Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

 СӔЙРАГ ТЕМӔ | БАВВАХС У ХУЫЦАУМӔ

Хуыцауимӕ фӕныхас кӕныс?

Хуыцауимӕ фӕныхас кӕныс?

Ӕввахс ӕмбӕлттӕ, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, фӕархайынц, цӕмӕй арӕхдӕр ныхас кӕной, ӕмӕ уӕлдай нӕу, лӕгӕй-лӕгмӕ, телефонӕй, электрон почтӕйы, видеобастдзинады кӕнӕ писмоты уылты. Уӕдӕ цӕмӕй мах дӕр Хуыцауы ӕмбӕлттӕ суӕм, уый тыххӕй хъуамӕ йемӕ ныхас кӕнӕм. Фӕлӕ куыд?

Нӕ бон у Йегъовӕимӕ ныхас кӕнын куывды уылты. Фӕлӕ Хуыцаумӕ скувын, де ’мсӕр адӕймагимӕ куыд аныхӕстӕ кӕнай, уый хуызӕн нӕу. Нӕ зӕрдыл хъуамӕ дарӕм уый, ӕмӕ кувгӕ-кувын, мах Сфӕлдисӕг ӕмӕ Дунедарӕг Хуыцауимӕ кӕй фӕныхӕстӕ кӕнӕм. Уый тыххӕй та хъуамӕ ныхас кӕнӕм тынг уӕзданӕй ӕмӕ аргъуыц кӕнгӕйӕ. Цӕмӕй нын Хуыцау нӕ куывдтытӕ фехъуса, уый тыххӕй хъуамӕ бӕлвырд домӕнты аккаг уӕм. Мӕнӕ дзы ӕртӕ.

Фыццаг уый, ӕмӕ хъуамӕ кувӕм ӕрмӕстдӕр Йегъовӕ Хуыцаумӕ – нӕдӕр Чырыстимӕ, нӕдӕр «сыгъдӕджытӕм» ӕмӕ нӕдӕр нывтӕм (Рацыд 20:4, 5). Библийы комкоммӕ фыст ис: «Алы уавӕры дӕр Хуыцаумӕ кувут, лӕгъстӕ йын кӕнут, бузныг ын дзурут ӕмӕ дзы афтӕмӕй курут, цы уӕ хъӕуы, уый» (Филиппӕгтӕм 4:6). Дыккаг уый, ӕмӕ хъуамӕ кувӕм Хуыцауы Фырт, Йесо Чырыстийы номӕй. Уыцы хъуыддаг Чырысти йӕхӕдӕг бамбарын кодта: «Мӕ Фыдмӕ мӕн уылты йеддӕмӕ ӕрцӕуӕн никӕуылты ис» (Иоанны 14:6). Ӕртыккаг та, хъуамӕ нӕ куывдтытӕ баст уой Хуыцауы фӕндонимӕ. Библи зӕгъы: «Йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ цыфӕнды ма ракурӕм,– хъусы нӕ» (1 Иоанны 5:14).

Ӕввахс ӕмбӕлттӕ уарзынц кӕрӕдзиимӕ ныхас кӕнын

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕмбӕлттӕй ӕрмӕст иу куы фӕдзуры, уӕд кӕрӕдзийӕ адард вӕййынц. Ӕмбӕлттӕ куы фӕныхас кӕнынц, уӕд уый монолог хъуамӕ ма уа, фӕлӕ диалог. Мах дӕр хъуамӕ Хуыцауӕн дзырды бар дӕттӕм ӕмӕ йӕм хъусгӕ дӕр кӕнӕм. Зоныс ӕй, Хуыцау немӕ куыд фӕдзуры?

Абон Йегъовӕ Хуыцау немӕ «дзуры» йӕ Ныхас Библийы уылты (2 Тимофеймӕ 3:16, 17). Нӕ бон афтӕ зӕгъын цӕмӕн у? Ӕркӕсӕм иу цӕвиттонмӕ. Зӕгъӕм, де ’ввахс ӕмбалӕй писмо райстай. Куы йӕ бакастӕ, уӕд иннӕтӕн цингӕнгӕйӕ дзурыс: «Мӕнӕ ма мын ме ’мбал цы радзырдта!» Фӕлӕ де ’мбалимӕ нӕ ныхас кодтай, ӕрмӕст ын йӕ ныхӕстӕ бакастӕ. Раст афтӕ Библи куы кӕсай, уӕд Йегъовӕйӕн бар дӕттыс, цӕмӕй демӕ ныхас кӕна. Фыццаг статьяйы кӕй ныхӕстӕ фыст уыдысты, уыцы Джинӕ дзуры: «Мӕнмӕ гӕсгӕ мӕ цӕмӕй Хуыцау йӕ хӕларыл нымайа, уый тыххӕй йын хъуамӕ иртасон йӕ „писмо“ – Библи». Стӕй ма афтӕ дӕр загъта: «Библи алы бон дӕр кӕй кастӕн, уый фӕрцы Хуыцаумӕ баввахсдӕр дӕн». Йегъовӕйӕн алы бон дӕр уемӕ ныхас кӕныны бар дӕттут, ома йын йӕ Ныхас Библи алы бон дӕр кӕсут? Уый фӕрцы йӕм ноджы тынгдӕр баввахс уыдзыстут.