Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Библимӕ гӕсгӕ лӕг ӕмӕ усӕн хицӕн кӕнӕн ис?

Библимӕ гӕсгӕ лӕг ӕмӕ усӕн хицӕн кӕнӕн ис?

Дзуапп Библийӕ

 Библимӕ гӕсгӕ хицӕн кӕнӕн ис. Фӕлӕ Чырысти бамбарын кодта, лӕг ӕмӕ ус ахицӕн уой, уый бар сын кӕй ис ӕрмӕстдӕр иу хъуыддаджы тыххӕй. Уый загъта: «Йӕ усмӕ хӕтыны азым ӕрхӕссӕн кӕмӕн нӕ уа, афтӕмӕй дзы чи ахицӕн уа ӕмӕ ӕндӕры чи ракура, уый хӕтгӕ кӕны» (Матфейы 19:9).

 Хуыцау йе сӕфт уыны, исчи йӕ цардӕмбалыл гадзрахатӕй куы рацӕуы, ӕмӕ куы ахицӕн вӕййынц, уымӕй. Йӕ цардӕмбалы ницӕй тыххӕй, уӕлдайдӕр та ӕндӕр искӕимӕ бацӕрыны тыххӕй, чи ныууагъта, уыдонӕй Хуыцау дзуапп ӕрдомдзӕн (Малахи 2:13–16; Марчы 10:9).