Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты уырны, ӕрмӕстдӕр сӕ дин кӕй у раст?

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты уырны, ӕрмӕстдӕр сӕ дин кӕй у раст?

 Йӕ диныл фидарӕй чи ӕууӕнды, уыдонӕй алкӕйдӕр уырны, йӕ дин Хуыцауы ӕмӕ Йесо Чырыстийы зӕрдӕмӕ кӕй цӕуы. Ӕндӕр уыцы диныл хӕст цӕмӕн сты?

 Йесо Чырысти афтӕ нӕ хъуыды кодта, ӕмӕ цы бирӕ динтӕ ӕмӕ цы бирӕ фӕндӕгтӕ ис, уыдон се ’ппӕт дӕр ирвӕзындзинадмӕ кӕнынц. Чырысти загъта: «Цардмӕ цы фӕндаг кӕны, уый та уынгӕг у, ӕмӕ дуар дӕр нарӕг у, ӕмӕ уыцы фӕндаг бирӕтӕ не ссарынц» (Матфейы 7:14). Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты уырны, уыцы фӕндаг кӕй ссардтой. Афтӕ куы нӕ уаид, уӕд ӕндӕр дин равзӕрстаиккой.