Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Библийы ахуырӕдтӕ

Царды зын фарстатӕ куыд аскъуыддзаг кӕнӕн ис, уый тыххӕй Библийы ис ӕппӕты хуыздӕр уынаффӕтӕ. Адӕймагӕн цы стыр ӕххуыс сты, уый сбӕлвырд ӕнусты дӕргъы. Ацы хайӕ базондзынӕ, Библийыл дӕ бон цӕмӕн у ӕууӕндын, фылдӕр пайда дын куыд ӕрхӕсдзӕн ӕмӕ йӕ уынаффӕтӕ абон дӕр кӕй ахадынц, уый (2 Тимофеймӕ 3:16, 17).

 

Темӕтӕ

БИБЛИ: ФАРСТАТӔ ӔМӔ ДЗУАППЫТӔ

Библийы кӕй кой ис, уыцы сылгоймӕгтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

Базон, Библийы кӕй кой ис, ӕмӕ, хорз ном кӕмӕн ис ӕмӕ ӕвзӕр ном кӕмӕн ис, уыцы сылгоймӕгты тыххӕй.

БИБЛИ: ФАРСТАТӔ ӔМӔ ДЗУАППЫТӔ

Библийы кӕй кой ис, уыцы сылгоймӕгтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

Базон, Библийы кӕй кой ис, ӕмӕ, хорз ном кӕмӕн ис ӕмӕ ӕвзӕр ном кӕмӕн ис, уыцы сылгоймӕгты тыххӕй.

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнут

Библи ахуыр кӕнын афӕлвар

Библи лӕвар ахуыр кӕнын афӕлвар.

Бабӕрӕг кӕныны тыххӕй курдиат

Аныхас кӕн, Библийӕ дӕм цы фарста ис, ууыл кӕнӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй фылдӕр базон.

Ӕрмӕг Библи ахуыр кӕнынӕн

Равзар, Библи ахуыр кӕнын дын ноджы ӕхсызгондӕр кӕй фӕрцы уыдзӕн, уыцы ӕрмӕг.

Библи уын куыд баххуыс кӕндзӕн?

Фарн ӕмӕ амонд

Библийы уынаффӕты фӕрцы бирӕтӕ сахуыр сты, алы бон дӕр цы зындзинӕдтыл сӕмбӕлынц, уыдоны сӕрты хизын. Стӕй се ’нӕниздзинад дӕр фӕхуыздӕр ӕмӕ ма бамбӕрстой, цӕмӕн цӕрынц, уый. Библи дӕуӕн дӕр баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй амондджын уай.

Хуыцауыл ӕууӕндын

Уырнындзинады фӕрцы абон дӕр дӕ цардӕй райгонд уыдзынӕ ӕмӕ дӕ фидӕнӕй дӕр фидар ныфс уыдзӕн.

Цардӕмбӕлттӕ ӕмӕ ныййарджытӕ

Цардӕмбӕлттӕ ӕмӕ ныййарджытӕ бирӕ зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц. Библийы цы уынаффӕтӕ ис, уыдон бинонтӕн баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй кӕрӕдзи хуыздӕр ӕмбарой ӕмӕ ӕнгомдӕр уой.

Ӕххуыс рӕзгӕ кары сывӕллӕттӕн ӕмӕ ӕрыгӕттӕн

Базон, рӕзгӕ кары сывӕллӕттӕ ӕмӕ ӕрыгӕттӕ арӕх цы зындзинӕдтыл сӕмбӕлынц, уыдоны сӕрты хизынӕн Библи куыд ӕххуыс кӕны.

Видеотӕ ӕмӕ хӕслӕвӕрдтӕ сывӕллӕттӕн

Ацы видеотӕ ӕмӕ цымыдисаг хӕслӕвӕрдтӕ сты Библийыл арӕзт. Уӕ бон сӕ у пайда кӕнын, цӕмӕй уӕ сывӕллӕттӕн Библи хуыздӕр базонынӕн баххуыс кӕнат.

Библи цы дзуры?

Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ

Библийӕ ис дзуапп базонӕн алыхуызон фарстатӕн, зӕгъӕм, Хуыцау, Йесо Чырысти, бинонтӕ, хъизӕмӕртты тыххӕй.

Библийы стихтӕн сӕ хъуыды

Базон, Библийӕ бирӕтӕ кӕй зонынц, уыцы стихтӕ ӕмӕ ныхӕстӕ куыд ӕмбаргӕ сты, уый.

Истори ӕмӕ Библи

Бакӕс, Библи нӕ рӕстӕгмӕ диссаджы хуызы кӕй ӕрхӕццӕ, уый тыххӕй. Базон, историмӕ гӕсгӕ раст кӕй у ӕмӕ йыл ӕууӕндӕн кӕй ис, уымӕн цавӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис, уый тыххӕй.

Наукӕ ӕмӕ Библи

Наукӕ ӕмӕ Библи кӕрӕдзийы ныхмӕ сты? Ӕркӕс, Библи цы дзуры ӕмӕ ахуыргӕндтӕ цы сбӕрӕг кодтой, уымӕ.