Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Адӕм цӕмӕн мӕлынц?

Адӕм цӕмӕн мӕлынц?

Дзуапп Библийӕ

 Ахӕм фарста нӕм кӕй сӕвзӕры, адӕм цӕмӕн мӕлынц, зӕгъгӕ, уым диссагӕй ницы ис, уӕлдайдӕр та, нӕ хиуӕттӕй исчи куы амӕлы, уӕд. Библи зӕгъы: «Мӕлӕт чи расайы‚ уыцы маргджын фат у тӕригъӕд» (1 Коринфӕгтӕм 15:56).

Адӕм иууылдӕр тӕригъӕдджын цӕмӕн сты ӕмӕ цӕмӕн мӕлынц?

 Фыццаг дыууӕ адӕймаджы, Адам ӕмӕ Евӕ, Хуыцауы ныхмӕ тӕригъӕд кӕй сарӕзтой, уый тыххӕй ӕппынфӕстаг амардысты (Райдиан 3:17–19). Хуыцауы ныхмӕ кӕй рацыдысты, уый тыххӕй сӕм мӕлӕт йеддӕмӕ ницы ӕнхъӕлмӕ каст, уымӕн ӕмӕ «царды суадон» уымӕ ис (Псалом 36:9; Райдиан 2:17).

 Адамы тыххӕй йӕ байзӕддӕгтӕ иууылдӕр сты ӕнӕххӕст ӕмӕ тӕригъӕдджын. Библийы фыст ис: «Иу адӕймаджы аххосӕй дунемӕ ӕрцыд тӕригъӕд, тӕригъӕды уылты та – мӕлӕт, ӕмӕ афтӕмӕй мӕлӕт ахӕлиу ӕппӕт адӕмыл дӕр, уымӕн ӕмӕ иууылдӕр ракодтой тӕригъӕд» (Ромӕгтӕм 5:12). Адӕм иууылдӕр сӕ туджы тӕригъӕд кӕй рахастой, мӕлгӕ дӕр уый тыххӕй кӕнынц (Ромӕгтӕм 3:23).

Мӕлӕтӕн кӕрон куыд ӕрцӕудзӕн

 Хуыцау зӕрдӕ ӕвӕры, мӕлӕт ӕнустӕм кӕй фесафдзӕн (Исай 25:8). Цӕмӕй мӕлӕт мауал уа, уый тыххӕй Хуыцау хъуамӕ фесафа, адӕм цӕй аххосӕй мӕлынц, уый – тӕригъӕд. Хуыцау уый сараздзӕн Йесо Чырыстийы фӕрцы, «дунейы тӕригъӕдтӕ [чи] ахаста», уый фӕрцы (Иоанны 1:29; 1 Иоанны 1:7).