Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Галиуырдыгӕй рахизырдӕм: Марсело, Йомарӕ ӕмӕ Ивер. Алкӕмӕ дӕр дзы ис «Ног дунейы тӕлмац»-ы томтӕй иу (испайнаг ӕвзагыл, Брайлы шрифтыл)

Федтой ӕцӕг уарзондзинад

Федтой ӕцӕг уарзондзинад

ЙОМАРӔ ӕмӕ йӕ дыууӕ ӕфсымӕры, Марсело ӕмӕ Ивер, цӕрынц Гватемалӕйы, иу гыццыл хъӕуы. Йомарӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдта. Уый фӕстӕ та йе ’фсымӕртӕ дӕр райдыдтой ахуыр кӕнын. Фӕлӕ сын уый афтӕ ӕнцон нӕ уыд. Ӕртӕйӕ дӕр сты куырм, ӕмӕ Брайлы шрифтыл дӕр кӕсын нӕ зыдтой. Ӕмӕ, семӕ цы ’фсымӕр ахуыр кодта, уый-иу сын абзацтӕ ӕмӕ стихтӕ хъӕрӕй бакаст.

Ӕмбырдтӕм цӕуын дӕр сын ӕнцон нӕ уыд. Паддзахады залмӕ сӕ хъуыди 40 минуты цӕуын, ӕмӕ-иу сӕхи бон нӕ уыд ацӕуын. Фӕлӕ сын ӕфсымӕртӕ ӕххуыс кодтой, цӕмӕй алы ӕмбырдмӕ дӕр цыдаиккой. «Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад» чи хуыйны, уыцы фембӕлды сын хӕслӕвӕрдтӕ дӕттын куы райдыдтой, уӕд та сын хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ ӕххуыс кодтой, цӕмӕй-иу, цы дзурдзысты, уый бахъуыды кодтаиккой.

2019 азы майы сӕ хъӕуы дӕр ӕмбырдтӕ уадзын райдыдтой. Уӕдмӕ сӕм уырдӕм ралыгъдысты иу лӕг ӕмӕ ус, лӕггад кодтой пионертӕй. Уыдон сфӕнд кодтой Йомарӕйы, Марселойы ӕмӕ Иверы Брайлы шрифтыл кӕсын ӕмӕ фыссын сахуыр кӕнын, кӕд сӕхӕдӕг уыцы шрифт нӕ зыдтой, уӕддӕр. Гъемӕ библиотекӕмӕ ацыдысты ӕмӕ Брайлы шрифты тыххӕй чингуытӕ райстой. Хъуамӕ базыдтаиккой, куыд ӕй ис иннӕтӕн бацамонӕн, уый.

Марсело ӕмбырды дзуапп дӕтты

Цалдӕр мӕймӕ Йомарӕ ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ Брайлы шрифтыл кӕсын сахуыр сты, ӕмӕ уый фӕрцы Йегъовӕмӕ ноджы тынгдӕр баввахс сты. Ныр Йомарӕ, Марсело ӕмӕ Ивер лӕггад кӕнынц пионертӕй. Марсело ма у кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕр дӕр. Алы бон дӕр Хуыцауы хъуыддӕгты тынг зӕрдиагӕй фӕархайынц. Ӕмӕ уыдонмӕ кӕсгӕйӕ иннӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн дӕр сӕ зӕрдӕты зынг ссудзы.

Йомарӕ, Марсело ӕмӕ Ивер се ’мбырды хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй тынг бузныг сты, кӕй сын ӕххуыс кӕнынц, уый тыххӕй. Йомарӕ загъта: «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ нӕм фыццаг хатт куы ’рбацыдысты, уӕдӕй фӕстӕмӕ ӕвдисынц, ӕцӕгдӕр нӕ кӕй уарзынц». Марсело та загъта: «Ӕмбырды нын ис замманай ӕмбӕлттӕ. Стӕй нын ӕгас зӕххыл дӕр ис, кӕрӕдзийы тынг чи уарзы, ахӕм бинонтӕ». Йомарӕйы ӕмӕ йе ’фсымӕрты тынг фӕнды, Йегъовӕ зӕххӕй дзӕнӕт куыд скӕндзӕн, уый сӕхи цӕстӕй фенын. Ӕмӕ уымӕ тынг ӕнхъӕлмӕ кӕсынц! (Пс. 37:10, 11; Ис. 35:5).