Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Ӕрмӕг Библи ахуыр кӕнынӕн

Ацы вкладкӕйы ис лӕвар ӕрмӕг Библи ахуыр кӕнынӕн. Уый дын баххуыс кӕндзӕн Хуыцауы Ныхас арфдӕр иртасынӕн ӕмӕ йӕ хуыздӕр ӕмбарынӕн. Нӕ онлайн Библийы ис бирӕ ӕрмӕг, цӕмӕй йӕ арфдӕр иртасай, ӕмӕ дзы дӕ бон у лӕвар пайда кӕнын. Видеороликты, Библи ӕмбарынгӕнӕн энциклопедийы, картӕты, Библийы чи ӕмбӕлы, уыцы дзырдты дзырдамонӕны ӕмӕ ӕндӕр лӕвар ӕрмӕджы фӕрцы дын Библи ахуыр кӕнын фылдӕр пайда хӕсдзӕн.

Видеороликтӕ Библи ахуыр кӕнынӕн

Разныхӕстӕ Библийы чингуытӕм

Библийы цы чингуытӕ ис, уыдон куыд фыстой ӕмӕ дзы дзырд цӕуыл цӕуы.

Библийы сӕйраг ахуырӕдтӕ

Ацы цыбыр видеоурокты ис дзуапп, адӕммӕ Библийы фӕдыл цы фарстатӕ фӕзыны, уыдонӕй сӕйрагдӕртӕн, зӕгъӕм, Хуыцау зӕхх цӕмӕн сфӕлдыста? Адӕймаг куы амӕлы, уӕд цы фӕвӕййы? Хуыцау адӕмы хъизӕмӕрттӕн кӕрон цӕуылнӕ скӕны?

Кусӕнгӕрзтӕ ӕмӕ уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Библи ахуыр кӕнынӕн

Библион энциклопеди

«Понимание Писания» у библион энциклопеди. Ис дзы тынг бирӕ статьятӕ алыхуызон темӕтыл. Дӕ бон у базонын адӕмы, бынӕтты, зайӕгойты, цӕрӕгойты, ахсджиаг хабӕртты ӕмӕ, Библийы чи ӕмбӕлы, ахӕм ныхӕсты тыххӕй. Куы йӕ рафыссай, уӕд дзы фендзынӕ картӕтӕ, къамтӕ ӕмӕ нывтӕ, стӕй ма темӕты ӕмӕ стихты индекс.

Библи цӕй тыххӕй у

Брошюрӕйы «Библи. Цавӕр ахсджиаг хабар дзы ис?» цыбыртӕй фыст ис, Библи цӕй тыххӕй у, уый. Ӕмӕ дзы дзырд цӕуы Библийы сӕйраг темӕйыл.

Библион атлӕс

Атлӕсы «Посмотрите на „прекрасную землю“» ис картӕтӕ ӕмӕ таблицӕтӕ. Фенӕн сыл ис, Библийы цы зӕххыты кой цӕуы, уыдон, зӕгъӕм, Зӕрдӕвӕрд зӕхх алы заманты цыхуызӕн уыд, уый.

Боны стих

Брошюрӕйы «Алы бон дӕр Фыстад иртас» ис цыбыр скъуыддзаг Библийӕ ӕмӕ цыбыр комментари уыцы скъуыддзагмӕ.

Библи кӕсыны график

Кӕд дӕ фӕнды Библи алы бон кӕсынӕн кӕнӕ йӕ афӕдзмӕ бакӕсынӕн пълан скӕнын, йе та дӕ фӕнды Библи кӕсын райдайын, уӕд дын ацы график баххуыс кӕндзӕн.

Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ

Библийӕ ис дзуапп базонӕн алыхуызон фарстатӕн, зӕгъӕм, Хуыцау, Йесо Чырысти, бинонтӕ, хъизӕмӕртты тыххӕй.

Онлайн-библиотекӕ (opens new window)

Библи интернеты иртас Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты публикациты фӕрцы.

Библийы ахуыр ахуыргӕнӕгимӕ

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ адӕмимӕ Библи куыд фӕахуыр кӕнынц?

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи куы ахуыр кӕнай, уӕд дӕ бон у пайда кӕнын Библийы тӕлмацтӕй кӕцыфӕндыйӕ дӕр. Кӕд дӕ фӕнды, уӕд-иу дӕ Библийы ахуырмӕ фӕхон дӕ бинонты ӕмӕ дӕ де ’мбӕлттӕй кӕй фӕнды, уыдоны.

Бабӕрӕг кӕныны тыххӕй курдиат

Аныхас кӕн, Библийӕ дӕм цы фарста ис, ууыл кӕнӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй фылдӕр базон.