Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

СӔЙРАГ ТЕМӔ

Чырысти цӕмӕн фӕхъизӕмар кодта ӕмӕ цӕмӕн амард?

Чырысти цӕмӕн фӕхъизӕмар кодта ӕмӕ цӕмӕн амард?

«Иу адӕймаджы [Адамы] аххосӕй дунемӕ ӕрцыд тӕригъӕд, тӕригъӕды уылты та – мӕлӕт» (Ромӕгтӕм 5:12)

Цавӕр дзуапп раттис ахӕм фарстайӕн: «Ӕнустӕм цӕрын дӕ фӕнды?» Бирӕтӕ «нӕ» нӕ зӕгъиккой. Фӕлӕ сӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ уымӕн гӕнӕн нӕй. Фӕзӕгъынц, зӕгъгӕ, адӕм кӕй мӕлынц, уым диссагӕй ницы ис, алкӕмӕн дӕр йӕ кӕрон уырдӕм цӕуы.

Фӕлӕ цавӕр дзуапп раттис, гыццыл ӕндӕрхуызон дӕ куы бафӕрсиккой, уӕд, зӕгъӕм, афтӕ: «Амӕлынмӕ цӕттӕ дӕ?» Адӕмӕн сӕ фылдӕр ууыл не сразы уыдзысты. Уый цӕуыл дзурӕг у? Нӕ конд афтӕ у, ӕмӕ цыфӕнды зындзинӕдтӕ ма ’взарӕм, уӕддӕр нын цард адджын у. Библийӕ базонӕн ис, Хуыцау адӕмы афтӕ кӕй сфӕлдыста, ӕмӕ сӕ фӕнды цӕрын, мӕлын сӕ нӕ фӕнды. Фыст дзы ис: «Адӕмӕн сӕ зӕрдӕты нывӕрдта ӕнусон цард» (Екклесиаст 3:11).

Фӕлӕ ныртӕккӕ ӕнустӕм ничи цӕры. Хабар афтӕ цӕмӕн у? Цымӕ Хуыцау уавӕр сраст кӕныны тыххӕй исты сарӕзта? Библийы ацы фарстатӕн цы дзуаппытӕ ис, уыдон нӕ ныфс уадзынц ӕмӕ уыдоны фӕрцы нӕ бон у базонын, Йесо цӕмӕн фӕхъизӕмар кодта ӕмӕ цӕмӕн амард, уый.

ХАБАР АФТӔ ЦӔМӔН РАУАД

Библийы Райдианы чиныджы фыццаг ӕртӕ сӕрӕй нӕ бон у базонын, Хуыцау фыццаг нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы, Адам ӕмӕ Евӕйы, ӕнустӕм цӕрынӕн кӕй сфӕлдыста ӕмӕ сын кӕй загъта, цы сӕ хъуыд аразын, цӕмӕй ӕнусон цардӕй ӕнӕхай ма фӕуыдаиккой. Фӕлӕ уыдон Хуыцауы коммӕ нӕ бакастысты, ӕмӕ уыцы цардӕй ӕнӕхай фесты. Хабар афтӕ хуымӕтӕг фыст у, ӕмӕ йӕ чидӕртӕ таурӕгътыл нымайынц. Фӕлӕ ис фаг бӕлвырдгӕнӕнтӕ, Евангелитау, Райдианы чиныджы хабӕрттӕ дӕр ӕцӕг кӕй сты *.

Адамы йӕ ӕгоммӕгӕсдзинад цӕмӕ ӕркодта? Библи уымӕн дзуапп дӕтты: «Иу адӕймаджы [Адамы] аххосӕй дунемӕ ӕрцыд тӕригъӕд, тӕригъӕды уылты та – мӕлӕт, ӕмӕ афтӕмӕй мӕлӕт ахӕлиу ӕппӕт адӕмыл дӕр, уымӕн ӕмӕ иууылдӕр ракодтой тӕригъӕд» (Ромӕгтӕм 5:12). Адам Хуыцаумӕ кӕй нӕ байхъуыста, уымӕй ракодта тӕригъӕд. Афтӕмӕй йын ӕнустӕм цӕрыны бар нал уыд, ӕмӕ ӕппынфӕстаг амард. Мах йӕ байзӕддӕгтӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ тӕригъӕд нӕ туджы рахастам. Уый аххосӕй рынчын кӕнӕм, зӕронд кӕнӕм ӕмӕ мӕлӕм. Ахуыргӕндтӕ дӕр куыд сбӕрӕг кодтой, афтӕмӕй сывӕллӕттӕ сӕ ныййарджытӕй сӕ туджы рахӕссынц цавӕрдӕр миниуджытӕ. Уымӕ гӕсгӕ, цӕмӕн мӕлӕм, уый Библи куыд ӕмбарын кӕны, уым диссагӕй ницы ис. Фӕлӕ цымӕ Хуыцау уавӕр сраст кӕныны тыххӕй исты сарӕзта?

ХУЫЦАУ ЦЫ САРӔЗТА

Хуыцау сӕрмӕ-сӕр аргъ бафыста, цӕмӕй, Адам йӕ байзӕддӕгты ӕнӕхай цӕмӕй фӕкодта, уымӕй сын ногӕй ныфс фӕзындаид, бӕлвырдӕй та – ӕнусон цардӕй. Уый тыххӕй цы сарӕзта?

Библийы Ромӕгтӕм 6:23 стихы фыст ис: «Тӕригъӕд фиды мӕлӕтӕй». Уӕдӕ адӕм мӕлынц тӕригъӕды аххосӕй. Адам тӕригъӕд ракодта, ӕмӕ амард. Афтӕ мах дӕр, тӕригъӕдтӕ аразӕм, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ мӕлӕтӕй хызт не стӕм. Фӕлӕ мах райгуырдыстӕм тӕригъӕдджынтӕй, ӕмӕ уый нӕхи аххос нӕу. Уымӕ гӕсгӕ Хуыцау йӕ уарзон Фырт Йесойы рарвыста, цӕмӕй йӕ мӕлӕтӕй нӕ тӕригъӕдты тыххӕй бафыстаид. Уымӕн гӕнӕн куыд ис?

Йесойы мӕлӕты фӕрцы адӕмӕн сӕ бон у ӕнустӕм амондджынӕй цӕрын

Иу ӕххӕст адӕймаджы, Адамы, ӕгоммӕгӕсдзинады тыххӕй иууылдӕр тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕты уацары кӕй бахаудысты, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ иу ӕххӕст адӕймаг суанг мӕлӕты онг коммӕгӕс разындаид, цӕмӕй нӕ фервӕзын кодтаид. Библи уый афтӕ ӕмбарын кӕны: «Иу адӕймаг ӕгоммӕгӕс кӕй разынд, уый аххосӕй бирӕтӕ тӕригъӕдджынтӕ куыд систы, афтӕ, иу адӕймаг коммӕгӕс кӕй уыди, уый фӕрцы бирӕтӕ суыдзысты рӕстгӕнджытӕ» (Ромӕгтӕм 5:19). Йесо уыд уыцы «иу адӕймаг». Уый уӕлӕрвтӕй ӕрцыд, сси ӕххӕст адӕймаг * ӕмӕ мах тыххӕй амард. Уый фӕрцы нӕ бон у, цӕмӕй Хуыцауы цӕсты рӕстгӕнджытӕ уӕм ӕмӕ ӕнусон цардӕй схайджын уӕм.

ЙЕСО ЦӔМӔН ФӔХЪИЗӔМАР КОДТА ӔМӔ ЦӔМӔН АМАРД

Фӕлӕ цымӕ Йесо хъуамӕ ӕнӕмӕнгӕй амардаид? Цымӕ Ӕппӕтхъомысджын Хуыцауӕн йӕ бон нӕ уыд Адамы байзӕддӕгтӕн бар раттын, цӕмӕй ӕнустӕм цардаиккой? Уыд. Фӕлӕ уӕд уый ууыл дзурӕг уыдаид, ӕмӕ Хуыцау ахызт йӕхи закъоны сӕрты, тӕригъӕд фиды мӕлӕтӕй, зӕгъгӕ. Ӕмӕ уыцы закъон та цыдӕр хуымӕтӕг уагӕвӕрд нӕу, цӕмӕй йӕ аива, кӕд ӕй бафӕнда, уӕд. Уый у раст тӕрхоны бындур (Псалом 37:28).

Хуыцау ацы уавӕры йӕ закъон куы фехӕлдтаид, уӕд адӕм хъуыды кодтаиккой, ӕмӕ та ӕндӕр хатт дӕр афтӕ бакӕндзӕн. Фӕзындаид сӕм ахӕм фарстатӕ, зӕгъӕм, Адамы байзӕддӕгтӕй ӕнусон царды аккаг чи у, уый скъуыддзаг кӕнгӕйӕ ӕнӕзӕрдӕхудтӕй архайдзӕн? Цымӕ йӕ ныхас никуы фӕсайы? Хуыцау йӕ рӕстаг закъӕттӕ кӕй нӕ фехӕлдта, уый нӕ ныфс уадзы, алы хатт дӕр рӕстӕй кӕй архайдзӕн.

Хуыцау Йесойы нывондӕн кӕй ӕрхаста, уый фӕрцы адӕмӕн фӕндаг байгом кодта ӕнусон цардмӕ зӕххыл дзӕнӕты. Дӕ хъус-ма ӕрдар Йесойы ныхӕстӕм Иоанны 3:16 стихы: «Хуыцау дуне афтӕ тынг уарзы, ӕмӕ радта йӕ иунӕг Фырты, цӕмӕй йыл чидӕриддӕр ӕууӕнды, уый ма фесӕфа, фӕлӕ ӕнусон цардӕй хайджын уа». Уӕдӕ Йесо кӕй амард, уый ӕрмӕст ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ Йегъовӕ алкӕддӕр рӕстӕй архайы, фӕлӕ ма адӕмы тынг кӕй уарзы, ууыл дӕр.

Фӕлӕ Йесойы ахӕм хъизӕмайраг мардӕй амӕлын цӕмӕн бахъуыд? Хӕйрӕджы мӕнг ныхасӕн, адӕймаг зындзинӕдтӕ ӕвзаргӕйӕ Хуыцауыл йӕ къух сисдзӕн, зӕгъгӕ, Йесо бӕлвырд дзуапп радта, стыр фӕлварӕнты дӕр иузӕрдионӕй кӕй баззад, уымӕй (Иов 2:4, 5). Сайтан Адамы кӕй фӕрӕдийын кодта, уый тыххӕй, чи зоны, исчи ахъуыды кӕна, зӕгъгӕ, мӕнгӕй ницы загъта. Йесо дӕр Адамау уыди ӕххӕст адӕймаг, фӕлӕ уымӕй уӕлдай Йесо мӕлӕты онг дӕр коммӕгӕс уыди, кӕд тынг хъизӕмар кодта, уӕддӕр (1 Коринфӕгтӕм 15:45). Афтӕмӕй сбӕлвырд кодта, Адамӕн дӕр йӕ бон кӕй суыдаид иузӕрдионӕй баззайын, куы йӕ бафӕндыдаид, уӕд. Йесо фӕлварӕнты фидар кӕй фӕлӕууыд, уымӕй нын у фӕзминаг (1 Петры 2:21). Хуыцау йӕ Фыртӕн йӕ коммӕгӕсдзинады тыххӕй раарфӕ кодта – балӕвар ын кодта ӕнӕмӕлгӕ цард уӕлӕрвты.

УЫЙ ДӔУӔН ЦЫ ПАЙДА У

Йесо мах тыххӕй кӕй амард, уый ӕцӕг хабар у. Уӕдӕ ӕнӕкӕрон цардмӕ фӕндаг гом у! Нӕ дӕ фӕнды ӕнустӕм цӕрын? Йесо бамбарын кодта, уый тыххӕй нӕ цы аразын хъӕуы, уый: «Цӕмӕй адӕймаг ӕнустӕм цӕра, уый тыххӕй хъуамӕ базона дӕу, иунӕг ӕцӕг Хуыцауы, ӕмӕ ды кӕй рарвыстай, уыцы Йесо Чырыстийы» (Иоанны 17:3).

Ацы брошюрӕ чи уадзы, уыдоны фӕнды, цӕмӕй фылдӕр базонай ӕцӕг Хуыцау Йегъовӕйы ӕмӕ йӕ Фырт Йесо Чырыстийы тыххӕй. Уыцы хъуыддаджы дын Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕхсызгонӕй баххуыс кӕндзысты. Фылдӕр базонын ма дӕ бон у нӕ сайтӕй.

^ 8 абз. Кӕс «Понимание Писания», статья «Бытие, книга Библии», дӕлсӕргонд «Историчность Бытия». Рауагътой йӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

^ 13 абз. Хуыцау йӕ Фырты цард уӕлӕрвтӕй рахаста Марийӕйы хуылфмӕ. Хуыцауы сыгъдӕг тых Йесойы бахъахъхъӕдта, цӕмӕй Марийӕйӕ ӕнӕххӕстдзинад йӕ туджы ма рахастаид (Лукайы 1:31, 35).