ӔЙЙЕВУН

Джанетти хӕццӕ нин хъӕбӕр ӕхцӕуӕн ӕй Филиппинти не ’нсувӕрти хӕццӕ лӕггадӕ кӕнун ӕма ма абони дӕр лӕггадӕ кӕнӕн филиали, горӕт Кесон-Ситий. 60 анзей размӕ Филиппинти лӕггадӕ кӕнун ку райдӕдтон, уӕд си цӕйбӕрцӕ игъосунгӕнгутӕ адтӕй, нур си уомӕй дӕс хатти фулдӕр ес. Кӕд уал анзи фӕллӕггадӕ кодтон, уӕддӕр ма мӕ нур дӕр гъӕуй, Йеговӕ ци зӕгъуй, уомӕ гӕсгӕ мӕхе ӕййевун. Зӕгъӕн, фӕстаг рӕстӕг Йегови организаций ци ӕййивддзийнӕдтӕ цӕуй, уомӕ гӕсгӕ мах дӕр гъӕуама цӕттӕ уӕн цидӕртӕ раййевунмӕ.

Хуцауи адӕн ке фулдӕр кӕнунцӕ, е нин устур цийни хуасӕ ӕй

Мах алкӕддӕр, нӕ бон ци адтӕй, уой кодтан, цӕмӕй Йегови разамундмӕ гӕсгӕ архайдтайанӕ. Ӕма царди уомӕй хуӕздӕр ци гъӕуама уа? Уомӕй уӕлдай ма алкӕддӕр цӕттӕ адтан цийфӕнди ӕййивддзийнӕдтӕмӕ дӕр, цӕмӕй не ’нсувӕртӕн балӕггадӕ кодтайанӕ. Махӕн нур дӕр ма нӕ федар фӕндӕ ӕй, цӕмӕй Йегови фӕндонмӕ гӕсгӕ «аллихузи адӕнӕн дӕр уӕн алцидӕр».

Нур дӕр ма лӕггадӕ кӕнӕн филиали, горӕт Кесон-Ситий