Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Чи уыдысты, «Вифлеемы стъалыйы» фӕдыл чи цыд, уыцы «дӕснытӕ»?

Чи уыдысты, «Вифлеемы стъалыйы» фӕдыл чи цыд, уыцы «дӕснытӕ»?

Дзуапп Библийӕ

 Рождествоимӕ баст таурӕгътӕм гӕсгӕ, Йесомӕ йӕ райгуырды фӕстӕ ӕрбацыдысты «ӕртӕ дӕсныйы» кӕнӕ «ӕртӕ паддзахы». Фӕлӕ Библийы та уыцы нӕлгоймӕгты тыххӕй цы фыст ис? (Матфейы 2:1). Йесойы фенынмӕ чи ’рбацыд, уыдоны кой кӕнгӕйӕ Матфей йӕ Евангелийы спайда кодта грекъаг дзырдӕй ма́гой. Ацы дзырд, ӕвӕццӕгӕн, амоны астрологтӕм ӕмӕ, хинтӕ-кӕлӕнтӕ чи кӕны, ахӕм адӕймӕгтӕм a. Ӕмӕ, Йесойы фенынмӕ чи ’рбацыд, уыдоны Библийы иуӕй-иу тӕлмацты «дӕснытӕ» кӕнӕ «стъалыдӕснытӕ» дӕр уый тыххӕй хонынц b.

 Йесомӕ чи ’рбацыд, уыцы «дӕснытӕ» цал уыдысты?

 Библийы уый тыххӕй ницы ис фыст. Цал уыдысты, уый тыххӕй алы рӕтты алыхуызӕтты дзурынц. «Азийы цӕрӕг адӕм дзурынц, дӕснытӕ дыууадӕс кӕй уыдысты. Европӕйы ӕмӕ Америкӕйы та зӕгъынц, ӕртӕ кӕй уыдысты, ӕвӕццӕгӕн, ноггуырдӕн ӕртӕ лӕвары – „сызгъӕрин, урс буд ӕмӕ миррӕ“ кӕй ӕрбахастой, уый тыххӕй (Матфейы 2:11)»,– фыст ис иу энциклопедийы (Encyclopedia Britannica).

 Уыцы «дӕснытӕ» паддзӕхтӕ уыдысты?

 Рождествоимӕ баст таурӕгътӕм гӕсгӕ, ноггуырд Йесомӕ чи ’рбацыд, уыдон арӕх паддзӕхты хуызы ӕвдыст вӕййынц. Фӕлӕ сӕ Библи паддзӕхтӕ нӕ хоны. Иу энциклопедийы куыд фыст ис, афтӕмӕй адӕм Йесойы райгуырды хабӕрттӕм цыдӕртӕ бафтыдтой, йӕ райгуырдӕй цалдӕр сӕдӕ азы куы рацыд, уӕд. Ӕмӕ бирӕтӕ дзурын райдыдтой, чи йӕм ӕрбацыд, уыдон паддзӕхтӕ кӕй уыдысты (Encyclopedia Britannica).

 Уыцы «дӕснытӕн» сӕ нӕмттӕ цы хуындысты?

 Библийы сӕ нӕмттӕ фыст не сты. Иу энциклопеди зӕгъы: «Цы нӕмттӕй сӕ фӕхонынц (зӕгъӕм, Гаспар, Мельхиор ӕмӕ Бальтазар), уыдон ист сты таурӕгътӕй» (The International Standard Bible Encyclopedia).

 Уыцы «дӕснытӕ» Йесомӕ кӕд ӕрбацыдысты?

 Стъалыдӕснытӕ Йесомӕ ӕрбацыдысты, куы райгуырд, уымӕй ӕвӕццӕгӕн, цалдӕр мӕйы фӕстӕ. Афтӕ уымӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ, Йесойы амарын чи фӕнд кодта, уыцы паддзах Ирод бардзырд радта, цӕмӕй дыууӕ азы ӕмӕ уымӕй къаддӕр кӕуыл цыд, уыцы лӕппуты ныццагътаиккой. Уыцы кары лӕппуты уый тыххӕй амарын кодта, ӕмӕ стъалыдӕснытӕй цы рӕстӕг базыдта, уымӕ гӕсгӕ сывӕллон уыцы кары уыди (Матфейы 2:16).

 Стъалыдӕснытӕ Йесомӕ, куы райгуырд, уыцы ӕхсӕв не ’рбацыдысты. Библийы фыст ис: «Хӕдзармӕ мидӕмӕ куы бацыдысты, уӕд дзы федтой сывӕллоны йӕ мад Марийӕимӕ» (Матфейы 2:11). Ацы ныхӕстӕй бӕрӕг у, уыцы рӕстӕг бинонтӕ хӕдзары кӕй цардысты ӕмӕ Йесо ноггуырд кӕй нал уыд ӕмӕ кӕвдӕсы кӕй нал хуыссыд (Лукайы 2:16).

 Уыцы «дӕсныты» Вифлееммӕ цы «стъалы» ӕркодта, уый сын сӕ разӕй Хуыцау арвыста?

 Чидӕртӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ, Вифлеемы стъалы кӕй хонынц, уый стъалыдӕснытӕн сӕ разӕй Хуыцау арвыста, цӕмӕй сӕ Йесомӕ ӕркодтаид. Цӕй ӕмӕ базонӕм, афтӕ хъуыды кӕнын раст цӕуылнӕ у, уый.

  •   «Стъалы» стъалыдӕсныты фыццаг ӕркодта Иерусалиммӕ. Библийы фыст ис: «Скӕсӕнӕй Иерусалиммӕ ӕрцыдысты стъалыдӕснытӕ ӕмӕ загътой: „Кӕм ис дзуттӕгты ноггуырд паддзах? Скӕсӕны йын йе стъалы федтам, ӕмӕ ӕрцыдыстӕм, цӕмӕй йын бакувӕм“» (Матфейы 2:1, 2).

  •   Стъалыдӕснытӕ кӕд Вифлееммӕ стъалыйы фӕдыл цыдысты, уӕддӕр сӕ уырдӕм Ирод арвыста. Ирод «дзуттӕгты... паддзахы» тыххӕй куы фехъуыста, уӕд сауджынты хистӕрты ӕмӕ чиныджыдӕсныты рафӕрс-бафӕрс кӕнын райдыдта, Хуыцау зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы Чырысти кӕм хъуамӕ райгуырдаид, уымӕй (Матфейы 2:3–6). Ӕмӕ куы базыдта, Вифлеемы кӕй хъуамӕ райгуырдаид, уӕд стъалыдӕсныты уырдӕм арвыста, цӕмӕй сывӕллоны ссардтаиккой ӕмӕ, кӕм ис, уый йын фӕстӕмӕ цӕугӕйӕ фехъусын кодтаиккой.

     Ӕрмӕстдӕр уый фӕстӕ ацыдысты стъалыдӕснытӕ Вифлееммӕ. Библийы фыст ис: «Паддзах сын уый куы загъта, уӕд сӕ фӕндаг адарддӕр кодтой. Ӕмӕ мӕнӕ диссаг: Скӕсӕны цы стъалы федтой, уый цыд сӕ разӕй, цалынмӕ, сывӕллон кӕм уыди, уыцы бынаты сӕрмӕ не ’рлӕууыд, уӕдмӕ» (Матфейы 2:9).

  •   «Стъалы» кӕй фӕзынд, уый ахӕм хабӕрттӕ расайдта, ӕмӕ Йесойы цардӕн тӕссаг уыд, стӕй ӕнаххос сывӕллӕтты ныццагътой. Стъалыдӕснытӕ Вифлеемӕй куы рацыдысты, уӕд сӕ Хуыцау бафӕдзӕхста, цӕмӕй фӕстӕмӕ Иродмӕ мауал аздӕхтаиккой (Матфейы 2:12).

 Ирод уый куы базыдта, уӕд куыд бакодта? Библи зӕгъы: «Ирод уый куы бамбӕрста, ӕмӕ йӕ стъалыдӕснытӕ асайдтой, уӕд мӕстӕй рафыхт, ӕмӕ Вифлееммӕ ӕмӕ йӕ алыварс бӕстӕм йӕ адӕмы арвыста, цӕмӕй ныццагътаиккой, дыууӕ азы ӕмӕ уымӕй къаддӕр кӕуыл цыди, уыцы лӕппуты се ’ппӕты дӕр – стъалыдӕснытӕй цы рӕстӕг базыдта, уымӕ гӕсгӕ сывӕллон уыцы кары уыди» (Матфейы 2:16). Ахӕм ӕвирхъау хабар Хуыцауы аххосӕй не ’рцыдаид! (Иов 34:10).

a Нӕ эрӕйы размӕ фӕндзӕм ӕнусы цӕрӕг грекъаг историк Геродот загъта, йӕ рӕстӕджы ма́гой кӕй хуыдтой астрологты ӕмӕ фынтӕхалджыты мидиаг (персайнаг) адӕмыхаттӕй.

b Кӕс «Библи – Ног дунейы тӕлмац» ӕмӕ «Ног Фӕдзӕхст ӕмӕ Псалтир», 1994.