Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Хуыцаумӕ мӕн тыххӕй цавӕр фӕнд ис?

Хуыцаумӕ мӕн тыххӕй цавӕр фӕнд ис?

Дзуапп Библийӕ

 Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй базонай, цавӕр миниуджытӕ йӕм ис, уый, стӕй цӕмӕй йӕ хӕлар суай, уарзай йӕ ӕмӕ йын ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кӕнай (Матфейы 22:37, 38; Иаковы 4:8). Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын куыд хъӕуы, уый дӕ бон базонын у, Йесо Чырысти куыд цард ӕмӕ адӕмы цӕуыл ахуыр кодта, уымӕй (Иоанны 7:16, 17). Уый Хуыцауы фӕндоны тыххӕй ӕрмӕст дзургӕ нӕ кодта, фӕлӕ йӕ цард дӕр уымӕ гӕсгӕ арӕзта. Чырысти йӕхӕдӕг загъта, царды йын ӕппӕты сӕйрагдӕр цы у, уый, зӕгъгӕ, дам, «уый тыххӕй не ’рцыдтӕн, цӕмӕй, мӕхи цы фӕнды, уый кӕнон, фӕлӕ мӕ рарвитӕджы цы фӕнды, уый» (Иоанны 6:38).

Хуыцаумӕ мӕн тыххӕй цы фӕнд ис, уый базонынӕн хъуамӕ исты нысан кӕнӕ цӕстылуайӕн фенон йе та уӕлӕрвтӕй хъӕлӕс фехъусон?

 Нӕ, уымӕн ӕмӕ, Хуыцау адӕмӕн цы зӕгъинаг у, уый фыст ис Библийы. Уым ис, цыдӕриддӕр дӕ хъӕуы, уый, цӕмӕй «алы хорз хъуыддагмӕ дӕр алцӕмӕй дӕр цӕттӕ уай» (2 Тимофеймӕ 3:16, 17). Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй йӕм дӕу тыххӕй цы фӕнд ис, уый Библийы фӕрцы базонай, «арф хъуыды кӕнай, афтӕмӕй» (Ромӕгтӕм 12:1, 2; Ефесӕгтӕм 5:17).

Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын мӕ бон бауыдзӕн?

 О, дӕ бон бауыдзӕн, уымӕн ӕмӕ Библи зӕгъы: «Йӕ фӕдзӕхстытӕ... зынӕххӕстгӕнӕн не сты» (1 Иоанны 5:3). Уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ Хуыцауы фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ цӕрын алыхатт ӕнцон вӕййы. Фӕлӕ уый фӕрцы цы арфӕдзинӕдтӕй схайджын уыдзынӕ, уыдон сӕ фыдӕбоны аргъ сты. Йесо Чырысти загъта: «Амондджын... сты, Хуыцауы ныхас чи хъусы ӕмӕ йӕ чи ӕххӕст кӕны!» (Лукайы 11:28).