Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

107 ЗАРӔГ

Хуыцауы уарзт – махӕн фӕзминаг

Хуыцауы уарзт – махӕн фӕзминаг

(1 Иоанны 4:19)

  1. 1. Йегъовӕ Хуыцау йӕ алы хъуыддагӕй

    Не ’ппӕтӕн, алкӕмӕн,

    Ӕвдисы йӕ уарзт, цӕмӕй мах дӕр алкӕд

    Афтӕ кӕнӕм – уарзгӕ цӕрӕм.

    Нывондӕн Хуыцау йӕ хъӕбулы ’рхаста,

    ’Мӕ адӕмӕн уӕд тӕригъӕд ныббарста.

    Дун-дунейы нӕй ӕмбал йе стыр уарзтӕн!

    Уый у ’цӕг уарзт, Хуыцауы стыр уарзт.

  2. 2. Хуыцауы фӕзмӕм – кӕрӕдзийы уарзӕм

    Алкӕддӕр, не ’ппӕт дӕр.

    Цӕстуарзонӕй мах ӕххуысы къух раттӕм

    Не ’мбӕлттӕм дӕр, иннӕтӕм дӕр.

    Хуыцауы ӕмӕ ӕфсымӕрты уарзӕм –

    Уый у ӕцӕг уарзт, бӕлвырд ӕй ӕмбарӕм.

    Кӕрӕдзийӕн мах зӕрдиагӕй барӕм.

    Уый у нӕ уарзт, сыгъдӕгзӕрдӕ уарзт.

  3. 3. Йегъовӕйы уарзт ӕнгом мах ысбаста,

    Ныр ыстӕм бинонтӕ.

    Хуыцау махӕн фарн ’мӕ иудзинад радта –

    Фарны тӕгтӕй фидардӕр нӕй!

    Бӕрӕг дарӕм мах нӕ цин ’мӕ нӕ уарзтӕй,

    Зонд исӕм ӕдзух Хуыцауы Ныхасӕй,

    Ӕцӕг уарзӕм мах ӕфсымӕртӕй алкӕй.

    Уый у ’цӕг уарзт, Йегъовӕйы уарзт.

(Ноджыдӕр кӕс Ром. 12:10; Еф. 4:3; 2 Пет. 1:7.)