Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Цы равзарон

Цы равзарон

Рафыссын:

  1. 1. Бахаудтӕн ахсты,

    Нӕ зонын, цы ма кӕнон.

    Мӕ зӕрдӕ

    Схивӕнд ’цӕгдӕр,

    Ӕваст ыссыгъд уарзты арт.

  2. 2. Раст архайон,

    Уый мын нӕу ӕнцон.

    Нӕ мӕ фӕнды, фӕсмон кӕнон.

    Фӕкурын ӕз Хуыцауӕй зонд.

  3. 3. Куыд зын у зӕгъын «нӕ».

    Йӕ фӕдыл сайы мӕнгард зӕрдӕ.

    Рӕдийын мӕ кӕны, фӕлӕ

    Тых дӕтты Йегъовӕ мӕнӕн.

    БАЗАРД

    Уый мын дзуры: «Ӕз дӕ уарзын. Мӕ удӕн зынаргъ дӕ.

    Алкӕд дар мӕныл дӕ ныфс,

    Баххуыс дын кӕндзынӕн ӕз».

  4. 4. Нӕ зӕрдӕты абон тох цӕуы,

    Ӕмӕ уый ӕмбарын алкӕд хъӕуы.

    Зӕрдӕ фӕсайыныл архайы знаг.

    Фӕлӕ ’ппӕт дӕр у нӕ бар.

    Нӕ тохы сӕр у нӕ цард.

  5. 5. Алкӕд мын нӕ уыд ӕнцон.

    Фӕлӕ Йегъовӕмӕ хъуыстон.

    Радта мын Хуыцау тыхтӕ,

    Ӕмӕ ныр уӕлахиздзау дӕн.