Псалом 68:1—35

Амонӕгӕн. Давиды псалом. Зарӕг. 68  Хуыцау сыстӕд+, йе знӕгтӕ алырдӕмты ныппырх уӕнт+,Йе сӕфт дзы чи уыны, уыдон дзы лидзӕг фӕуӕнт+.   Дымгӕ фӕздӕг куыд фӕсуры, афтӕ сӕ фӕсур+.Мыдадз арты куыд атайы+,Афтӕ фесӕфӕнт фыдгӕнджытӕ Хуыцауы разӕй+.   Рӕстгӕнджытӕ та цин кӕнӕнт+,Хъӕлдзӕг уӕнт Хуыцауы раз+Ӕмӕ фырцинӕй зарӕнт+.   Зарут Хуыцауӕн, зарут йӕ номӕн+.Зарӕг бӕрзонд сисут, ӕдзӕрӕг быдыртыл чи фӕцӕуы, уымӕн+ –Йагъ* у йӕ ном+ – ӕмӕ йӕ разы фырцинӕй кафут.   Сидзӕрты фыд ӕмӕ идӕдзты тӕрхонгӕнӕг+ –Хуыцау йӕ сыгъдӕг цӕрӕнбынаты+.   Хуыцау иунӕджы ӕрцӕрын кӕны хӕдзары+,Ссӕрибар кӕны, ахст чи у, уыдоны ӕмӕ сын фӕрнӕйдзаг цард ратты+.Хивӕнд чи у, уыдон та цӕрдзысты хурсыгъд зӕххыл+.   О Хуыцау, дӕ адӕмы разӕй куы цыдтӕ+,Ӕдзӕрӕг быдырыл куы фӕцӕйцыдтӕ+ (села́),   Уӕд зӕхх ӕнкъуысыд+,Арв ӕртах кодта Хуыцауы раз+.Ацы хох, Синай, ӕнкъуысыд Хуыцауы раз+, Израилы Хуыцауы раз+.   Ды тӕрккъӕвда рауагътай, о Хуыцау+.Дӕ адӕмӕн-иу сӕ бон куы нал уыд, уӕд-иу сӕ ног хъарутӕ бауагътай+. 10  Уыдон цардысты дӕ цатырты+.Дӕ хорздзинадмӕ гӕсгӕ сӕ ӕрцӕттӕ кодтай ӕфхӕрд адӕймагӕн, о Хуыцау+. 11  Йегъовӕ йӕхӕдӕг зӕгъы ныхас+.Хорз хабар чи хӕссы, уыцы сылгоймӕгтӕ сты ӕнӕхъӕн ӕфсад+. 12  Лидзынц ӕфсӕдтӕн сӕ паддзӕхтӕ, лидзынц+.Хӕдзары чи баззад, уыцы сылгоймагмӕ та хай ӕрхауы амӕттагӕй+. 13  Кӕд фӕнычы рӕгъты фарсмӕ хуыссыдыстут,Уӕддӕр уын уыдзӕн бӕлоны базыртӕ – ӕвзистӕй ӕмбӕрзт,Сӕ бумбулитӕ – бур* сызгъӕринӕй ӕмбӕрзт+. 14  Уым Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау паддзӕхты алырдӕмты куы ныппырх кодта+,Уӕд Селмоны+ райдыдта мит уарын. 15  Васаны+ хӕхбӕстӕ – Хуыцауы хох+,Васаны хӕхбӕстӕ – хохы цъуппытӕ+. 16  Уӕлӕ хӕхты цъуппытӕ, хӕлӕггӕнгӕйӕ цӕмӕн кӕсут,Хуыцауы цӕрын кӕм бафӕндыд, уыцы хохмӕ?+Йегъовӕ уым цӕрдзӕн ӕнустӕм+. 17  Хуыцауы хӕстон бӕхуӕрдӕттӕ сты дӕсгай минтӕ, ӕнӕнымӕц минтӕ+.Йегъовӕ Синайӕ ӕрцыд сыгъдӕг бынатмӕ+. 18  Ды ссыдтӕ уӕлӕмӕ+,Акодтай уацайрӕгты+,Райстай лӕвӕрттӕ – адӕймӕгты+,Суанг хивӕндты+ дӕр, цӕмӕй се ’хсӕн цӕрай+, о Йагъ, о Хуыцау. 19  Табу Йегъовӕйӕн, алы бон дӕр нын нӕ уаргъ чи хӕссы, уымӕн+,Нӕ ирвӕзынгӕнӕг ӕцӕг Хуыцауӕн+. (Села́) 20  Ӕцӕг Хуыцау у, чи нӕ ирвӕзын кӕны, уыцы Хуыцау+.Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ+ ирвӕзын кӕны мӕлӕтӕй*+. 21  Хуыцау ныппырх кӕндзӕн йе знӕгтӕн сӕ сӕртӕ+,Йӕ тӕригъӕд хъуыддӕгтӕ чи нӕ уадзы, уыдоны хъуынджын тылтӕ+. 22  Йегъовӕ загъта: «Раздахдзынӕн сӕ Васанӕй+,Денджызы арфӕй сӕ сисдзынӕн+, 23  Цӕмӕй дӕ къӕхтӕ туджы ныхсай+Ӕмӕ цӕмӕй дӕ куыйтӕ се ’взагӕй знӕгты туг сдӕрой»+. 24  О Хуыцау, уыдон федтой, куыд-иу фӕцӕйцыдтӕ+,Куыд-иу фӕцӕйцыд мӕ Хуыцау, мӕ Паддзах, сыгъдӕг бынатмӕ+. 25  Разӕй цыдысты зарӕггӕнджытӕ, сӕ фӕстӕ – хъисфӕндыртыл чи цагъта, уыдон+,Се ’хсӕн та цыдысты чызджытӕ далатӕй цӕгъдгӕ+. 26  Стыр ӕмбырдты арфӕ кӕнут Хуыцауӕн+,Йегъовӕйӕн, сымах – Израилы Суадон цард кӕмӕн дӕтты, уыдон+. 27  Чысыл Вениамин сыл уӕлахиз кӕны+,Уӕлахиз сыл кӕнынц Иудӕйы кънйӕзтӕ сӕ бирӕ адӕмимӕ, цины хъӕр чи кӕны, уыдонимӕЗавулоны кънйӕзтӕ ӕмӕ Неффалимы кънйӕзтӕ+. 28  Дӕ Хуыцау радта бардзырд, цӕмӕй дын лӕвӕрд ӕрцӕуа хъару+.Равдис дӕ хъару, о Хуыцау, нӕ фарс чи хӕцы+, уый. 29  Иерусалимы дын цы кувӕндон ис+, уый тыххӕй дынПаддзӕхтӕ ӕрхӕсдзысты лӕвӕрттӕ+. 30  Ныссабыр кӕн хъӕзты ’хсӕн цӕрӕг сырды+, галты рӕгъау+Ӕмӕ адӕмты уӕнгуыты. Уыдонӕй алчидӕр йӕ къӕхты бын ссӕнды ӕвзист+.Уый алырдӕмты ныххӕлиу кодта хӕстмондаг адӕмты+. 31  Египетӕй ӕрцӕудзӕн бронзӕйӕ конд дзауматӕ+,Куш* уайтагъд бадардзӕн Хуыцаумӕ лӕвӕрттӕ+. 32  О зӕххон паддзахӕдтӕ, зарут Хуыцауӕн+,Зарут Йегъовӕйӕн (села́), 33  Ӕнусон арвы бӕрзӕндтыл чи рацӕуы, уымӕн+.Хъусут! Йӕ хъӕлӕс, йӕ тыхджын хъӕлӕс, нӕры+. 34  Басӕттут, Хуыцау стыр хъаруйы хицау кӕй у, ууыл+.Уымӕн йӕ бар цӕуы Израилыл, йӕ хъару ис мигъты+. 35  Хуыцау йӕ кадджын кувӕндонӕй куы рацӕуы, уӕд хъуын арц сбады+.Уый у Израилы Хуыцау, йӕ адӕмӕн дӕтты тых ӕмӕ хъомыс+.Табу Хуыцауӕн+.

Фиппаинӕгтӕ

Кӕс Рц 15:2, фип.
Комк. «бурбын-цъӕх».
Бамбарӕн ӕй ис мӕрдтӕй райгас кӕнынмӕ дӕр.
Кӕнӕ Ефиопи.