Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Раст дин кӕцы у, уый куыд ис базонӕн?

Раст дин кӕцы у, уый куыд ис базонӕн?

Дзуапп Библийӕ

 Раст дин мӕнг динӕй цӕмӕй хицӕн кӕны, уый бамбарынӕн Библийы ис ахӕм цӕвиттон: «Сӕ хъуыддӕгтӕй [комкоммӕ «дыргътӕй», фиппаинаг] сӕ базондзыстут. Искуы исчи сындзы къутӕрӕй сӕнӕфсир кӕнӕ легъуитӕ ӕртыдта?» (Матфейы 7:16). Зӕгъӕм, сӕнӕфсир ӕмӕ сындзы къутӕр куыд хицӕн кӕнынц кӕрӕдзийӕ, цы сыл зайы, уымӕй, афтӕ раст дин ӕмӕ мӕнг дин дӕр кӕрӕдзийӕ хицӕн кӕнынц сӕ хъуыддӕгтӕй.

  1.   Раст дин амоны, Библийы цы ахуырӕдтӕ ис, уыдон, алыхуызон философитӕ нӕ, фӕлӕ (Иоанны 4:24; 17:17). Уыцы ахуырӕдтӕм хауы, зӕгъӕм, уды тыххӕй ахуырад ӕмӕ нын зӕххыл ӕнустӕм дзӕнӕты цӕрыны ныфс кӕй ис, уыцы ахуырад (Псалом 37:29; Исай 35:5, 6; Йезекил 18:4). Раст дин ма ӕргом дзуры, цавӕр мӕнг ахуырӕдтӕ ис, уый тыххӕй дӕр (Матфейы 15:9; 23:27, 28).

  2.   Раст дин адӕмӕн ӕххуыс кӕны Хуыцауы базонынӕн, зӕгъӕм, амоны сын, йӕ ном Йегъовӕ кӕй у (Псалом 83:18; Исай 42:8; Иоанны 17:3, 6). Раст дин афтӕ нӕ амоны, ӕмӕ Хуыцауы базонӕн нӕй, фӕлӕ ӕмбарын кӕны, Хуыцауы кӕй фӕнды, цӕмӕй йӕм баввахс уӕм (Иаковы 4:8).

  3.   Раст дин Йесо Чырыстийы нымайы, Хуыцау адӕмы кӕй фӕрцы фервӕзын кӕндзӕн, ууыл (Хъуыддӕгтӕ 4:10, 12). Раст диныл хӕст чи у, уыдон Чырыстийы фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнынц ӕмӕ архайынц, цӕмӕй йӕ алцӕмӕй фӕзмой (Иоанны 13:15; 15:14).

  4.   Раст дин амоны, адӕмы зындзинӕдтӕн ӕрмӕстдӕр Хуыцауы Паддзахад кӕй скӕндзӕн кӕрон. Раст диныл хӕст чи у, уыдон иннӕтӕн уыцы Паддзахады тыххӕй зӕрдиагӕй дзурынц (Матфейы 10:7; 24:14).

  5.   Раст дин иннӕты разӕнгард кӕны, цӕмӕй кӕрӕдзийы удуӕлдай уарзтӕй уарзой (Иоанны 13:35). Иу адӕмыхатт иннӕйӕ уӕлдӕр не ’вӕры. Алы адӕймагӕн дӕр йӕ бон у, ӕмӕ раст диныл хӕст уа, цыфӕнды адӕмыхаттӕй ма уа, цавӕрфӕнды ӕвзагыл ма дзура ӕмӕ кӕмфӕнды ма схъомыл уа, уӕддӕр (Хъуыддӕгтӕ 10:34, 35). Уыцы диныл хӕст адӕм, иннӕты кӕй уарзынц, уымӕ гӕсгӕ хӕстмӕ нӕ цӕуынц (Михей 4:3; 1 Иоанны 3:11, 12).

  6.   Раст диныл хӕст чи у, уыдоны ’хсӕн нӕй, фидгӕ кӕмӕн кӕнынц, ахӕм разамонджытӕ, стӕй дзы кадджын нӕмттӕй дӕр никӕй хонынц (Матфейы 23:8–12; 1 Петры 5:2, 3).

  7.   Раст диныл хӕст адӕм политикӕимӕ баст хъуыддӕгты ӕппындӕр нӕ архайынц (Иоанны 17:16; 18:36). Фӕлӕ, кӕм цӕрынц, уым хицӕутты нымайынц ӕмӕ сӕ коммӕ кӕсынц, ӕмӕ афтӕмӕй ӕххӕст кӕнынц Библийы фӕдзӕхст: «Паддзахы [ома хицауады] цы у, уый паддзахӕн дӕттут, Хуыцауы цы у, уый та – Хуыцауӕн» (Марчы 12:17; Ромӕгтӕм 13:1, 2).

  8.   Раст диныл хӕст уай, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ ӕнӕуи цыдӕр ӕгъдӕуттӕ ӕххӕст кӕнай. Уый у царды фӕндаг. Раст диныл хӕст чи у, уыдон сӕ царды алы хъуыддаджы дӕр фӕархайынц Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ (Ефесӕгтӕм 5:3–5; 1 Иоанны 3:18). Ӕмӕ уый уӕззау уаргъыл нӕ нымайынц. Уыдон «амондджын Хуыцауӕн» цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕнынц (1 Тимофеймӕ 1:11).

  9.   Раст диныл хӕст адӕм афтӕ бирӕ не сты (Матфейы 7:13, 14). Хуыцауы фӕндон кӕй ӕххӕст кӕнынц, уый тыххӕй сӕм иннӕтӕ арӕх ӕнӕрвӕссон цӕстӕй фӕкӕсынц, фӕхудынц сыл ӕмӕ сӕ ныхмӕ фӕцӕуынц (Матфейы 5:10–12).

Кӕцыдӕр дин, адӕймагӕн йӕ зӕрдӕмӕ кӕй цӕуы, ӕрмӕст уый тыххӕй нӕй раст схонӕн

 Раст нӕ уаид, адӕймаг кӕцыдӕр дин, йӕ зӕрдӕмӕ кӕй цӕуы, ӕрмӕст уый тыххӕй куы равзарид. Библийы загъд уыд, ахӕм рӕстӕг кӕй ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ адӕм «ӕмбырд кӕндзысты, сӕ хъустӕн ӕхсызгон кӕй ныхӕстӕ уой, ахӕм ахуыргӕнджыты [ома дины разамонджыты]» (2 Тимофеймӕ 4:3). Фӕлӕ ма нӕ Библи разӕнгард кӕны, цӕмӕй хӕст уӕм, «нӕ Хуыцау ӕмӕ нӕ Фыды цӕсты сыгъдӕг, ӕнӕфау» чи у, ахӕм диныл, кӕд уыцы динӕн адӕмы цӕсты кад нӕй, уӕддӕр (Иаковы 1:27; Иоанны 15:18, 19).