Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

БИОГРАФИ

Лӕмӕгъ, фӕлӕ уӕддӕр тыхджын

Лӕмӕгъ, фӕлӕ уӕддӕр тыхджын

Мӕ уӕз у 29 килӕйы ӕмӕ ӕнӕ инвалиды коляскӕйӕ мӕ бон цӕуын нӕу. Чи мӕ фена, уый никуы зӕгъдзӕн, ӕмӕ тыхджын дӕн. Кӕд мӕ буар лӕмӕгъӕй-лӕмӕгъдӕр кӕны, уӕддӕр мӕ удыхъӕды фидардзинады руаджы цӕрын. Цӕй ӕмӕ уын радзурон, мӕ лӕмӕгъдзинӕдты фӕрцы куыд стыхджын дӕн.

Цӕуы мыл 4 азы

Мӕ сабийы бонтӕ куы ӕрхъуыды кӕнын, уӕд мӕ цӕстытыл ауайы, куыд амондджын уыдтӕн. Уыцы рӕстӕг мӕ ныййарджытимӕ цардыстӕм хъӕуы, Францийы хуссар хайы. Тынг уарзтон, мӕ фыд мын цы хъеллаугӕнӕн сарӕзта, ууыл бадын, стӕй цӕхӕрадоны разгъор-базгъор кӕнын. 1966 азы нӕм Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕрбацыдысты фыццаг хатт. Уӕдӕй фӕстӕмӕ-иу нӕ арӕх абӕрӕг кодтой ӕмӕ-иу мӕ фыдимӕ дзӕвгар фӕныхас кодтой. Авд мӕйы фӕстӕ йӕ бафӕндыд, цӕмӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕн суыдаид. Уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр мӕ мад дӕр сси Йегъовӕйы Ӕвдисӕн. Мӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ рӕвдыдцух никуы уыдтӕн.

Мӕ зындзинӕдтӕ райдыдтой, мӕ ныййарджыты райгуырӕн бӕстӕ Испанимӕ куы ӕрлыгъдыстӕм, уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр. Мӕ къухтӕ ӕмӕ мӕ фадхъултӕ ахӕм рыст кӕнын райдыдтой, ӕмӕ-иу мардтӕн. Дыууӕ азы дӕргъы мӕ цынӕхуызон дохтыр федта, ахӕм нал баззад. Ӕппынфӕстаг ссардтам иу зындгонд ревматологы. Куы мӕ федта, уӕд афтӕ бакодта: «Ӕгӕр уын байрӕджы». Мӕ мад кӕуын райдыдта. Дохтыр мӕ ныййарджытӕн загъта, артрит мын кӕй ис ӕмӕ мӕ иммунитет уыцы низы ныхмӕ нӕ тох кӕны, фӕлӕ ӕнӕниз хӕцъӕфтӕ сахъат кӕны, ӕмӕ уый тыххӕй мӕ къухты ӕмӕ мӕ къӕхты фӕкъӕдзгӕнӕнтӕ рӕсийынц ӕмӕ риссынц. Кӕд мыл дӕс азы йеддӕмӕ нӕ цыд ӕмӕ мын сӕ ныхӕстӕ ницӕуыл дзурӕг уыдысты, уӕддӕр ӕй бамбӕрстон, мӕ хабар хорз кӕй нӕ уыд.

Дохтыр мӕ ныййарджытӕн загъта, цӕмӕй мӕ акодтаиккой сывӕллӕтты санаторимӕ. Санаторимӕ куы ныххӕццӕ стӕм ӕмӕ йӕ куы ауыдтон, уӕд ӕрмӕст йӕ уындӕй дӕр мӕ зӕрдӕ бамӕгуыр. Фезмӕлын дӕр нӕ нӕ уагътой: ус-моладзантӕ мын мӕ дзыккутӕ акъуырдтой ӕмӕ мыл цыдӕр фыдуынд формӕ скодтой. Мӕ цӕссыгтӕ ныхъуыргӕйӕ хъуыды кодтон, ам куыд уыдзынӕн, зӕгъгӕ.

ЙЕГЪОВӔ МЫЛ КӔЙ ТЫХСТ, УЫЙ ӔМБӔРСТОН

Мӕ ныййарджытӕ мын мӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ дзырдтой, Йегъовӕйы фӕндон ӕххӕст кӕнын ӕппӕты сӕйраг кӕй у, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ, санаторийы цы католикон ӕгъдӕуттӕ уыд, уыдон нӕ ’ххӕст кодтон. Ус-моладзантӕ не ’мбӕрстой, афтӕ цӕмӕн кӕнын, уый. Йегъовӕйӕн-иу лӕгъстӕ кодтон, ма мӕ ныууадз, зӕгъгӕ, ӕмӕ йын йе ’ххуыс уайтагъд банкъардтон – афтӕ мӕм фӕкаст, цыма мӕ уарзӕгой фыдау йӕ хъӕбысы ӕрбакодта.

Мӕ ныййарджытӕн бар уыд, цӕмӕй-иу мӕ сабатбонты абӕрӕг кодтаиккой. Цӕмӕй мӕ уырнындзинад мӕ ӕрлӕмӕгъ уыдаид, уый тыххӕй-иу мын семӕ нӕ публикацитӕй цыдӕртӕ ’рбахастой. Сывӕллӕттӕн бар нӕ уыд, цӕмӕй сӕм сӕхи чингуытӕ уыдаид, фӕлӕ мӕн ус-моладзантӕ Библи дӕр ӕмӕ нӕ публикацитӕ кӕсын дӕр уагътой. Библи кастӕн алы бон дӕр. Стӕй-иу иннӕ чызджытӕн дӕр дзырдтон, зӕххыл Дзӕнӕт кӕй уыдзӕн ӕмӕ йыл адӕм ӕнустӕм ӕнӕнизӕй кӕй цӕрдзысты (Раргомад 21:3, 4). Кӕд-иу хатт ӕнкъард кодтон ӕмӕ-иу мӕхи иунӕг хатыдтӕн, уӕддӕр цин кодтон, мӕ уырнындзинад фидардӕр кӕй кодта ӕмӕ мӕ ныфс Йегъовӕйыл тынгдӕр дарын кӕй райдыдтон, ууыл.

Санаторийы цы ӕхсӕз мӕйы уыдтӕн, уыдон мыл ныддаргъ сты. Уый фӕстӕ мӕ дохтыртӕ нӕхимӕ арвыстой. Кӕд не сдзӕбӕх дӕн, уӕддӕр тынг цин кодтон, фӕстӕмӕ та мӕ ныййарджытимӕ кӕй уыдтӕн. Фӕлӕ мӕ къухты ӕмӕ мӕ къӕхты фӕкъӕдзгӕнӕнтӕ тынгдӕр ныззылын сты ӕмӕ мын тынгдӕр риссын райдыдтой. Мӕ рӕзгӕ кары уыдтӕн, зӕгъӕн дӕр куыд нӕй, афтӕ лӕмӕгъ. Ӕмӕ уӕддӕр, 14 азы мыл куы цыд, уӕд донаргъуыд райстон, ӕмӕ мӕхицӕн загътон, мӕ уавӕры мӕ бон цас у, уыйбӕрц кӕй лӕггад кӕндзынӕн мӕ уӕларвон Фыдӕн. Фӕлӕ-иу уӕддӕр иуӕй-иу хатт Йегъовӕйы не ’мбӕрстон. Куывтон-иу: «Ахӕм хабар мӕныл цӕмӕн ӕрцыд? Лӕгъстӕ дын кӕнын, сдзӕбӕх мӕ кӕн. Куыд удхар кӕнын, уый нӕ уыныс?».

Ме ’рыгон бонтӕ се ’нцонтӕй нӕ уыдысты. Бамбарын мӕ хъуыд, ме ’нӕниздзинад кӕй нӕ фӕхуыздӕр уыдзӕн. Ӕдзух-иу мӕхи ме ’нӕниз ӕмӕ хъӕлдзӕг ӕмбӕлттимӕ барстон. Мӕхимӕ-иу ӕппындӕр ницыуал кастӕн, ӕмӕ-иу мӕхимӕ хъусынтыл фӕдӕн. Фӕлӕ-иу мӕ ныййарджытӕ ӕмӕ ме ’мбӕлттӕ ӕдзух мӕ фарсмӕ балӕууыдысты. Ныр дӕр ма мын ӕхсызгон вӕййы Алисийӕйыл хъуыды кӕнын. Кӕд мӕ 20 азы хистӕр уыд, уӕддӕр уыд мӕ хуыздӕр ӕмбал. Алисийӕ мын баххуыс кодта, цӕмӕй мӕ низы тыххӕй ӕгӕр ма мӕт кодтаин ӕмӕ мӕ зындзинӕдтыл хъуыды кӕныны бӕсты фылдӕр хъуыды кодтаин иннӕтыл.

АРХАЙЫН, ЦӔМӔЙ МӔ ЦАРД ДЗӔГЪӔЛЫ МА УА

18 азы мыл куы цыд, уӕд мӕ уавӕр ноджы фыддӕр фӕци, ӕмӕ мын уый тыххӕй ӕмбырдтӕм цӕуын тынг зын уыд. Фӕлӕ-иу мӕ «уӕгъд рӕстӕгӕй» пайда кодтон, цӕмӕй-иу Библи лӕмбынӕг иртӕстаин. Псаломты ӕмӕ Иовы чиныджы фӕрцы бамбӕрстон, Йегъовӕ нын сӕйраджыдӕр нӕ уырнындзинадыл кӕй тыхсы, не ’нӕниздзинадыл нӕ, фӕлӕ. Йегъовӕмӕ-иу арӕх кӕй куывтон, уый фӕрцы схайджын дӕн, «адӕймагмӕ чи нӕй, ахӕм хъаруйӕ» ӕмӕ «Хуыцауы фарнӕй, зонд кӕуыл не ’ххӕссы, уыцы фарнӕй» (2 Коринфӕгтӕм 4:7; Филиппӕгтӕм 4:6, 7).

22 азы мыл куы сӕххӕст, уӕдӕй фӕстӕмӕ мӕ цард ӕрвитын инвалиды коляскӕйы. Фыццаг тарстӕн, адӕм мӕн кӕй нал уындзысты, фӕлӕ сахъат сылгоймаджы инвалиды коляскӕйы. Фӕлӕ ӕз «ӕлгъыстыл» цы нымадтон, уый мын арфӕдзинад сси – коляскӕйы кӕй бадтӕн, уый фӕрцы мӕ иннӕты ӕххуыс уыйбӕрц нал хъуыд. Ме ’мбал Изабель мын загъта, цӕмӕй иу мӕйы дӕргъы иумӕ 60 сахаты бӕрц хорз хабар хъусын кодтаиккам.

Фыццаг мӕм афтӕ фӕкаст, ӕмӕ уымӕн гӕнӕн нӕй. Фӕлӕ Йегъовӕмӕ кӕй куывтон, уый фӕрцы, стӕй мӕ ныййарджыты ӕмӕ ме ’мбӕлтты ӕххуысы фӕрцы мӕ нысан мӕ къухы бафтыд. Уыцы диссаджы мӕй куыд атахт, уый ӕмбаргӕ дӕр нӕ бакодтон. Стӕй ма иу хъуыддаг бафиппайдтон – нал тарстӕн ӕмӕ фӕныфсджындӕр дӕн. Уый мӕ зӕрдӕмӕ афтӕ тынг фӕцыд, ӕмӕ 1996 азы сфӕнд кодтон ӕххӕстрӕстӕг пионерӕй лӕггад кӕнын, ома алы мӕй дӕр 90 сахаты хорз хабар хъусын кӕнын. Уый уыди, мӕ царды цы хуыздӕр уынаффӕтӕ рахастон, уыдонӕй иу. Уый фӕрцы Хуыцаумӕ баввахс дӕн, стӕй уый ме ’нӕниздзинадыл дӕр хуыздӕрырдӕм фӕзынд. Мӕ бон уыд бирӕтӕн мӕ уырнындзинады тыххӕй радзурын ӕмӕ дзы иуӕй-иутӕн баххуыс кодтон, цӕмӕй Хуыцауы хӕлӕрттӕ суыдаиккой.

ЙЕГЪОВӔ МӔ НӔ НЫУУАГЪТА

2001 азы аварийы бахаудтӕн, ӕмӕ мӕ дыууӕ къахы дӕр асастысты. Рынчындоны сынтӕджы фыррыстӕй фӕцӕйӕрра кодтон ӕмӕ мӕхинымӕр Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кодтон: «Йегъовӕ, курын дӕ, ма мӕ ныууадз!». Мӕ фарсмӕ чи хуыссыд, уыцы сылгоймаг мӕ бафарста: «Мыййаг Йегъовӕйы Ӕвдисӕн нӕ дӕ?» Дзуапп ын радтаин, уый тых дӕр мӕм нӕ уыд, ӕмӕ мӕ сӕр разыйы тылд бакодтон. «Ӕз уӕ хорз зонын! Уӕ журналтӕ уын арӕх фӕкӕсын»,– загъта сылгоймаг. Уыцы ныхӕстӕ мӕ цас хъару бауагътой, уымӕн зӕгъӕн дӕр нӕй. Ахӕм уавӕры дӕр мӕ бон уыд Йегъовӕйы скадджын кӕнын. Цӕй стыр кад уыд уый мӕнӕн!

Гыццыл куы фӕхуыздӕр дӕн, уӕд мӕ бафӕндыд хорз хабар иннӕтӕн дӕр радзурын. Мӕ дыууӕ къахы гипсы, афтӕмӕй-иу мӕ мӕ мад инвалиды коляскӕйы рынчындоны ралас-балас кодта. Алы бон дӕр-иу цалдӕр рынчыны абӕрӕг кодтам, афарстам-иу сӕ, куыд стут, зӕгъгӕ, ӕмӕ-иу сын литературӕ ныууагътам. Кӕд-иу тынг бафӕлладтӕн, уӕддӕр мын Йегъовӕ фаг хъару лӕвӕрдта.

Мӕ ныййарджытимӕ 2003 азы

Фӕстаг цалдӕр азы мӕ рыстытӕ бынтон стынг сты, ӕмӕ ма сӕм ноджыдӕр иу бафтыд – мӕ фыд амард. Фӕлӕ уӕддӕр мӕ ныфс сӕттын нӕ уадзын. Уый тыххӕй цы аразын? Гӕнӕн мын куы вӕййы, уӕд фӕархайын, цӕмӕй мӕ рӕстӕг ме ’мбӕлттимӕ ӕмӕ мӕ хиуӕттимӕ ӕрвитон. Уый фӕрцы мӕ мӕ зындзинӕдтӕ айрох вӕййынц. Иунӕгӕй куы вӕййын, уӕд та фӕкӕсын, Библи фӕиртасын кӕнӕ адӕмимӕ Хуыцауы тыххӕй телефонӕй фӕныхас кӕнын.

Арӕх мӕ цӕстытӕ сӕхгӕнын ӕмӕ мӕ «рудзынг» байгом кӕнын – Хуыцау зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы ног дуне мӕ цӕстытыл ауайын кӕнын

Архайын ма, цӕмӕй-иу цыфӕнды хуымӕтӕг хъуыддӕгтыл дӕр цин кӕнон, зӕгъӕм, мӕ цӕсгомыл рог дымгӕ куы андзӕвы кӕнӕ та мӕ фындзыл дидинджыты адджын тӕф куы ауайы. Уыдӕтты тыххӕй Хуыцауӕй бузныг вӕййын. Стӕй, адӕймаг истӕуыл ахудын куы зона, уӕд уый дӕр стыр ӕххуыс куыннӕ у! Иухатт ме ’мбалимӕ хъусын кодтам ӕмӕ мӕ коляскӕйы уый ласта, фӕлӕ иу ран цыдӕр афыссыны тыххӕй куы ӕрлӕууыд, уӕд мӕ коляскӕ ӕнӕнхъӕлӕджы дӕлӕмӕ атылд ӕмӕ мӕхи машинӕйыл скъуырдтон. Фыццаг тынг фӕтарстыстӕм, фӕлӕ мын кӕй ницы уыд, уый куы бамбӕрстам, уӕд дзӕбӕх фӕхудтыстӕм.

Бирӕ цыдӕртӕ нырма нӕу мӕ бон аразын. Ӕз сӕ хонын «мӕ фидӕны фӕндтӕ». Арӕх мӕ цӕстытӕ сӕхгӕнын ӕмӕ мӕ «рудзынг» байгом кӕнын – Хуыцау зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы ног дуне мӕ цӕстытыл ауайын кӕнын (2 Петры 3:13). Мӕ цӕстытыл фӕуайы, ӕнӕниз кӕй дӕн, кӕй рацу-бацу кӕнын ӕмӕ цардӕй мӕ мондӕгтӕ кӕй исын. Стыр ӕххуыс ма мын сты паддзах Давиды ныхӕстӕ: «Дӕ ныфс дар Йегъовӕйыл, хъӕбатыр у ӕмӕ дӕ зӕрдӕ фидар уӕд» (Псалом 27:14). Кӕд мӕ буар лӕмӕгъӕй-лӕмӕгъдӕр кӕны, уӕддӕр мӕ Йегъовӕ фидар кӕны. Кӕд лӕмӕгъ дӕн, уӕддӕр дӕн тыхджын.