Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

БИБЛИ ИВЫ АДӔЙМАДЖЫ ЦАРД

«Фыддзинады цагъар нал дӕн»

«Фыддзинады цагъар нал дӕн»
  • Райгуырд: 1956 аз

  • Бӕстӕ: Канадӕ

  • Раздӕр: цардӕй фыдӕнхъӕл фӕци, ӕнӕгъдау цард кодта ӕмӕ ӕдзух хылтӕ кодта

МӔ РАЗДӔРЫ ЦАРД

 Ӕз райгуырдтӕн горӕт Калгарийы, провинци Альбертӕйы (Канадӕ). Ноггуырд ма куы уыдтӕн, уӕд мӕ ныййарджытӕ ахицӕн сты, ӕмӕ мӕ мад йӕ ныййарджытӕм цӕрынмӕ ацыд. Мӕ мады ныййарджытӕ нӕ бирӕ уарзтой, ӕмӕ мӕ сабибонтӕ тынг хъӕлдзӕгӕй ацыдысты. Уыцы азтӕ ныр дӕр ма ӕхсызгонӕй ӕрымысын.

 Фӕлӕ мыл авд азы куы цыд, уӕд мӕ мад ногӕй мӕ фыдимӕ бацард, ӕмӕ цӕрынмӕ ацыдыстӕм Сент-Луисмӕ, штат Миссуримӕ (АИШ). Уӕдӕй фӕстӕмӕ мӕ цард зындон фестад. Мӕ фыдимӕ цӕрын куы райдыдтам, уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ йӕ бамбӕрстон, куыд тынг ӕгъатыр у, уый. Зӕгъӕм, фыццаг бон скъолайӕ куы ’рбацыдтӕн, уӕд ӕй базыдта, скъолайы мӕ сывӕллӕттӕ кӕй хынджылӕг кодтой ӕмӕ мӕ кӕй цавтой, фӕлӕ дзы ӕз кӕй никӕй ныццавтон. Мӕ фыд мӕстӕй рафыхт ӕмӕ мӕ ахӕм дзӕхст ныккодта, ӕмӕ уыимӕ абаргӕйӕ сывӕллӕтты цӕфтӕ ницы уыдысты. Зӕгъӕн ис, уый мын уыди хорз зондзонӕн, ӕмӕ мӕ царды фыццаг хатт кӕимӕдӕр фӕхыл дӕн, авд азы мыл куы цыди, уӕд.

 Мӕ фыд тынг зындзард адӕймаг уыд, ӕмӕ мӕ мад дӕр тынг мӕстыгӕр сси, ӕмӕ-иу арӕх хылтӕ кодтой. Иуӕндӕс азы мыл куы цыди, уӕд наркотиктыл ӕмӕ нозтыл бафтыдтӕн. Ӕппынфӕстаг мӕм сдзырд нал уыд, ӕмӕ-иу уынджы куы кӕимӕ фӕхыл дӕн, куы кӕимӕ. Скъолайы фӕудмӕ мӕ ӕцӕг фыдгӕнӕг рауад.

 Ӕстдӕс азы мыл куы цыд, уӕд бацыдтӕн Америкӕйы Иугонд Штатты денджызон фистӕг ӕфсӕддонты корпусмӕ. Уым базыдтон, адӕймаджы амарӕн кӕмӕй ис, ахӕм приёмтӕ. Фондз азы фӕстӕ ме ’фсӕддон службӕ ныууагътон, цӕмӕй психологи ахуыр кӕнын райдыдтаин, ӕмӕ мӕ стӕй ФБР-мӕ кусынмӕ райстаиккой. Уый тыххӕй бацыдтӕн университетмӕ. Фыццаг ахуыр кодтон Америкӕйы Иугонд Штатты, уый фӕстӕ та Канадӕйы, уымӕн ӕмӕ фӕстӕмӕ уырдӕм цӕрынмӕ ацыдтӕн.

 Университеты ахуыр кӕнгӕйӕ адӕмӕй бынтондӕр фӕфыдӕнхъӕл дӕн. Афтӕ мӕм каст, ӕмӕ алчидӕр ӕрмӕст йӕхиуыл хъуыды кӕны ӕмӕ зындзинӕдтӕн кӕрон никуы ӕрцӕудзӕн. Мӕ зӕрдӕ ӕппындӕр ницӕмӕй рад. Адӕмӕн сӕ бон цард фӕхуыздӕр кӕнын бауыдзӕн, уымӕй мӕ ныфс нал уыд.

 Цӕй тыххӕй цӕрын, уый не ’мбӕрстон. Ӕмӕ мын сӕйрагдӕр систы нозт, наркотиктӕ, ӕхца ӕмӕ сылгоймӕгтӕ. Мӕ хъуыдытӕ ӕдзух уыдысты, кӕм аминас кӕнон ӕмӕ ме ’хсӕв цавӕр сылгоймагимӕ арвитон, ууыл. Ӕфсады алыхуызон приёмтӕ кӕнын кӕй базыдтон, уымӕй ныфсджын уыдтӕн ӕмӕ-иу арӕх хылтӕ кодтон. Хъуыды кодтон, мӕ бон кӕй у скъуыддзаг кӕнын, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый. Ӕмӕ-иу мӕм афтӕ куы фӕкаст, ӕмӕ чидӕр кӕйдӕр ӕнаххосӕй бафхӕрдта, уӕд-иу ын, цы хъуыд, уый бакодтон. Фӕлӕ ӕцӕгӕй та хабар уый мидӕг уыд, ӕмӕ фыддзинады цагъар сдӕн.

БИБЛИЙЫ ФӔРЦЫ МӔ ЦАРД ФӔИВТА

 Иубон та ме ’мбалимӕ наркотиктӕ скодтам, афтӕмӕй нӕ хӕдзары пъадвалы марихуанӕ уӕй кӕнынмӕ цӕттӕ кодтам. Ме ’мбал мӕ афарста, Хуыцау, дам, дӕ уырны, зӕгъгӕ. Ӕз ын загътон: «Кӕд, дунейы цы бӕллӕхтӕ цӕуы, уыдоны Хуыцау у аххосджын, уӕд мӕн ахӕм Хуыцау ницӕмӕн хъӕуы». Иннӕ бон фыццаг хатт ацыдтӕн мӕ ног куыстмӕ. Ме ’мкусджытӕй иу уыд Йегъовӕйы Ӕвдисӕн ӕмӕ мӕ бафарста: «Дӕумӕ гӕсгӕ, дунейы цы бӕллӕхтӕ цӕуы, уыдоны Хуыцау у аххосджын?» Йӕ фарста мӕм тынг диссаг фӕкаст, уымӕн ӕмӕ, уый размӕ бон цы загътон, уый цыма хъусгӕ фӕкодта. Ӕмӕ мӕ бафӕндыд уыцы фарстайӕн дзуапп базонын. Уый фӕстӕ ӕхсӕз мӕйы дӕргъы йемӕ арӕх ныхас кодтам, ӕмӕ мын Библийы дзуапп равдыста царды ахсджиагдӕр фарстатӕй кӕцыдӕртӕн.

 Уыцы рӕстӕг ӕз цардтӕн иу чызгимӕ. Мах хъавыдыстӕм нӕ цард баиу кӕнынмӕ. Цы-иу базыдтон, уыдӕттӕ-иу мӕ фӕндыд уымӕн дӕр радзурын, фӕлӕ мӕм никуы байхъуыста. Иу хуыцаубон ын загътон, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты нӕхимӕ кӕй фӕхуыдтон, цӕмӕй немӕ Библи ахуыр кӕнын райдайой. Дыккаг бон фӕскуыст куы ’рбацыдтӕн, уӕд ӕй нал ӕрбаййӕфтон. Хӕдзары цыдӕриддӕр уыд, уыдӕттӕ сӕмбырд кодта ӕмӕ ацыд. Ӕз ӕддӕмӕ рацыдтӕн ӕмӕ ныккуыдтон. Хуыцаумӕ куывтон ӕмӕ йын лӕгъстӕ кодтон, цӕмӕй мын баххуыс кодтаид. Уӕд ӕм фыццаг хатт скуывтон йӕ номӕй, Йегъовӕ, зӕгъгӕ (Псалом 83:18).

 Дыууӕ боны фӕстӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, лӕг ӕмӕ ус, мемӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтой. Ахуыр кодтам чиныджы фӕрцы «Дӕ бон у ӕнустӕм дзӕнӕты зӕххыл цӕрын» a. Куы ацыдысты, уӕд чиныг ногӕй райстон ӕмӕ йӕ ’хсӕвы каст фӕдӕн. Йегъовӕ Хуыцауы ӕмӕ йӕ Фырт Йесо Чырыстийы тыххӕй цы базыдтон, уый мын мӕ зӕрдӕ тынг бацагайдта. Ӕз базыдтон, Йегъовӕ тӕригъӕдгӕнаг кӕй у ӕмӕ куы фӕхъизӕмар кӕнӕм ӕмӕ нын зын куы вӕййы, уӕд ныл йӕ зӕрдӕ кӕй фӕриссы (Исай 63:9). Базыдтон ма, Хуыцау мӕ тынг кӕй уарзы ӕмӕ йӕ Фырт мӕн тыххӕй йӕ цард нывондӕн кӕй ӕрхаста. Уый мын мӕ зӕрдӕ уӕлдай тынгдӕр бацагайдта (1 Иоанны 4:10). Ӕз бамбӕрстон, Йегъовӕ мӕм фӕразондзинад кӕй равдыста, «уымӕн ӕмӕ йӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй исчи фесӕфа, фӕлӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй се ’ппӕтӕн дӕр уа ӕрфӕсмон кӕныны фадат» (2 Петры 3:9). Стӕй бамбӕрстон, Йегъовӕйы кӕй фӕнды, цӕмӕй йӕ хӕлар уон (Иоанны 6:44).

 Уыцы къуыри фыццаг хатт ацыдтӕн ӕмбырдмӕ. Мӕ сӕрыхъуынтӕ уыдысты даргъ, уыдис мыл хъусцӕджытӕ, стӕй мӕ бакаст ахӕм уыд, ӕмӕ мӕ исчи фӕтарстаид. Фӕлӕ мыл Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ бацин кодтой, цыма сӕ хӕстӕг уыдтӕн ӕмӕ мӕ рагӕй нал федтой, уыйау. Уыдон сӕхи дардтой, ӕцӕг чырыстӕттӕ сӕхи куыд хъуамӕ дарой, афтӕ. Цыма та фӕстӕмӕ мӕ мады ныййарджыты хӕдзармӕ ӕрыздӕхтӕн, афтӕ мӕм каст. Фӕлӕ мын ам ноджы хуыздӕр уыд.

 Уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр мӕ цард ивын райдыдтон, Библийӕ-иу цы базыдтон, уымӕ гӕсгӕ. Мӕ даргъ сӕрыхъуынтӕ алвыдтон, ӕнӕгъдау цард нал кодтон ӕмӕ наркотиктӕ ӕмӕ мӕ нозт ныууагътон (1 Коринфӕгтӕм 6:9, 10; 11:14). Мӕн фӕндыд Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын. Ӕмӕ-иу куы базыдтон, цы аразын, уый йӕ зӕрдӕмӕ кӕй нӕ цӕуы, уӕд-иу мӕхи никуы рӕстытӕ кодтон. Мӕ зӕрдӕ-иу мӕхиуыл ӕрхудт, ӕмӕ-иу мӕхицӕн загътон, афтӕ никуыуал бакӕндзынӕн, зӕгъгӕ. Архайдтон, цӕмӕй мӕ зондахаст аивтаин ӕмӕ, раст куыд у, афтӕ кодтаин. Цыбыр рӕстӕгмӕ бамбӕрстон, Йегъовӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ цӕрын мӕхи пайдайӕн кӕй у. 1989 азы 29 июлы – Библи ахуыр кӕнын куы райдыдтон, уымӕй ӕхсӕз мӕйы фӕстӕ – донаргъуыд райстон ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕн сдӕн.

АБОН МӔ ЦАРДӔЙ РАЙГОНД ДӔН

 Библийы фӕрцы ӕндӕр адӕймаг сдӕн. Раздӕр-иу мӕм исчи тызмӕгӕй куы ракаст, уӕд-иу мӕхи нӕ баурӕдтон. Фӕлӕ ныр архайын, «цӕмӕй алкӕимӕ дӕр хӕларӕй цӕрон» (Ромӕгтӕм 12:18). Ӕмӕ уый тыххӕй мӕхицӕй бузныг нӕ дӕн, фӕлӕ Йегъовӕйӕ: ӕз аивтон йӕ Ныхасы ӕмӕ йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы (Галатӕгтӕм 5:22, 23; Дзуттӕгтӕм 4:12).

 Наркотикты, фыддзинады ӕмӕ ӕнӕгъдаудзинады цагъар нал дӕн. Ныр архайын Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕныныл ӕмӕ йын ӕппӕт удӕй лӕггад кӕнын. Уымӕ хауы иннӕтӕн Йегъовӕ Хуыцауы базонынӕн ӕххуыс кӕнын. Донаргъуыд куы райстон, уымӕй цалдӕр азы фӕстӕ ацыдтӕн ӕндӕр бӕстӕмӕ, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, ахӕм рӕтты хъусын кӕнынмӕ. Ныр бирӕ азты дӕргъы адӕмӕн ӕххуыс кӕнын Библийы рӕстдзинад базонынӕн ӕмӕ фенын, уыдонӕн дӕр сӕ цард хуыздӕрырдӕм кӕй аивы. Уый мын стыр циндзинад хӕссы. Стыр циндзинад мын ӕрхаста, мӕ мад Йегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕй сси, уый дӕр. Ӕз хуыздӕрырдӕм кӕй аивтон, уый йыл тынг бандӕвта.

 1999 азы Сальвадоры ахуыр кодтон, абон Хуыцауы Паддзахад хъусынгӕнджыты скъола кӕй хонынц, уым. Уыцы скъолайы фӕрцы сахуыр дӕн хорз хабар хъусын кӕныны хъуыддаджы мӕхимӕ разамынд исын, стӕй ӕмбырды хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты ахуыр кӕнын ӕмӕ сын сӕ ныфсыл ныфс ӕфтауын. Уыцы аз фӕстӕдӕр мӕ цард баиу кодтон Эухенияимӕ. Ныр иумӕ лӕггад кӕнӕм Гватемалӕйы, стӕм ӕххӕстрӕстӕг хъусынгӕнджытӕ.

 Кӕддӕр цардӕй фӕфыдӕнхъӕл дӕн. Фӕлӕ ныр дӕн тынг амондджын. Библийы фӕрцы ӕнӕгъдау митӕ ныууагътон, никӕимӕуал хыл кӕнын. Ныр зонын, цы у ӕцӕг уарзондзинад, стӕй мӕ зӕрдӕйы ис фарн.

a Абон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ адӕмимӕ Библи арӕхдӕр фӕахуыр кӕнынц чиныджы фӕрцы «Нӕ бон цы у Библийӕ базонын?».