Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Йегъовӕ йӕ адӕмӕн радта циндзинад

Базон, Зоровавелӕн, хистӕр сауджын Йесойӕн ӕмӕ, израилӕгтӕй фӕстӕмӕ сӕ райгуырӕн зӕхмӕ чи ӕрыздӕхт, уыдонӕн цы баххуыс кодта, цӕмӕй сӕ циндзинад ма ӕрмынӕг уыдаид. Уыдон фидар уырнындзинад ӕмӕ хъӕбатырдзинад равдыстой, кӕд се знӕгтӕ сӕ ныхмӕ архайдтой, уӕддӕр. Ацы аудиодрамӕ арӕзт у ацы скъуыддзӕгтыл: Ездрӕйы 1:1–6; 3:1–6, 10–13; 4:1–7, 11–16; 5:3–5; 6:6–12, 22; Аггейы 1:2–11; 2:3–9 ӕмӕ Захарийы 1:12–16; 2:7–9; 3:1, 2; 4:6, 7 стихтӕ.