Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Дӕ зӕрдӕйы фӕндтыл ма цу

Дӕ зӕрдӕйы фӕндтыл ма цу

Ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ ӕдзух архайӕм, цӕмӕй нӕ фӕндтыл нӕ бар цӕуа. Афтӕ куы нӕ кӕнӕм, уӕд Йегъовӕйы хорзӕхӕй ӕнӕхай фӕуыдзыстӕм. Зӕгъӕм, иуӕй-иутӕн хӕринӕгтӕ, дзаумӕттӕ ӕмӕ хӕдзӕрттӕ Хуыцауӕй ахсджиагдӕр свӕййынц. Иннӕтӕ та Хуыцауы уагӕвӕрдтӕ ницӕмӕ дарынц ӕмӕ сӕ буары монцты фӕдыл цӕуынц (Ро 1:26, 27). Чидӕртӕ та иннӕты зондыл ацӕуынц ӕмӕ ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ фӕаразынц, уымӕн ӕмӕ сӕ фӕфӕнды, цӕмӕй адӕмы зӕрдӕмӕ цӕуой ӕмӕ сӕ мацӕмӕй хицӕн кӕной (Рц 23:2).

Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй нӕ фӕндтыл нӕ бар цӕуа? Хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй не ’ргом здӕхт уа, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи цӕуы, уыцы хъуыддӕгтӕм (Мф 4:4). Стӕй хъуамӕ Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кӕнӕм, цӕмӕй нын ӕххуыс кӕна, ӕмӕ нӕ зӕрдӕйы фӕндты фӕдыл ма цӕуӕм. Йегъовӕ зоны, махӕн хуыздӕр цы уыдзӕн, уый ӕмӕ нӕм цы хорз фӕндтӕ ис, уыдон куыд хъӕуы сӕххӕст кӕнын, уый (Пс 145:16).

БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «ТАМАКО – ӔНӔНИЗДЗИНАДЫ ЗНАГ» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:

  • Иуӕй-иутӕ тамако цӕмӕн фӕдымынц?

  • Тамако цавӕр зиан хӕссы?

  • Тамако ӕмӕ электронон сигаретӕтӕ дымын раст цӕуылнӕ у? (2Кр 7:1).

  • Дӕ бон у, ӕмӕ тамакойыл фӕтых уай!

    Исчи дын куы дымын кӕна, уӕд дӕ бон куыд у бакӕнын? Тамако ныууадзын дӕ куы фӕнда, уӕд дӕ бон цы у саразын?