Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийыл ӕнувыд куы вӕййынц, уӕд сын уый науӕнгуырау феххуыс кӕны, цӕмӕй царды тыхдымгӕты сӕ бинонты цард ма фехӕла

ЦАРДӔМБӔЛТТӔН

1. Кӕрӕдзийыл ӕнувыд ут

1. Кӕрӕдзийыл ӕнувыд ут

УЫЙ ЦЫ НЫСАН КӔНЫ

Кӕрӕдзийыл ӕнувыд чи сты, ахӕм лӕг ӕмӕ ус сӕ бинонты цардмӕ иу боны цӕстӕй нӕ кӕсынц. Ӕмӕ уый фӕрцы сӕ ныфс кӕрӕдзийыл фидарӕй дарынц. Ничи сӕ тӕрсы, йӕ цардӕмбал ӕй кӕй ныууадздзӕн, суанг зындзинӕдты рӕстӕг дӕр.

Иуӕй-иутӕ иумӕ фӕцӕрынц, уымӕн ӕмӕ фӕтӕрсынц, куы ахицӕн уой, уӕд сыл сӕ зонгӕтӕ кӕнӕ сӕ хиуӕттӕ куы худой кӕнӕ сын куы уайдзӕф кӕной. Фӕлӕ бирӕ хуыздӕр вӕййы, иумӕ куы фӕцӕрынц, кӕрӕдзи кӕй уарзынц ӕмӕ кӕрӕдзийӕн кӕй аргъ кӕнынц, уый тыххӕй.

БИБЛИЙЫ УАГӔВӔРД: «Лӕг... йӕ усы ма ныууадзӕд» (1 Коринфӕгтӕм 7:11).

«Дӕ цардӕмбалыл ӕнувыд куы уай, уӕд-иу ӕм уайтагъд нӕ фӕтӕргай уыдзынӕ. Стӕй ныххатыр кӕныныл ӕмӕ хатыр ракурыныл фӕстӕ нӕ кӕндзынӕ. Зындзинӕдтӕ дын уыдзысты цӕлхдурты хуызӕн, йӕ сӕрты ахизӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм хохы хуызӕн нӕ, фӕлӕ» (Майк).

УЫЙ АХСДЖИАГ ЦӔМӔН У

Кӕрӕдзийыл ӕнувыд чи нӕу, ахӕм лӕг ӕмӕ ус зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлынц, уӕд арӕхдӕр фӕзӕгъынц: «Нӕ цард иумӕ нӕ ацӕудзӕн». Ӕмӕ фӕхъуыды кӕнынц, куыд ахицӕн уой, ууыл.

«Бирӕтӕ ус ракурыны кӕнӕ чындзы ацӕуыны размӕ фӕхъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ, мыййаг исты, уӕд ахицӕн уыдзыстӕм. Афтӕ чи фӕхъуыды кӕны, уыдон райдианӕй дӕр кӕрӕдзийыл ӕнувыд нӕ вӕййынц» (Джен).

ЦЫ ИС САРАЗӔН

АХЪУЫДЫ КӔН

Истӕуыл куы фӕбыцӕу вӕййут, уӕд...

  • мыййаг фӕфӕсмон кӕныс, дӕ цард йемӕ кӕй баиу кодтай?

  • мыййаг ӕндӕр искӕуыл фӕхъуыды кӕныс, уыимӕ мын хуыздӕр уыдаид, зӕгъгӕ?

  • мыййаг фӕзӕгъыс: «Ныууадздзынӕн дӕ!» кӕнӕ «Чи мын аргъ кӕна, ахӕм ссардзынӕн»?

Кӕд ацы фарстатӕй иуӕн кӕнӕ фылдӕрӕн, о, зӕгъгӕ, загътай, уӕд уӕ хъӕуы бацархайын, цӕмӕй кӕрӕдзийыл ӕнувыд уат.

ДӔ ЦАРДӔМБАЛИМӔ АНЫХАС КӔН

  • Мыййаг, кӕрӕдзийыл раздӕрау ӕнувыд нал стӕм? Кӕд афтӕ у, уӕд цӕуылнӕуал?

  • Нӕ бон цы у саразын, цӕмӕй та раздӕрау кӕрӕдзийыл ӕнувыд уӕм?

УЫНАФФӔТӔ

  • Дӕ цардӕмбалмӕ-иу рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ запискӕ афысс. Ныффысс-иу дзы, куыд тынг ӕй уарзыс, уый тыххӕй.

  • Дӕ цардӕмбалы къамтӕ-иу, кӕм кусыс, уым дӕ разы стъолыл сӕвӕр, цӕмӕй иууылдӕр уыной, куыд тынг ӕнувыд ыл дӕ, уый.

  • Куысты кӕнӕ-иу ӕндӕр искуы куы уай, уӕд-иу дӕ цардӕмбалмӕ телефонӕй бадзур.

БИБЛИЙЫ УАГӔВӔРД: «Хуыцау цы баиу кодта, уый адӕймаг ма ахицӕн кӕнӕд» (Матфейы 19:6).