Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

СӔЙРАГ ТЕМӔ | ЦЫ ИС САРАЗӔН, ЦӔМӔЙ КЪАДДӔР МӔТ КӔНӔМ?

Ӕхцахъуаг куы ӕййафӕм

Ӕхцахъуаг куы ӕййафӕм

«Инфляцийы аххосӕй нӕ бӕстӕйы хӕринаг тынг сзынаргъ ӕмӕ йе ссарын дӕр зын уыд,– зӕгъы Пол, ис ын ус ӕмӕ дыууӕ сывӕллоны.– Хӕринагмӕ-иу рады сахатгай фӕлӕууыдыстӕм, фӕлӕ-иу нӕм арӕх хаугӕ дӕр нал ӕркодта. Адӕмыл царм ӕмӕ стджытӕ йеддӕмӕ ницыуал баззад, чидӕртӕ та-иу фырӕххормагӕй уынджы дӕр ахаудысты. Адӕймаджы ӕнӕмӕнгӕй цы хъӕуы, уыдӕттӕн сӕ ӕргътӕ фыццаг схызтысты милуантӕм, стӕй та – миллиардтӕм. Фӕстагмӕ ӕхцайы ӕппындӕр кад нал уыд. Банчы мын цы ӕхца уыд, уый дӕр, стӕй мӕ страховкӕ ӕмӕ мӕ пенси дӕр фесӕфтысты».

Пол

Пол ӕмбӕрста, цӕмӕй йӕ бинонтӕ ӕххормагӕй ма амардаиккой, уый тыххӕй йӕ кӕй хъуыди «куырыхон зондӕй» архайын (Ӕмбисӕндтӕ 3:21). «Ӕз уыдтӕн электрик, фӕлӕ-иу цыфӕнды куыстыл дӕр сразы дӕн, кӕд-иу мын тынг гыццыл бафыстой, уӕддӕр,– зӕгъы Пол.– Мызд-иу мын радтой кӕнӕ хӕринагӕй, кӕнӕ хӕдзары дзауматӕй. Цыппар сапоны къӕрттӕй-иу мын ӕй куы радтой, уӕд-иу дзы дыууӕ нӕхицӕн ныууагътон, дыууӕ та-иу дзы уӕй акодтон. Ӕппынфӕстаг балхӕдтон 40 карчы цъиуы. Куы сыстыр сты, уӕд сӕ ауӕй кодтон ӕмӕ балхӕдтон 300 цъиуы. Фӕстӕдӕр 50 цъиуы баивтон дыууӕ стыр нартхоры ссады голлагыл. Уыцы ссадӕй бирӕ рӕстӕг фӕцардыстӕм нӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ ма ноджыдӕр цалдӕр бинонтӕ».

Пол ма зыдта уый дӕр, ӕмӕ Хуыцауыл дӕ ныфс дарай, уый зондыл дзурӕг кӕй у. Хуыцау нын цы дзуры, уый куы аразӕм, уӕд нын ӕххуыс кӕндзӕн. Цӕмӕй нӕ царды ӕнӕмӕнг цы хъӕуы, уыдӕттӕй цух ма уӕм, уый тыххӕй Йесо Чырысти загъта: «Мауал тыхсут ӕмӕ мауал мӕт кӕнут, уымӕн ӕмӕ... уӕ Фыд зоны, уыдӕттӕ уӕ кӕй хъӕуынц» (Лукайы 12:29–31).

Хъыгагӕн, Хуыцауы сӕйраг знаг, Хӕйрӕг, адӕмӕн сӕ фылдӕры фӕсайдта, ӕмӕ сӕ ахӕм зондыл сарӕзта, цӕмӕй ӕрмӕстдӕр сӕ царды кой кӕной. Хатт адӕм ӕгӕр фӕтыхсынц, ӕцӕг сӕ цы фӕхъӕуы кӕнӕ сӕ ӕнӕмӕнг цы нӕ фӕхъӕуы, уыдӕттыл. Сӕ сӕйраг мӕт вӕййы, ӕнӕмӕнг сӕ чи нӕ хъӕуы, уыцы дзаумӕттӕ сӕ къухы куыд бафтой, уый. Бирӕтӕ хӕстӕ райсынц ӕмӕ сӕхиуыл бавзарынц, ӕфстау чи райста, уый ӕцӕгдӕр ӕфстаудӕттӕджы цагъар кӕй свӕййы (Ӕмбисӕндтӕ 22:7).

Иуӕй-иутӕ ахӕм уынаффӕтӕ рахӕссынц, ӕмӕ фӕсмойнаг фӕвӕййынц. «Нӕ сыхӕгтӕй бирӕтӕ сӕ бинонты ӕмӕ се ’мбӕлтты ныууагътой, ӕмӕ хуыздӕр цард агурӕг фӕсарӕнтӕм ацыдысты,– зӕгъы Пол.– Чидӕртӕ сӕ ацыдысты, сӕ гӕххӕттытӕ не скодтой, афтӕмӕй ӕмӕ сӕ бон куыст ссарын не сси. Арӕх-иу пъӕлицӕйӕ ӕмбӕхстысты ӕмӕ-иу уынгты фынӕй кодтой. Уыдон Хуыцауӕн фадат нӕ радтой, цӕмӕй сын баххуыс кодтаид. Фӕлӕ мах загътам, зӕгъгӕ, нӕ бинонтӕй ничи никуыдӕм ацӕудзӕн – Хуыцауы фӕрцы исты амӕлттӕ кӕндзыстӕм».

ЙЕСОЙЫ УЫНАФФӔМӔ ГӔСГӔ АРХАЙЫН

Пол дарддӕр дзуры: «Йесо загъта: „Райсом цы уыдзӕн, ууыл макуы катай кӕнут, уымӕн ӕмӕ райсомы бонӕн уыдзӕн йӕхи катӕйттӕ. Алы бонӕн дӕр йӕхи зындзинӕдтӕ фаг сты“. Уымӕ гӕсгӕ алы бон дӕр Хуыцауӕн лӕгъстӕ кодтон, цӕмӕй нын уыцы боны фаг къӕбӕр радтаид, ӕмӕ сыдӕй ма амардаиккам. Ӕмӕ нын ӕххуыс дӕр кодта, Йесо зӕрдӕ куыд бавӕрдта, афтӕ. Цы хӕринаг уарзтам, уый-иу алы хатт нӕ къухы нӕ бафтыд. Иухатт рады слӕууыдтӕн, фӕлӕ, цы уӕй кодтой, уый нӕ зыдтон. Мӕ рад куы ӕрхӕццӕ, уӕд федтон, йогурттӕ кӕй уӕй кодтой. Йогурт нӕ уарзын. Фӕлӕ уый дӕр хӕринаг у, ӕмӕ уыцы изӕр йогурт бахордтам. Хуыцауӕн стыр бузныг зӕгъын, уыцы рӕстӕджы дӕргъы мӕ бинонтӕ ӕххормагӕй кӕй никуы схуыссыдысты *.

Хуыцау нын зӕрдӕ ӕвӕры: «Никуы дӕ ныууадздзынӕн ӕмӕ дӕ никуы ферох кӕндзынӕн» (Дзуттӕгтӕм 13:5)

Ныр афтӕ тыхст нал стӕм. Фӕлӕ нӕхиуыл цы бавзӕрстам, уымӕй сахуыр стӕм иу хъуыддагыл: цӕмӕй адӕймаг ӕгӕр ма тыхса, уый тыххӕй хъуамӕ йӕ ныфс дара Хуыцауыл. Цалынмӕ Йегъовӕйы * фӕндон ӕххӕст кӕнӕм, уӕдмӕ нын ӕххуыс кӕндзӕн. Нӕхицӕй йӕ зонӕм, Псаломы 34:8 стихы ныхӕстӕ раст кӕй сты: „Бафӕлварут ӕмӕ базонут, Йегъовӕ куыд хорз у, уый. Амондджын у уыцы адӕймаг, йӕхи йе уазӕг чи бакодта“. Ногӕй ма ахӕм зын уавӕры куы бахауӕм, уӕд нал фӕтыхсдзыстӕм.

Хуыцау йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн ӕххуыс кӕны, цӕмӕй сын алы бон дӕр къӕбӕр уа

Ныр ӕй хорз ӕмбарӕм, цӕмӕй адӕймаг ма амӕла, уый тыххӕй йӕ куыст кӕнӕ ӕхца нӕ хъӕуы, фӕлӕ – хӕринаг. Мах бӕллӕм, Хуыцауы зӕрдӕвӕрдтӕ кӕд сӕххӕст уыдзысты, уыцы рӕстӕгмӕ: „Зӕххыл хор уыдзӕн парахат“. Ӕмӕ нын уӕдмӕ та „хӕрд, уӕлӕдарӕс ӕмӕ, кӕм цӕрӕм, уый куы уа, уӕд уый фагыл нымайӕм“. Нӕ ныфсыл нын ныфс ӕфтауынц Библийы ныхӕстӕ: „Царды мидӕг ӕхцауарзаг ма ут, цы уын ис, уый фагыл нымайут, уымӕн ӕмӕ Хуыцау йӕхӕдӕг афтӕ загъта: „Никуы дӕ ныууадздзынӕн ӕмӕ дӕ никуы ферох кӕндзынӕн“. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ нӕ бон у ныфсджынӕй зӕгъын: „Йегъовӕ у ме ’ххуысгӕнӕг, ӕмӕ ӕз ницӕмӕй фӕтӕрсдзынӕн“» *.

Цӕмӕй Пол ӕмӕ йӕ бинонтӕ Хуыцауимӕ цӕуой, уый тыххӕй сӕ хъӕуы фидар уырнындзинад (Райдиан 6:9). Ӕхца нын абон нӕ фаг кӕны ӕви нын райсом нӕ фаг кӕндзӕн – Пол фидар уырнындзинад куыд равдыста ӕмӕ, куырыхон зондӕй куыд архайдта, уымӕй бирӕ цӕуылдӕрты ахуыр кӕнӕм.

Фӕлӕ куыд кӕнгӕ у, нӕ бинонты мӕт нӕ куы хӕра, уӕд та?