Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Хуыцауӕн ном ис?

Хуыцауӕн ном ис?

Дзуапп Библийӕ

 Алы адӕймагӕн дӕр ис ном. Ӕмӕ цымӕ уӕд Хуыцауӕн дӕр хъуамӕ ном ма уа? Ӕмбӕлттӕ кӕрӕдзимӕ сӕ номӕй фӕдзурынц. Уӕдӕ нӕ кӕд фӕнды, цӕмӕй Хуыцау не ’мбал суа, уӕд ын мах дӕр хъуамӕ йӕ ном ма зонӕм?

 Библийы Хуыцау йӕхӕдӕг загъта: «Ӕз дӕн Йегъовӕ. Уый у мӕ ном» (Исай 42:8). Хуыцауӕн ис алыхуызон титултӕ, зӕгъӕм, «Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау», «Дунедарӕг Хуыцау» ӕмӕ «Сфӕлдисӕг» (Райдиан 17:1; Хъуыддӕгтӕ 4:24; 1 Петры 4:19). Фӕлӕ йӕ лӕггадгӕнджыты ахӕм кады аккаг скодта, ӕмӕ йӕм сӕ бон у йӕ номӕй дзурын.

 Библийы тӕлмацтӕй бирӕты Хуыцауы ном ӕмбӕлы Псаломы 82:19 [83:18]. 1848 азы Санкт-Петербурджы Зонадон Императорон Академийы уагъд Псалтиры ацы стих у афтӕ: «Ӕмӕ зонӕнт, кӕй Ды, кӕмӕн Иегъовӕ Йӕ ном, иунӕг бӕрзонд кӕд дӕ ӕгас зӕххыл».

 Куыд уынӕм, афтӕмӕй ном «Йегъовӕ» ирон ӕвзаджы ис ӕнусты дӕргъы. Кӕд ахуыргӕндтӕй иуӕй-иутӕ Хуыцауы ном «Яхве» фӕфыссынц, уӕддӕр уыцы ном ахӕм формӕйы, «Йегъовӕ», зӕгъгӕ, бирӕ арӕхдӕр ӕмбӕлы. Библийы фыццаг хай фыст ӕрцыд рагон дзуттаг ӕвзагыл. Уыцы ӕвзаджы дзырдтӕ кӕсынц рахизырдыгӕй галиуырдӕм. Дзуттаг ӕвзаджы Хуыцауы ном фыст цӕуы цыппар ӕмхъӕлӕсонӕй – יהוה. Ацы цыппар дамгъӕйы мах дамгъӕтӕй сты ЙХВХ, хонынц сӕ тетраграмматон.