Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

35 СӔРГОНД

Аннӕ Хуыцауӕй фырт ракуырдта

Аннӕ Хуыцауӕй фырт ракуырдта

Иу израилаг лӕгӕн, Елхъанӕн, уыди дыууӕ усы, Аннӕ ӕмӕ Феннанӕ. Фӕлӕ Елхъан Аннӕйы фылдӕр уарзта. Феннанӕ ӕдзухдӕр Аннӕйӕ хынджылӕг кодта, уымӕн ӕмӕ Аннӕйӕн сывӕллӕттӕ нӕ уыд, йӕхицӕн та уыди бирӕ сывӕллӕттӕ. Алы аз дӕр-иу Елхъан йӕ бинонты Силоммӕ Йегъовӕйы цатырмӕ акодта, цӕмӕй-иу ын уым бакуывтаиккой. Иухатт цатыры куы уыдысты, уӕд Елхъан федта, йӕ уарзон ус Аннӕ цӕуылдӕр тынг кӕй мӕт кӕны. Елхъан ын загъта: «Аннӕ, дӕ хорзӕхӕй, ма ку. Ӕз демӕ нӕ дӕн? Ӕз дӕ бирӕ уарзын».

Уый фӕстӕ Аннӕ цатыры хибарӕй слӕууыд, цӕмӕй Хуыцаумӕ скуывтаид. Йегъовӕйӕн кӕугӕйӕ лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йын баххуыс кодтаид. Аннӕ йын дзырд радта: «Йегъовӕ, фырт мын куы райгуыра, уӕд ӕй ӕз дӕуӕн ратдзынӕн, цӕмӕй дын цӕрӕнбонтӕм лӕггад кӕна».

Хистӕр сауджын Илий федта, Аннӕ кӕугӕйӕ кӕй кувы, ӕмӕ афтӕ фенхъӕлдта, ӕмӕ расыг у. Ӕмӕ йын куы бауайдзӕф кодта, уӕд ын Аннӕ загъта: «Нӕ, мӕ хицау, расыг нӕ дӕн. Иу цыдӕр мӕ тынг тыхсын кӕны, ӕмӕ йӕ Йегъовӕйӕн дзурын». Илий бамбӕрста, раст дзы кӕй нӕ ахъуыды кодта, ӕмӕ йын загъта: «Хуыцау дын раттӕд, цы дзы куырдтай, уый». Уӕд Аннӕйӕн фенцондӕр, ӕмӕ цатырӕй ацыд. Афӕдз дӕр нӕ рацыд, афтӕ йын райгуырд лӕппу. Аннӕ йӕ схуыдта Самуил. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, Аннӕ куыд амондджын уыдаид!

Аннӕйӕ нӕ ферох, Йегъовӕйӕн цы дзырд радта, уый. Самуилы дзидзийӕ куы фӕхицӕн кодта, уӕд ӕй Хуыцауы цатырмӕ ӕркодта, цӕмӕй йын уым лӕггад кодтаид. Аннӕ Илийӕн загъта: «Ацы лӕппуйы тыххӕй Йегъовӕмӕ куывтон. Цӕрӕнбонтӕм ӕй Йегъовӕйӕн дӕттын». Елхъан ӕмӕ-иу Аннӕ алы аз дӕр Самуилмӕ ӕрцыдысты ӕмӕ-иу ын ног ӕнӕдыс къаба ӕрхастой. Йегъовӕ ма Аннӕйӕн ноджыдӕр радта ӕртӕ фырты ӕмӕ дыууӕ чызджы.

«Курут, ӕмӕ уын ратдзысты. Агурут, ӕмӕ ссардзыстут» (Матфейы 7:7)