Данел 5:1—31

5  Паддзах Валтасар+ стыр куывд скодта йӕ мингай ӕлдӕрттӕн ӕмӕ се ’ппӕты раз сӕн нызта+.  Валтасар сӕнӕй куы барасыг+, уӕд бардзырд радта, цӕмӕй ӕрбахастаиккой, йӕ фыд Навуходоносор Иерусалимы кувӕндонӕй кӕй рахаста, уыцы сызгъӕрин ӕмӕ ӕвзист мигӕнӕнтӕ+, цӕмӕй дзы йӕхӕдӕг, йе ’лдӕрттӕ, йӕ устытӕ ӕмӕ йӕ номылустытӕ нызтаиккой+.  Уӕд ӕрбахастой, Иерусалимӕй Хуыцауы хӕдзары кувӕндонӕй цы сызгъӕрин мигӕнӕнтӕ рахастой, уыдон, ӕмӕ дзы паддзах, йе ’лдӕрттӕ, йӕ устытӕ ӕмӕ йӕ номылустытӕ нызтой.  Иууылдӕр сӕн нызтой ӕмӕ сызгъӕринӕй, ӕвзистӕй, ӕрхуыйӕ, ӕфсӕйнагӕй, хъӕдӕй ӕмӕ дурӕй конд хуыцӕутты кадджын кодтой+.  Уалынмӕ фӕзынд адӕймаджы къух ӕмӕ паддзахы галуаны чъырӕйцагъд къулыл+, цырагъдарӕн цы къулы раз уыд, ууыл, фыссын райдыдта, ӕмӕ паддзах уыдта, чи фыста, уыцы къухӕн йӕ уӕларм.  Уӕд паддзахӕн йӕ цӕсгомы хуыз фӕцыд, тынг фӕтарст+, йе уӕнгтӕ адон сты+ ӕмӕ йӕ уӕрджытӕ сӕхи кӕрӕдзийыл хойын райдыдтой+.  Паддзах ныхъхъӕр кодта, кӕлӕнгӕнджыты, халдейты ӕмӕ стъалыдӕсныты ӕрбакӕнут, зӕгъгӕ+. Ӕмӕ паддзах Вавилоны зондджын лӕгтӕн загъта: «Ацы фыст чи бакӕса ӕмӕ, цы амоны, уый мын чи бамбарын кӕна, ууыл скӕндзысты тарсырх уӕлӕдарӕс+, йӕ хъуырыл ын сызгъӕрин рӕхыс ӕрцауындздзысты ӕмӕ ацы паддзахады уыдзӕн ӕртыккаг хицау»+.  Уӕд паддзахы зондджын лӕгтӕ се ’ппӕт дӕр ӕрбацыдысты, фӕлӕ уыцы фыст бакӕсын ӕмӕ йӕ паддзахӕн бамбарын кӕнын сӕ бон не сси+.  Ӕмӕ Валтасар тынг старст ӕмӕ йӕ цӕсгомы хуыз фӕцыд. Йе ’лдӕрттӕ дӕр хорзау нал фесты+. 10  Паддзах ӕмӕ йе ’лдӕрттӕ цы дзурынц, уый ус-паддзах куы фехъуыста, уӕд бацыд, куывд кӕм уыд, уыцы агъуыстмӕ ӕмӕ загъта: «О паддзах, ӕнустӕм цӕр!+ Дӕ цӕсгомы хуыз цӕмӕн фӕцыд? Ӕппындӕр ма тӕрс. 11  Дӕ паддзахады ис ахӕм адӕймаг, сыгъдӕг хуыцӕутты комытӕфӕй хайджын чи у+. Дӕ фыды заманы уымӕ разынд арф зонындзинӕдтӕ, ӕмбаргӕдзинад ӕмӕ хуыцӕутты зонды хуызӕн зонд, ӕмӕ йӕ дӕ фыд, паддзах Навуходоносор, сӕвӕрдта кӕлӕнгӕнӕг дзуарылӕгты, кӕлӕнгӕнджыты, халдейты ӕмӕ стъалыдӕсныты сӕргъы+. О, афтӕ бакодта дӕ фыд, о паддзах. 12  Уыцы лӕгмӕ, Данелмӕ, паддзах ног ном Валтасар+ кӕуыл сӕвӕрдта, уымӕ, разынд диссаджы ӕмбарындзинад, зонындзинӕдтӕ, йӕ бон уыд фынтӕ халын+, базон-базонтӕ ӕмбарын кӕнын ӕмӕ ӕлхынцъытӕ халын+. Уӕдӕ Данелмӕ фӕдзурын кӕнут, цӕмӕй ацы фыст бамбарын кӕна». 13  Ӕмӕ Данелы паддзахы размӕ ӕрбакодтой. Паддзах Данелӕн загъта: «Ды дӕ Данел? Мӕ фыд, паддзах, Иудӕйӕ+ уацары кӕй ракодта+, уыцы адӕмӕй дӕ? 14  Фехъуыстон, хуыцӕутты комытӕфӕй хайджын кӕй дӕ+, ӕмӕ дӕм кӕй ис арф зонындзинӕдтӕ, ӕмбаргӕдзинад ӕмӕ стыр зонд+. 15  Мӕнӕ мӕм зондджын лӕгты ӕмӕ кӕлӕнгӕнджыты ӕрбакодтой, цӕмӕй ацы фыст бакӕсой ӕмӕ, цы амоны, уый мын бамбарын кӕной, фӕлӕ сӕ бон не сси+. 16  Дӕу тыххӕй та фехъуыстон, дӕ бон кӕй у нысӕнттӕ ӕмбарын кӕнын+ ӕмӕ ӕлхынцъытӕ халын. Ӕмӕ ныр кӕд ацы фыст бакӕсай ӕмӕ, цы амоны, уый мын бамбарын кӕнай, уӕд дыл скӕндзысты тарсырх уӕлӕдарӕс, дӕ хъуырыл дын сызгъӕрин рӕхыс ӕрцауындздзысты ӕмӕ ацы паддзахады уыдзынӕ ӕртыккаг хицау»+. 17  Уӕд Данел паддзахӕн загъта: «Цы дӕттинаг мын дӕ, уый дӕхицӕн уадз ӕмӕ дӕ лӕвӕрттӕ ӕндӕр искӕмӕн ратт+. Фӕлӕ ацы фыст ӕз паддзахӕн бакӕсдзынӕн ӕмӕ, цы амоны, уый йын бамбарын кӕндзынӕн+. 18  О паддзах, Иунӕг Стыр Хуыцау+ дын дӕ фыд Навуходоносорӕн+ радта паддзахад, хъомыс, кад ӕмӕ цыт+. 19  Хъомыс ын кӕй радта, уымӕ гӕсгӕ ӕппӕт адӕмтӕ, алыхуызон адӕмыхӕттытӕй чи уыд ӕмӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл чи дзырдта, уыдон иууылдӕр йӕ разы фыртӕссӕй ӕмризӕджы рызтысты+. Марын-иу ӕй кӕй бафӕндыд, уый-иу амардта, ныппырх кӕнын-иу ӕй кӕй бафӕндыд, уый-иу ныппырх кодта, сбӕрзонд кӕнын-иу ӕй кӕй бафӕндыд, уый-иу сбӕрзонд кодта, ӕрныллӕг кӕнын-иу ӕй кӕй бафӕндыд, уый та-иу ӕрныллӕг кодта+. 20  Фӕлӕ йӕ зӕрдӕ куы схъал, куы схивӕнд ис ӕмӕ сӕрбӕрзонд митӕ кӕнын куы райдыдта+, уӕд йӕ паддзахбадӕнӕй ӕппӕрст ӕрцыд ӕмӕ йын йӕ кад байстой+. 21  Адӕмы ’хсӕнӕй йӕ фӕсырдтой, йӕ зӕрдӕ хъӕддаг сырды зӕрдӕйы хуызӕн сси, ӕмӕ хъӕддаг хӕрджытимӕ цард+. Галау хордта кӕрдӕг, уӕларвон ӕртӕх ӕй хуылыдз кодта+, ӕмӕ афтӕ уыд, цалынмӕ нӕ базыдта, Иунӕг Стыр Хуыцау кӕй у адӕмы паддзахӕдты Хицау, ӕмӕ йӕ кӕй фӕнды, уый кӕй сӕвӕры сӕ сӕргъы+. 22  Ды та, Валтасар+, йӕ фырт, дӕ хъал зӕрдӕ не ’рсастай+, кӕд ӕппӕт уыдӕттӕ зыдтай, уӕддӕр+. 23  Ды уӕлӕрвты Хицауы ныхмӕ рацыдтӕ+. Йӕ хӕдзары мигӕнӕнтӕ+ дын дӕ размӕ ӕрбахастой, ӕмӕ дзы сымах – ды дӕхӕдӕг, де ’лдӕрттӕ, дӕ устытӕ ӕмӕ дӕ номылустытӕ сӕн нызтат ӕмӕ кадджын кодтат ӕвзистӕй, сызгъӕринӕй, ӕрхуыйӕ, ӕфсӕйнагӕй, хъӕдӕй ӕмӕ дурӕй конд хуыцӕутты+ – уынгӕ чи нӕ кӕны, хъусгӕ чи нӕ кӕны ӕмӕ ӕппындӕр чи ницы зоны, уыцы хуыцӕутты+. Дӕ царды улӕфт+ ӕмӕ де ’ппӕт фӕндӕгтӕ кӕй къухы сты, уыцы Хуыцауы+ та не скадджын кодтай+. 24  Ӕмӕ дӕм уый тыххӕй Хуыцау уыцы къух рарвыста, цӕмӕй ацы ныхӕстӕ ныффыстаид+. 25  Ӕмӕ мӕнӕ цы ныффыста: „МЕНЕ, МЕНЕ, ТЕКЕЛ ӕмӕ ПАРСИН“. 26  Мӕнӕ цы амоны ацы фыст: МЕНЕ – Хуыцау дын дӕ паддзахады бонтӕ банымадта ӕмӕ йын кӕрон скодта+. 27  ТЕКЕЛ – барӕнтыл барст ӕрцыдтӕ ӕмӕ разындтӕ ӕгӕр рог*+. 28  ПЕРЕС – дӕ паддзахад дихгонд ӕрцыд ӕмӕ лӕвӕрд ӕрцыд мидиӕгтӕн ӕмӕ персайнӕгтӕн»+. 29  Уӕд Валтасар бардзырд радта, ӕмӕ Данелыл скодтой тарсырх уӕлӕдарӕс, йӕ хъуырыл ын сызгъӕрин рӕхыс ӕрцауыгътой ӕмӕ фехъусын кодтой, паддзахады ӕртыккаг хицау кӕй уыдзӕн+. 30  Раст уыцы ӕхсӕв халдейты паддзах Валтасары амардтой+, 31  ӕмӕ мидиаг Дари+ паддзахад йӕ къухмӕ райста. Уӕд Дарийыл цыд ӕхсай дыууӕ азы бӕрц.

Фиппаинӕгтӕ

Кӕнӕ «ӕмӕ фаг нӕ разындтӕ».