Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Писмо Бенинӕй

«Ныр цы кӕндзынӕн?»

«Ныр цы кӕндзынӕн?»

УЫЦЫ райсом Ныгуылӕн Африкӕйы иннӕ райсомтӕй ницӕмӕй хицӕн кодта. Алырдыгӕй калд соусы ӕмӕ пырындзы хӕрзад тӕф. Сылгоймӕгтӕ, сӕ сӕрыл уӕззау уӕргътӕ, афтӕмӕй дыууӕрдӕм кодтой. Хъуысти зӕрдӕбын худт ӕмӕ базаргӕнджыты хъӕлӕба. Хур кӕд нырма ӕрӕджы скаст, уӕддӕр фыртӕвдӕй сулӕфӕнтӕ нӕ уыд.

Бенины урсцъар адӕмы хонынц Йово. Сывӕллӕттӕ сӕ куы фенынц, уӕд зарын ӕмӕ кафын райдайынц, цӕмӕй сын исты раттой. Сӕ зарӕг райдайы ахӕм ныхӕстӕй: «Йово, Йово, дӕ бон хорз». Фӕугӕ та сын кӕны афтӕ: «Нӕ концерты тыххӕй нын ницы ратдзынӕ?» Куы мӕ ауыдтой, уӕд мӕнӕн дӕр кафын ӕмӕ зарын райдыдтой. Ӕрмӕст дзы иу лӕппу нӕ зарыд. Ӕз дарддӕр мӕ фӕндаджы кой кодтой, уыцы лӕппу та мӕ фӕдыл цыд. Иу афон мын йӕ къухтӕй цыдӕртӕ амонын райдыдта. Ӕмӕ мӕм афтӕ фӕкаст, цыма къухӕйамонгӕ ӕвзагыл дзуры. Америкӕйы сахуыр кодтон дамгъӕтӕ америкаг къухӕйамонгӕ ӕвзагыл, фӕлӕ Бенины дзурынц французаг ӕвзагыл.

Куыддӕрты йын къухӕй бацамыдтон мӕ ном цы хуыйны, уый. Лӕппу йӕ мидбылты бахудт ӕмӕ йӕ цӕсгом ныррухс. Стӕй мын мӕ къухыл фӕхӕцыд ӕмӕ мӕ цалдӕр нарӕг уынджы уылты йӕ хӕдзармӕ ӕрбакодта. Сӕ хӕдзар уыд, Бенины адӕмӕн сӕ фылдӕрӕн цавӕр хӕдзӕрттӕ ис, ахӕм – блокӕй амад дыууӕ агъуысты. Йӕ бинонтӕ иууылдӕр ӕрбамбырд сты, се ’ппӕтдӕр дзырдтой къухӕйамонгӕ ӕвзагыл. Ӕз стыхстӕн, цы кодтаин, уый нӕ зыдтон. Мӕ ном сын бацамыдтон, стӕй сын гӕххӕттыл ныффыстон, миссионер кӕй дӕн, адӕмимӕ Библи кӕй ахуыр кӕнын ӕмӕ сӕм ногӕй кӕй ӕрбацӕудзынӕн. Хъусӕй чи хъуыста, уыцы сыхӕгтӕй чи ӕрбауад, уыдон дӕр сӕ сӕртӕ разыйы тылд бакодтой. Мӕхинымӕр хъуыды кодтон: «Ныр цы кӕндзынӕн?»

Нӕхимӕ куы ӕрбаздӕхтӕн, уӕд хъуыды кодтон: «Ау, ам иу ахӕм Йегъовӕйы Ӕвдисӕн дӕр нӕй, Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры, ома къуырматы хъустӕ байгом уыдзысты, зӕгъгӕ, уый адӕмӕн чи бамбарын кӕна?» (Исай 35:5). Куыд сбӕрӕг кодтон, афтӕмӕй Бенины, хъусӕй ӕппындӕр чи нӕ хъусы кӕнӕ ӕвзӕр чи хъусы, уыцы адӕм фӕстаг сфысты бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ сты 12 000. Куы йӕ базыдтон, къуырматы скъолаты французаг къухӕйамонгӕ ӕвзаг нӕ, фӕлӕ америкаг къухӕйамонгӕ ӕвзаг кӕй ахуыр кӕнынц, уый, уӕд мӕ дисӕн кӕрон нал уыд. Фӕлӕ мын тынг хъыг уыд, Бенины Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй америкаг къухӕйамонгӕ ӕвзаг кӕй ничи зоны, уый куы базыдтон, уӕд. Бынӕттон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй иуӕн загътон, зӕгъын, америкаг къухӕйамонгӕ ӕвзаг чи зоны, уыдонӕй исчи куы ӕрцӕуид, зӕгъгӕ. «Ӕмӕ ды ам нӕ дӕ?»– загъта мын уый. Ӕмӕ раст уыд! Ӕз рафыстон чиныг, цӕмӕй къухӕйамонгӕ ӕвзаг сахуыр кодтаин, стӕй, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ америкаг къухӕйамонгӕ ӕвзагыл кӕй рауагътой, ахӕм DVD-дисктӕ ныззаказ кодтон. Хуыцаумӕ ӕххуысы тыххӕй куывтон, ӕмӕ мын мӕ куывдтытӕ фехъуыста – Камерунӕй Бенинмӕ ӕрцыд, америкаг къухӕйамонгӕ ӕвзаг чи зыдта, иу ахӕм Йегъовӕйы Ӕвдисӕн.

Къухӕйамонгӕ ӕвзаг кӕй ахуыр кодтон, уый иууылдӕр базыдтой, ӕмӕ мын уӕд загътой, цӕмӕй бацыдаин Брисмӕ, нывгӕнӕгмӕ. Ӕмӕ йӕм ӕз дӕр ацыдтӕн. Йӕ кусӕн бынат арӕзт уыд пальмӕйы сыфтӕй кӕрӕдзийыл хуыдӕй, ӕмӕ кӕд уӕлдӕф тӕвд ӕмӕ уымӕл уыди, уӕддӕр уым уыд сатӕг. Брис уым куыста бирӕ азты дӕргъы, ӕмӕ-иу йӕ кисточкӕтӕ къултыл кӕй сӕрфта, уымӕ гӕсгӕ йын уыдысты арвӕрдынау хъулон-мулон. Брис дыууӕ бандонӕн сӕ рыгтӕ асӕрфта ӕмӕ мӕм цымыдис каст кодта, цӕмӕ ӕрбацыдтӕ, зӕгъгӕ. Ӕз диск плееры бавӕрдтон. Брис хӕстӕгдӕр ӕрбабадт, цӕмӕй йӕм экран хуыздӕр зындаид. Къухӕй мын ацамыдта, ӕмбарын дӕ, ӕмбарын, зӕгъгӕ. Сыхӕгты сывӕллӕттӕ дӕр ӕрбамбырд сты ӕмӕ уыдон дӕр сӕхи экранмӕ ивӕзтой. Иу лӕппу ма дзы афтӕ дӕр бакодта: «Дзургӕ кӕм нӕ кӕнынц, ахӕм киномӕ цӕмӕн кӕсынц?»

Уӕдӕй фӕстӕмӕ райдыдтон Брисмӕ цӕуын. Дискмӕ бакӕсынмӕ-иу чи ӕрбацыд, уыдон иу хаттӕй иннӕ хатмӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кодтой. Гыццыл фӕстӕдӕр Брис, стӕй ма ноджы чидӕртӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдтӕм цӕуын райдыдтой. Хъусӕй чи нӕ хъуыста, уыдонӕн-иу ӕмбырды кӕй тӕлмац кодтон, уый фӕрцы къухӕйамонгӕ ӕвзаг тагъддӕр сахуыр кодтон. Нӕ къорд куы фестырдӕр, уӕд мӕ суанг иннӕтӕ дӕр агурын райдыдтой. Иухатт мӕ машинӕйыл куы фӕцӕйцыдтӕн, уӕд мӕ размӕ фӕци дзӕгъӕл сӕгътӕ ӕмӕ хуытӕ. Цӕмӕй сӕ ма скъуырдтаин, уый тыххӕй фӕрсырдӕм фӕзылдтӕн, ӕмӕ дзыхъхъы ныххаудтӕн. Мӕ машинӕ цыма мӕсты сси, уыйау ныггуыв-гуыв кодта. Стӕй та ногӕй цыдӕр гуыпп фӕцыд. Ӕз фӕтарстӕн: «Ӕллӕх, мацы та дзы асӕтта!» Фӕлӕ дзы сӕтгӕ ницы акодта – хъусӕй чи нӕ хъуыста, иу ахӕм нӕлгоймаг мӕ фӕдыл лыгъд, ӕмӕ йӕм цӕмӕй акастаин, уый тыххӕй мын мӕ машинӕ ныххоста.

Къухӕйамонгӕ ӕвзагыл чи дзырдта, ахӕм къордтӕ фӕзынд ӕндӕр горӕтты дӕр. Ӕмӕ конгрессы къухӕйамонгӕ ӕвзагӕн сӕрмагонд сектор куы рахицӕн кодтой, уӕд мӕн дӕр тӕлмац кӕнынмӕ фӕхуыдтой. Сценӕмӕ куы рахызтӕн ӕмӕ, ӕфсымӕр йӕ раныхас кӕд райдайдзӕн, уымӕ куы ӕнхъӕлмӕ кастӕн, уӕд ӕвиппайды мӕ зӕрдыл ӕрбалӕууыд, ардӕм мӕ миссионерӕй куы снысан кодтой, уыцы рӕстӕг. Хъуыды-иу кодтон: «Ам, Африкӕйы, мӕ бон цы у аразын?» Адӕммӕ куы акастӕн, уӕд бамбӕрстон, мӕ фарстайӕн дзуапп кӕй ссардтон – хъусӕй чи нӕ хъусы, уыдонӕн ӕххуыс кӕнын. Уӕдӕй фӕстӕмӕ мӕм никуыуал фӕзынд ахӕм фарста: «Ныр цы кӕндзынӕн?»