ХЪАХЪХЪӔНӔН МӔСЫГ (ӔМБЫРДЫ АХУЫР КӔНЫНӔН) 2017 аз, мартъи

Ацы брошюрӕйы ис, 2017 азы 1–28 майы кӕй ахуыр кӕндзыстӕм, уыцы статьятӕ.

БИОГРАФИ

Зондджынтимӕ цыдтӕн, ӕмӕ бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр дӕн

Уильям Сэмюэлсон бирӕ азты дӕргъы ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кодта, ӕмӕ йӕ бар цы хъуыддӕгтӕ уыд, уыдон уыдысты цымыдисаг, фӕлӕ ӕнцон дӕр нӕ уыдысты.

Кад кӕнын кӕмӕн ӕмбӕлы, уыдонӕн кад кӕн

Кады аккаг чи у ӕмӕ цӕмӕн? Куы сын кад кӕнай, уӕд дын уый цы пайда ӕрхӕсдзӕн?

Уырнындзинад дӕм уӕд, ӕмӕ зондджын уынаффӕтӕ хӕсс!

Цы уынаффӕтӕ рахӕсдзынӕ, уыдонӕй иуӕй-иутӕ дӕ цардыл тынг фӕзындзысты. Цы дын баххуыс кӕндзӕн зондджын уынаффӕтӕ хӕссынӕн?

Дӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр Йегъовӕимӕ уӕд!

Иудӕйы паддзӕхтӕ Асӕ, Иосафат, Езеки ӕмӕ Иоси ӕнӕрӕдигӕ нӕ уыдысты. Фӕлӕ сӕ Хуыцау нымадта, йӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр йемӕ кӕмӕн уыд, ахӕм адӕймӕгтыл. Цымӕ цӕмӕн?

Фыст цы ’рцыд, уыдӕттӕ дын зондзонӕн фӕуыдзысты?

Иннӕты рӕдыдтытыл, уыимӕ, Библийы кӕй кой ис, уыцы адӕймӕгты рӕдыдтытыл дӕр, куы хъуыды кӕнай, уӕд бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр уыдзынӕ.

Уӕ хӕлардзинадӕн тӕссаг куы уа, уӕд хорз ӕмбал разындзынӕ?

Гӕнӕн ис, ӕмӕ де ’мбал рӕдыд фӕндагыл ӕрлӕууа ӕмӕ йӕ хъӕуа ӕххуыс, цӕмӕй та ногӕй Йегъовӕйы хӕлар суа. Уӕд дӕ бон цы уыдзӕн саразын?

Рагон дурыныл ссардтой, Библийы чи ис, ахӕм ном

2012 азы археологтӕ ссардтой, 3 000 азы кӕуыл цӕуы, ахӕм дурыны къӕрттытӕ, ӕмӕ сӕ цинӕн кӕрон дӕр нал уыд. Цымӕ дзы ахӕм диссагӕй цы уыд?