Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Депрессиимӕ тох кӕнынӕн Библи исты ӕххуыс у?

Депрессиимӕ тох кӕнынӕн Библи исты ӕххуыс у?

Дзуапп Библийӕ

 Ӕппӕты хуыздӕр ӕххуыс раттын йӕ бон у Хуыцауӕн – уый «ныфссаст адӕймагӕн удӕнцой... дӕтты» (2 Коринфӕгтӕм 7:6).

Депресси кӕмӕн ис, ахӕм адӕймагӕн Хуыцау куыд ӕххуыс кӕны

  •   Хъарутӕ. Адӕймаг зын уавӕрты Хуыцаумӕ куы фӕкувы, уӕд ӕй йӕ зындзинӕдтӕй диссаджы хуызы нӕ фервӕзын кӕны, фӕлӕ йын хъарутӕ ратты, цӕмӕй сӕ йӕ бон сфӕразын бауа (Филиппӕгтӕм 4:13). Дызӕрдыг дӕр ыл ма кӕн, Хуыцау дын дӕ куывд кӕй фехъусдзӕн, уымӕн ӕмӕ Библийы фыст ис: «Йегъовӕ хӕстӕг у, зӕрдӕсаст чи у, уыдонмӕ, ӕмӕ, ныфссаст чи у, уыдоны ирвӕзын кӕны» (Псалом 34:18). Ӕмӕ йын дӕ зӕрдӕйы сагъӕстӕ радзурын дӕр дӕ бон куы нӕ уа, уӕддӕр дӕ фехъусдзӕн ӕмӕ дын баххуыс кӕндзӕн (Ромӕгтӕм 8:26, 27).

  •   Хорз цӕвиттонтӕ. Библийы фысджытӕй сӕ иу Хуыцаумӕ куывта: «Уынгӕджы сахат дӕм сдзынӕзтон, о Йегъовӕ». Уыцы псаломзарӕггӕнӕг нӕ рох кодта, Хуыцау адӕмӕн сӕ тӕригъӕдтӕ кӕй хатыр кӕны, ӕмӕ йын уый уыд стыр ныфсы хос. Уый Хуыцауӕн загъта: «О Йагъ, ды адӕймагӕн йӕ рӕдыдтытӕм лӕмбынӕг куы кӕсис, уӕд чи бафӕразид, о Йегъовӕ? Ды ӕцӕгдӕр дӕ хатыргӕнаг, цӕмӕй дӕ тӕрсой» (Псалом 130:1, 3, 4).

  •   Ныфс. Хуыцау нын ӕрмӕст удӕнцой нӕ дӕтты, фӕлӕ ма нын зӕрдӕ ӕвӕры, абон нӕ ныфс цӕй тыххӕй асӕтты, уыдӕттӕн кӕрон кӕй скӕндзӕн. Ӕмӕ йӕ ныхас куы сӕххӕст кӕна, уӕд, «раздӕр цы уыд, уыдон [уыимӕ депресси дӕр] хъуыды дӕр ничиуал ӕркӕндзӕн ӕмӕ зӕрдӕйы дӕр нал баззайдзысты» (Исай 65:17).

 Фиппаинаг. Кӕд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ алы хъуыддаджы дӕр Хуыцауыл сӕ зӕрдӕ дарынц, уӕддӕр ӕмбарынц, иуӕй-иу низтимӕ, зӕгъӕм, депрессиимӕ, тох кӕнынӕн дохтыры ӕххуыс ӕнӕмӕнг кӕй хъӕуы (Марчы 2:17). Фӕлӕ мах цавӕрдӕр хос кӕныны мадзӕлтты сӕрыл нӕ дзурӕм. Алы адӕймаг дӕр йӕхӕдӕг хъуамӕ рахӕсса уынаффӕ, йӕхи куыд дзӕбӕх кӕндзӕн, уый фӕдыл.