Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

БИБЛИ ИВЫ АДӔЙМАДЖЫ ЦАРД

«Мӕхимӕ ницӕйаг нал кӕсын»

«Мӕхимӕ ницӕйаг нал кӕсын»
  • Райгуырд: 1963 аз

  • Бӕстӕ: Мексикӕ

  • Раздӕр: уыд ӕнӕхӕдзар, йӕхимӕ ницӕйаг каст

МӔ РАЗДӔРЫ ЦАРД

 Ӕз райгуырдтӕн горӕт Сьюдад-Обрегоны, Мексикӕйы цӕгат хайы. Фараст сывӕллонӕй уыдтӕн фӕндзӕм. Мах цардыстӕм горӕты кӕрон. Мӕ фыдӕн уыди гыццыл фермӕ. Уыцы бынат бирӕ уарзтам. Нӕ бинонтӕ тынг ӕнгом уыдысты ӕмӕ амондджын цард кодтам. Фондз азы мыл куы цыди, уӕд, хъыгагӕн, нӕ фермӕ тыхдымгӕйӕ ныппырх, ӕмӕ нӕ ӕндӕр ранмӕ алидзын бахъуыд.

 Мӕ фыд райдыдта бирӕ ӕхца кусын, фӕлӕ уыцы иу рӕстӕг нозтыл бафтыд. Уый нӕ бинонтыл тынг фӕзынд. Ме ’фсымӕртимӕ нӕ фыдӕй тамакотӕ давын райдыдтам, ӕмӕ дымыныл фӕцалх стӕм. Ӕхсӕз азы йеддӕмӕ мыл нӕ цыд, афтӕ фыццаг хатт тынг банызтон. Гыццыл фӕстӕдӕр мӕ ныййарджытӕ ахицӕн сты, ӕмӕ уӕд, цы уыдтӕн, уымӕй фыддӕр фӕдӕн.

 Мӕ мад ӕндӕр лӕгимӕ бацард, ӕмӕ мах дӕр семӕ цардыстӕм. Уыцы лӕг ын ӕхца нӕ лӕвӕрдта, ӕмӕ-иу мӕ мад йӕхӕдӕг цы бакуыста, уый нын ницы фаг кодта. Уымӕ гӕсгӕ мӕ хотӕ ӕмӕ ме ’фсымӕртимӕ, нӕ бон цы уыд, ахӕм куыстытӕ кодтам. Фӕлӕ нын уӕддӕр ӕхца тыххӕйты фаг кодта. Ӕз-иу дзабыртӕ сыгъдӕг кодтон ӕмӕ дзул, газеттӕ, чъиутӕ ӕмӕ ӕндӕр цыдӕртӕ уӕй кодтон. Стӕй-иу горӕтыл зылдтӕн, ӕмӕ-иу хъӕздгуытӕ сӕ бырӕттӕ кӕдӕм калдтой, уыцы рӕтты-иу хӕринаг агуырдтон.

 Дӕс азы мыл куы цыд, уӕд мӕ иу нӕлгоймаг бырондонмӕ кусынмӕ акодта. Ӕз скъола ныууагътон ӕмӕ хӕдзарӕй ацыдтӕн. Бон мын фыста иу доллӕрӕй къаддӕр, хӕринагӕн та мын лӕвӕрдта, бырондоны-иу цы ӕрӕмбырд кодта, уый. Бырӕтты ’хсӕн цы ссардтон, уыдӕттӕй мӕхицӕн халагъуд скодтон ӕмӕ уым цардтӕн. Мӕ алыварс иууылдӕр ӕвзӕр дзыхӕй дзырдтой ӕмӕ ӕнӕгъдау цард кодтой. Бирӕтӕ дзы уыдысты наркомантӕ ӕмӕ алкоголиктӕ. Уый уыд мӕ царды ӕппӕты уӕззаудӕр рӕстӕг. Алы ӕхсӕв дӕр-иу куыдтон, фыртӕссӕй-иу зыр-зыр кодтон, афтӕмӕй. Мӕгуыр кӕй уыдтӕн ӕмӕ скъола дӕр каст кӕй нӕ фӕдӕн, уый тыххӕй тынг ӕфсӕрмы кодтон. Бырондоны фӕцардтӕн ӕртӕ азы бӕрц, ӕмӕ стӕй цӕрынмӕ ӕндӕр штатмӕ ацыдтӕн. Уым быдырты куыстон: ӕмбырд кодтон дидинджытӕ, бӕмбӕг, сӕкӕры хъӕз ӕмӕ картоф.

Ахӕм бырондоны цардтӕн ӕртӕ азы дӕргъы

 Цыппар азы фӕстӕ фӕстӕмӕ Сьюдад-Обрегонмӕ ӕрыздӕхтӕн. Мӕ фыды хо уыди кӕлӕнгӕнӕг ӕмӕ мӕ уый йӕхимӕ цӕрынмӕ бауагъта. Уым цӕргӕйӕ райдыдтон фыдфынтӕ уынын ӕмӕ мӕ ныфс афтӕ тынг асаст, ӕмӕ-иу мӕм мӕхи амарыны хъуыдытӕ фӕзынд. Иу ӕхсӕв Хуыцаумӕ скуывтон: «Хуыцау, кӕд искуы дӕ, уӕд мын дӕхи раргом кӕн, ӕмӕ дын цӕрӕнбонты лӕггад кӕндзынӕн. Кӕд раст дин ис, уӕд мын ӕй бацамон».

БИБЛИЙЫ ФӔРЦЫ МӔ ЦАРД ФӔИВТА

 Хуыцауы базонын мӕ алкӕддӕр фӕндыд. Сывӕллонӕй дӕр-иу алыхуызон аргъуантӕм цыдтӕн, фӕлӕ сӕ фӕфыдӕнхъӕл дӕн. Иуы дӕр мын дзы Библийы тыххӕй рӕстмӕ ницы радзырдтой, стӕй мын Хуыцауы базонынӕн дӕр нӕ баххуыс кодтой. Иуӕй-иу аргъуанты сӕ ӕхцайы йеддӕмӕ ӕндӕр ницӕй мӕт уыд, иннӕты та, чи сӕм цыд, уыдон ӕнӕгъдау уыдысты.

 19 азы мыл куы цыд, уӕд мын мӕ сиахс радзырдта, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ йын кӕй равдыстой, Библийы иконӕты тыххӕй цы фыст ис, уый. Бакаст мын Рацыд 20:4, 5 стихтӕ. Уым фыст ис, зӕгъгӕ, дам, ма аразут гуымирытӕ ӕмӕ сӕ нывтӕ. 5-ӕм стихы фыст ис: «Сӕ разы дӕ зонгуытыл ма лӕуу ӕмӕ сын ма кув, уымӕн ӕмӕ ӕз, дӕ Хуыцау Йегъовӕ, домын, цӕмӕй ӕрмӕстдӕр мӕныл уай иузӕрдион». Стӕй мӕ бафарста: «Кӕд Хуыцау диссӕгтӕ иконӕты фӕрцы аразы кӕнӕ та йӕ фӕнды, цӕмӕй сӕм кувӕм, уӕд афтӕ цӕмӕн зӕгъы, ма сӕ араз, зӕгъгӕ?» Уый мӕ хъуыдытыл бафтыдта. Уый фӕстӕ ма Библийыл цалдӕр хатты аныхас кодтам. Библийыл ныхас кӕнын мӕ зӕрдӕмӕ афтӕ тынг цыди, ӕмӕ-иу рӕстӕг куыд атахт, уый-иу ӕмбаргӕ дӕр нӕ бакодтон.

 Фӕстӕдӕр мӕ йемӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдмӕ акодта. Уым цы федтон ӕмӕ цы фехъуыстон, уый мӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцыд. Суанг ӕрыгӕттӕ дӕр программӕйы архайдтой ӕмӕ сценӕйӕ уыцы хорз дзырдтой. Мӕхинымӕр загътон: «Диссаджы ахуырад дзы исынц!» Уыди мын даргъ дзыккутӕ ӕмӕ аив конд нӕ уыдтӕн, фӕлӕ мыл Ӕвдисӕнтӕ уӕддӕр тынг бацин кодтой. Иу бинонтӕ ма мӕ ӕмбырды фӕстӕ семӕ сихор бахӕрынмӕ дӕр фӕхуыдтой!

 Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтон ӕмӕ базыдтон, Йегъовӕ Хуыцау уарзӕгой Фыд кӕй у ӕмӕ алы адӕймагыл дӕр кӕй тыхсы, уӕлдай нӕу, цавӕр адӕмыхаттӕй у, уый, хъӕздыг у ӕви мӕгуыр, ӕхсӕнады цы бынат ахсы кӕнӕ йӕм ахуырад ис ӕви нӕ. Хуыцау никӕй хъулон кӕны (Хъуыддӕгтӕ 10:34, 35). Кӕдӕй-уӕдӕй Хуыцауы ссардтон ӕмӕ, цӕй тыххӕй цӕрын, уый базыдтон.

АБОН МӔ ЦАРДӔЙ РАЙГОНД ДӔН

 Мӕ цард ивын райдыдта! Мӕ тамако ныууагътон, фыднозт нал кодтон ӕмӕ ӕвзӕр дзыхӕй нал дзырдтон. Сывӕллонӕй фӕстӕмӕ мӕ зӕрдӕйы цы маст хастон, уый сабыргай фӕцыдӕр, стӕй фыдфынтӕ дӕр нал уыдтон. Сывӕллонӕй бирӕ зындзинӕдтӕ кӕй бавзӕрстон ӕмӕ скъола каст кӕй нӕ фӕдӕн, уый тыххӕй мӕхимӕ ницӕйаг кастӕн, фӕлӕ ныр мӕхицӕн аргъ кӕнын райдыдтон.

 Ис мын, Йегъовӕйы чи уарзы, ахӕм бинойнаг ӕмӕ мын у стыр ӕххуыс. Ныр лӕггад кӕнын цӕуӕг цӕстдарӕгӕй: ӕмбырдтӕ бӕрӕг кӕнын, цӕмӕй-иу, мемӕ иумӕ Хуыцауӕн чи лӕггад кӕны ӕмӕ мын хи бинонты хуызӕн чи сты, уыдоны бафидар кӕнон ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнон. Библи адӕймаджы зӕрдӕйы хъӕдгӕмттӕ кӕй дзӕбӕх кӕны ӕмӕ нын Хуыцау диссаджы ахуырад кӕй дӕтты, уый фӕрцы мӕхимӕ ницӕйаг нал кӕсын.

Мӕхицӕн мын куыд баххуыс кодтой, афтӕ мах дӕр мӕ бинойнагимӕ иннӕтӕн ӕххуыс кӕнӕм