Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сайт jw.org адӕмы цард хуыздӕрырдӕм ивы

Сайт jw.org адӕмы цард хуыздӕрырдӕм ивы

Нӕ сайт jw.org стыр пайда хӕссы адӕмӕн дунейы алы къуымты дӕр. Уый фӕдыл Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕппӕтдунеон сӕйраг хайадмӕ 2014 азы майы мӕйы онг бирӕ арфӕйы ныхӕстӕ ӕрбарвыстой. Дӕлдӕр дзы бакӕсӕн ис иуӕй-иутӕ.

Стыр ӕххуыс гыццыл сывӕллӕттӕн

«Мӕ сывӕллон нырма скъоламӕ нӕ цӕуы. Хӕдзармӕ-иу арӕх ӕрбахаста йе ’мбӕлтты ручкӕтӕ, гыццыл хъазӕнтӕ ӕмӕ суанг сӕ хуры очкитӕ дӕр. Цал ӕмӕ йын ӕй цал хатты нӕ бамбарын кодта, цы аразын, уый давын кӕй хуыйны, ӕмӕ давын та хорз кӕй нӕу. Фӕлӕ йӕм ницы хъардта jw.org-ӕй мультфильм, „Давын хорз нӕу“, зӕгъгӕ, нӕ рафыстам, уӕдмӕ. Нӕ лӕппумӕ уый хуызӕн ницы хъардта – уый уыди йӕ хос. Куы йӕм бакаст, уӕд загъта, йе ’мбӕлттӕй цы ӕрбахаста, уыдон иууылдӕр фӕстӕмӕ кӕй ахӕсдзӕн. Ныр ӕй йӕхӕдӕг зоны, давын Хуыцауы цӕсты тынг ӕвзӕр кӕй у. Цӕй стыр ӕххуыс нын фӕци уыцы сайт!» (Д. Н., Африкӕ).

«JW.ORG-ӕй мультфильм „Давын хорз нӕу“... Нӕ лӕппумӕ уый хуызӕн ницы бахъардта – уый уыди йӕ хос»

«Мӕ сывӕллӕттӕ ацы сайт тынг уарзынц. Сӕхицӕн рафыстой, сайын ӕмӕ дзы давыны тыххӕй цы цыбыр мультфильмтӕ ис, уыдон. Уыдон сын ӕххуыс кӕнынц, Библийы куыд фыст ис, афтӕ кӕнынӕн. Сахуыр ма дзы сты ӕндӕр хорз миниуджытыл дӕр. Уыдон сын пайда уыдзысты цӕрӕнбонты дӕр ӕмӕ ахӕм миниуджыты фӕрцы сӕ алыварс адӕмӕн дӕр сӕ бон уыдзӕн хорздзинад аразын» (О. В., Вест-Инди).

Стыр ӕххуыс скъоладзаутӕн

«Скъоламӕ цӕуынӕй ме сӕфт уыдтон, ӕмӕ йӕ ныууадзынмӕ дӕр хъавыдтӕн. Фӕлӕ иу бон сайты уӕ сайты бакастӕн статья, «Скъола куы ныууадзон, уӕд раст бакӕндзынӕн?», зӕгъгӕ. Ӕмӕ уый фӕрцы скъоламӕ ӕндӕр цӕстӕй райдыдтон кӕсын. Базыдтон дзы, скъолайы цӕуыл сахуыр уон, уый мӕ фидӕны кӕй бахъӕудзӕн ӕмӕ мын кӕй баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, йӕ хъуыддӕгты тыххӕй дзуапп дӕттын чи зоны, ахӕм адӕймаг суон» (Н. Ф., Африкӕ).

«Ацы сайты ӕрыгӕттӕн цы уынаффӕтӕ ис, уыдоны фӕрцы бамбӕрстон, цы ис саразӕн, цӕмӕй скъолайы мӕ уаг ӕмӕ ме ’гъдау ма фесафон»

«Ацы сайты ӕрыгӕттӕн цы уынаффӕтӕ ис, уыдоны фӕрцы бамбӕрстон, цы ис саразӕн, цӕмӕй скъолайы мӕ уаг ӕмӕ ме ’гъдау ма фесафон. Базыдтон, цы мын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй мӕ хъарутӕ иууылдӕр ахуырмӕ саразон ӕмӕ иннӕ хъуыддӕгты фӕдыл ма адзӕгъӕл уон» (Г., Африкӕ).

«Ме ’мкусӕг мын йӕ чызджы тыххӕй рахъаст кодта, скъолайы, дам, ӕй фӕмӕстӕймарынц, уӕлдайдӕр та йӕ иу чызг ӕнцад нӕ уадзы. Сывӕллон уый йӕ зӕрдӕмӕ афтӕ тынг айста, ӕмӕ цалдӕр боны скъоламӕ дӕр нӕ ацыди, уымӕн ӕмӕ тарсти. Ме ’мкусӕгӕн радзырдтон, нӕ сайты фламестерӕй ныв анимацийы, «Хылкъахджыты ныхмӕ фидар фӕлӕуу, хыл ма кӕн, афтӕмӕй», зӕгъгӕ, цы хъуыдытӕ уыди, уыдон. Йӕ зӕрдӕмӕ уӕлдай тынгдӕр фӕцыд, хыл чи къахы, уыдоны ӕрсабыр кӕнынӕн хорз кӕй у ныхас хъазыны ’рдӕм аздахын. Гъемӕ йӕ чызгӕн радзырдта, хылкъахджытимӕ йӕ йӕхи дарын куыд хъӕуы, уый тыххӕй. Ӕмӕ чызг скъоламӕ ныфсджындӕрӕй ацыд. Гыццылгай уавӕр фӕхуыздӕр, ӕмӕ йӕ ӕдзух чи хъыгдардта, уыцы чызг ма йӕм хорз цӕстӕй кӕсын дӕр райдыдта» (В. К., Скӕсӕн Европӕ).

Стыр ӕххуыс фӕсивӕдӕн

«Стыр бузныг уын ацы сайты иу статьяйы тыххӕй. Уыцы статья хуыйны „Мӕхи цӕмӕн лыгтӕ кӕнын?“. Бирӕ азты дӕргъы ӕз дӕр афтӕ кӕнын. Афтӕ ӕнхъӕлдтон, ӕмӕ мӕн йеддӕмӕ йӕхицӕн ахӕм фыдмитӕ ничи кӕны ӕмӕ уый тыххӕй иннӕтӕн куы радзурон, уӕд мӕ нӕ бамбардзысты. Статьяйы цы цӕвиттонтӕ ӕрхастат, уыдон мын тынг баххуыс кодтой. Чидӕр дӕ ӕмбары!» (Ӕрыгон чызг Австралийӕ).

«Статьяйы цы цӕвиттонтӕ ӕрхастат, уыдон мын тынг баххуыс кодтой. Чидӕр дӕ ӕмбары!»

«Ацы сайты фӕрцы мын бирӕ ӕнцондӕр у, ӕрыгӕттӕм цы фарстатӕ фӕзыны, уыдонӕн дзуапп ссарын. Иу статья мын стыр ӕххуыс фӕци, ӕнӕгъдау фӕндтӕ кӕмӕ ис, уый базонынӕн, стӕй, ахӕм адӕмӕй хи бахизӕн куыд ис, уый дӕр бамбӕрстон ӕмӕ ныр зонын, семӕ мӕхи куыд хъуамӕ дарон, уый» (Т. У., Вест-Инди).

Стыр ӕххуыс ныййарджытӕн

«Мӕ лӕппу ис рӕзгӕ кары ӕмӕ у тынг тӕлфаг. Цытӕ акӕндзӕн, уымӕн ницы бамбардзынӕ, ӕмӕ уый тыххӕй-иу арӕх, мӕхи цы фӕкодтаин, уый нал зыдтон Ӕмӕ-иу нын уый тыххӕй аныхас кӕнын тынг зын уыди. Иу бон бацыдтӕн сайтмӕ jw.org ӕмӕ дзы бахызтӕн, цардӕмбӕлттӕ ӕмӕ ныййарджытӕн уынаффӕтӕ кӕм ис, уыцы хаймӕ. Мӕхицӕн дзы уыйбӕрц хорз статьятӕ ссардтон, ӕмӕ йын зӕгъӕн дӕр нӕй. Уыцы статьяты фӕрцы сахуыр дӕн мӕ фыртимӕ ныхас кӕнын. Ацы сайт уымӕн дӕр тынг фӕпайда. Ныр мын йӕ зӕрдӕ раргом кӕны ӕмӕ мын йӕ цин дӕр ӕмӕ йӕ сагъӕстӕ дӕр радзуры» (С. Б., Африкӕ).

«Арӕх jw.org-ы цавӕрдӕр статья фӕзыны йӕ тӕккӕ афоныл ӕмӕ нын баххуыс кӕны, нӕ сывӕллӕттӕ цы зындзинадыл сӕмбӕлынц, уый сӕрты ахизынӕн»

«Сайт jw.org-ы фӕрцы нӕ сывӕллӕтты нӕ бон у ахӕм хуызы ахуыр кӕнын, цыма семӕ хъазгӕ кӕнӕм. Зӕгъӕм, ӕцӕг ӕмбал куыд ис ссарӕн, уый тыххӕй дзы ис фламастерӕй ныв анимаци, ӕмӕ уый фӕрцы нӕ сывӕллӕттӕн бамбӕрстой, ӕмбӕлттӕм цы цӕстӕй кӕсын хъӕуы, уый ӕмӕ сӕ, хорзыл сӕ чи сахуыр кӕндзӕн, ахӕм ӕмбӕлттӕ кӕй хъӕуы агурын. Арӕх jw.org-ы цавӕрдӕр статья фӕзыны йӕ тӕккӕ афоныл ӕмӕ нын баххуыс кӕны, нӕ сывӕллӕттӕ цы зындзинадыл сӕмбӕлынц, уый сӕрты ахизынӕн. Ацы сайты уыйбӕрц хорз уынаффӕтӕ ис, цыма уӕлейӕ исгӕ, бынӕй ахадгӕ сты, афтӕ» (Е. Л., Европӕ).

Стыр ӕххуыс лӕгтӕн ӕмӕ устытӕн

«Мӕ бинойнагимӕ ӕхсӕз азы цӕрӕм. Алы бинонты ’хсӕн дӕр цыдӕр зындзинӕдтӕ фӕзыны, алыхуызӕтты ныхас кӕнын кӕй сахуыр сты, алыхуызон уавӕрты кӕй схъомыл сты ӕмӕ хъуыддӕгтӕм алыхуызон цӕстӕй кӕй фӕкӕсынц, уый тыххӕй. Ӕмӕ ахӕм хабӕртты тыххӕй мах дӕр хатт кӕрӕдзи нӕ бамбарӕм. Сайт jw.org-ы мын ме ’ргом йӕхимӕ аздӕхта статья, «Как стать хорошим слушателем», зӕгъгӕ. Дзырд дзы цыди, адӕймаг иннӕтӕм лӕмбынӕг хъусын куыд сахуыр вӕййы, уый тыххӕй. Статья бакастӕн ӕмӕ йӕ стӕй мӕ бинойнагӕн дӕр равдыстон. Ӕмӕ ныр нӕ дыууӕ дӕр уыцы диссаджы уынаффӕтӕм гӕсгӕ архайӕм» (Б. Б., Вест-Инди)

«Ацы сайты фӕрцы мӕ бинонты цард нӕ фехӕлд»

«Ныр иу афӕдзы бӕрц зонгӕ дӕн Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ ӕмӕ мӕ зӕрдиагӕй бузныг зӕгъын фӕнды уӕ сайты тыххӕй. Бирӕ цыдӕртӕ дзы базыдтон, зӕгъӕм мӕхиуыл хӕцын куыд зонон, куыд уон хорз сӕрыхицау ӕмӕ хорз фыд. Сыгъдӕгзӕрдӕйӕ уын зӕгъын: ацы сайты фӕрцы мӕ бинонты цард нӕ фехӕлд» (Л. Г., Вест-Инди).

Стыр ӕххуыс, хъусӕй чи нӕ хъусы, уыдонӕн

«Сайт jw.org-ы фӕрцы та мӕм цӕрын ӕрцыд. Америкаг къухӕйамонгӕ ӕвзагыл цы видеороликтӕ ис, уыдоны фӕрцы къухӕйамонгӕ ӕвзаг хуыздӕр сахуыр кодтон. Раздӕр мӕм афтӕ касти, ӕмӕ иу рӕстмӕ нысан дӕр мӕ бон мӕ разы сӕвӕрын нӕу. Фӕлӕ видеороилкмӕ? «Смотрю Божье Слово на своем языке», зӕгъгӕ, куы бакастӕн, уӕд мын уый мӕ зӕрдӕ батавта, ныфс мӕ бацыд ӕмӕ мӕхицӕн загътон, зӕгъын, мӕнӕн дӕр мӕ бон у царды хорзӕй цыдӕр аразын» (Дж. Н., Африкӕ).

«Сайт jw.org-ы фӕрцы та мӕм цӕрын ӕрцыд»

«Ацы сайт ӕцӕгдӕр стыр хӕзна у. Ӕз барвӕндӕй ӕххуыс кӕнын, хъусӕй чи нӕ хъусы, уыдонӕн, уӕлдайдӕр та – ӕрыгӕттӕн. Къухӕйамонгӕ ӕвзагыл уыйбӕрц ӕрмӕг кӕй ис, уый фӕрцы хуыздӕр райдыдтон къухӕйамонгӕ ӕвзагыл дзурын. Ацы сайты фӕрцы мӕ бон ӕххуыс кӕнын у, йӕ бинонты цард фӕхуыздӕр кӕнын ӕмӕ хорз ӕмбӕлттӕ ссарын кӕй фӕнды, уыдонӕн» (К. Дж., Вест-Инди).

Стыр ӕххуыс, цӕстӕй чи нӕ уыны, уыдонӕн

«Ӕз цӕстӕй нӕ уынын, ӕмӕ мын сайт jw.org стыр ӕххуыс у. Ахӕм ӕрмӕг дзы ссарын, ӕмӕ мӕм почтӕйӕ цалдӕр мӕймӕ дӕр не ’рбахӕццӕ уыдаид. Ацы сайты фӕрцы мӕ бинонты цард бирӕ фӕхуыздӕр, стӕй иннӕ адӕмӕн дӕр цыдӕр пайда мӕ бон у ӕрхӕссын. Уый фӕрцы информаци мӕнмӕ дӕр фӕхӕццӕ вӕййы, ме ’мбӕлттӕй цӕстӕй чи уыны, уыдонмӕ кӕд тагъд фӕхӕццӕ вӕййы, афтӕ тагъд» (К. А., Хуссар Африкӕ).

«Ацы сайты фӕрцы мӕ бинонты цард бирӕ фӕхуыздӕр, стӕй иннӕ адӕмӕн дӕр цыдӕр пайда мӕ бон у ӕрхӕссын»

«Брайлы шрифтыл кӕсын кӕнӕ брайлы шрифтыл фыст чингуытӕ ӕлхӕнын йӕ бон кӕмӕн нӕу, уыдонӕн jw.org ӕцӕг хӕзна у. Цы диссадджы ауидозаписьтӕ дзы ис, уыдоны фӕрцы куырмытӕн дӕр сӕ бон у бирӕ цыдӕртӕ базонын. Ацы сайт никӕй хъулон кӕны – ӕрмӕг дзы ис алкӕмӕн дӕр. Уый фӕрцы куырмытӕ ӕмбарынц, уыдон дӕр уӕлдайаг кӕй не сты ӕмӕ ӕхсӕнады сӕ бон кӕй у цыдӕр аразын» (Р. Д., Африкӕ).

Стыр ӕххуыс, Хуыцауы базонын кӕй фӕнды, уыдонӕн

«Уӕ сайт иннӕ динты сайттӕй уымӕй хицӕн кӕны, ӕмӕ дзы, динимӕ баст чи у ӕмӕ ӕрмӕстдӕр дины кусджытӕ кӕй ӕмбарынц, ахӕм ныхӕстӕ бирӕ нӕй. Стӕй адӕймаджы информацийы бын дӕр нӕ фӕкӕны. Уӕ сайт у хуымӕтӕг конд ӕмӕ бӕлвырд. Алы фарстайы фӕдыл дӕр дзы дзырд цӕуы цыбыртӕй ӕмӕ дзы зынӕмбарӕн хъуыдытӕ дӕр нӕ вӕййы. Адӕймагмӕ афтӕ нӕ фӕкӕсы, ӕмӕ, уырнындзинад цы у, уый алкӕмӕн йӕ бон нӕу бамбарын. Уый нӕ, фӕлӕ бамбары, уырнындзинад кӕмӕнфӕнды дӕр йӕ бон кӕй у ссарын» (А. Г., Ази).

«Уӕ сайт у хуымӕтӕг конд ӕмӕ бӕлвырд... Уый фӕрцы адӕймаг бамбары, уырнындзинад кӕмӕнфӕнды дӕр йӕ бон кӕй у ссарын»

«Сайт jw.org куы нӕ уыдаид, уӕд мӕ цард уыдаид ӕнкъард ӕмӕ ницӕйаг. Ацы талынг дунейы мын ацы сайт афтӕ у, цыма мӕм кӕцӕйдӕр рухс ӕрбакӕлы. Уайтагъд дзы ссарын, Хуыцау хъуыддӕгтӕм цы цӕстӕй кӕсы, уый кӕм ӕмбарын кӕнынц ӕмӕ царды бирӕ фарстатӕн дзуапп кӕй фӕрцы базонын, ахӕм статьятӕ. Стӕй сӕ ӕрмӕст кӕсын нӕ вӕййы мӕ бон – мӕ бон сӕм вӕййы хъусын дӕр» (Дж. К., Вест-Инди).

«Ацы сайт мын стыр ӕххуыс у Хуыцауы базонынӕн, ӕмӕ мӕ уый тыххӕй стыр бузныг зӕгъын фӕнды. Ам Хуссар Америкӕйы тархъӕды астӕу ӕнӕ уымӕй цы кодтаин – нӕ зонын» (М. Ф., Хуссар Америкӕ).