Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Туг уадзыны тыххӕй Библи цы дзуры?

Туг уадзыны тыххӕй Библи цы дзуры?

Дзуапп Библийӕ

 Библи нӕ фӕдзӕхсы, цӕмӕй нӕхи тугӕй хизӕм. Уӕдӕ туг дӕр ӕмӕ йӕ хӕйттӕ дӕр нӕй буармӕ уадзӕн нӕдӕр хӕринаджы уылты, нӕдӕр тугдадзинты уылты. Дӕ хъус-ма ӕрдар мӕнӕ ацы стихтӕм Библийӕ:

  •   Райдиан 9:4. Доны хъаймӕты фӕстӕ Хуыцау Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕн цӕрӕгойты дзидза хӕрыны бар радта, фӕлӕ сын загъта, цӕмӕй сын сӕ туг ма хӕрой. Хуыцау Нойӕн загъта: «Ӕрмӕст ма хӕрут, йӕ уд, ома йӕ туг, йӕ мидӕг кӕмӕн ис, ахӕм дзидза». Ацы фӕдзӕхст хауы адӕммӕ се ’ппӕтмӕ дӕр, уымӕн ӕмӕ иууылдӕр Нойы байзӕддӕгтӕ сты.

  •   Левит 17:14. «Зӕххыл цыдӕриддӕр змӕлӕг ис, уыдонӕй макӕцыйы туг хӕрут, уымӕн ӕмӕ, зӕххыл цыдӕриддӕр змӕлӕг ис, уыдонӕн сӕ уд сӕ туг у. Туг чи хӕра, уый сӕфт ӕрцӕудзӕн». Хуыцауы цӕсты уд, ома цард, туджы ис, ӕмӕ йыл уый йеддӕмӕ ӕндӕр никӕй бар цӕуы. Кӕд уыцы закъон Хуыцау ӕрмӕстдӕр Израилы адӕмӕн радта, уӕддӕр уымӕй бӕрӕг у, уыцы хъуыддагмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕй нӕ кӕсы.

  •   Хъуыддӕгтӕ 15:20. «Уӕхи хизут... тугӕй». Хуыцау Нойы куыд бафӕдзӕхста, афтӕ чырыстӕтты дӕр бафӕдзӕхста, цӕмӕй сӕхи тугӕй хизой. Историйӕ куыд зыны, афтӕмӕй фыццаг ӕнусы цӕрӕг чырыстӕттӕ сӕхи тугӕй хызтой, сӕхи-иу куы дзӕбӕх кодтой, уӕд дӕр.

Хуыцау нӕ цӕмӕн фӕдзӕхсы, цӕмӕй нӕхи тугӕй хизӕм?

 Уымӕн ӕмӕ медицинӕмӕ гӕсгӕ туг уадзын адӕймаджы ӕнӕниздзинадӕн тӕссаг у. Уымӕй сӕйрагдӕр та уый у, ӕмӕ нын Хуыцау бафӕдзӕхста, цӕмӕй нӕхи тугӕй хизӕм, уымӕн ӕмӕ туг амоны, йӕ цӕсты табуйаг цы у, уымӕ (Левит 17:11; Колоссӕгтӕм 1:20).