Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ Йесо Чырыстийы нывонд у «бирӕты тыххӕй ахӕсты аргъ»?

Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ Йесо Чырыстийы нывонд у «бирӕты тыххӕй ахӕсты аргъ»?

Дзуапп Библийӕ

 Чырыстийы нывонды фӕрцы Хуыцау адӕмы ирвӕзын кӕны тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕты цагъарадӕй. Чырысти йӕ туг кӕй ныккалдта, уыцы хъуыддаг Библи хоны «ахӕсты аргъ» (Ефесӕгтӕм 1:7, фиппаинаг; 1 Петры 1:18, 19). Йесо дӕр уымӕн загъта, «бирӕты тыххӕй ахӕсты аргъ бафидыны» тыххӕй кӕй ӕрцыд (Матфейы 20:28, фиппаинаг).

«Бирӕты тыххӕй ахӕсты аргъ бафидын» цӕмӕн бахъуыд?

 Хуыцау фыццаг адӕймаг Адамы куы сфӕлдыста, уӕд уыд ӕххӕст, ома ӕнӕтӕригъӕд. Адамӕн уыд ӕнустӕм цӕрыны фадат, фӕлӕ йӕ Хуыцаумӕ хъусын кӕй нал фӕндыд, уый тыххӕй уыцы цардӕй ӕнӕхай фӕци (Райдиан 3:17–19). Ӕмӕ йын цот куы рацыд, уӕд уыдон дӕр сӕ туджы тӕригъӕд рахастой (Ромӕгтӕм 5:12). Уымӕ гӕсгӕ Библийы фыст ис, Адам йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ байзӕддӕгты дӕр тӕригъӕдӕн кӕй «ауӕй... кодта», ӕмӕ афтӕмӕй тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕты цагъартӕ кӕй систы (Ромӕгтӕм 7:14). Адӕм иууылдӕр ӕнӕххӕст кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ сӕ никӕй бон у ахӕсты аргъ бафидын, цӕмӕй, Адам ӕнӕхай цӕмӕй фӕци, уымӕй фӕстӕмӕ схайджын уой (Псалом 49:7, 8).

 Йегъовӕ Адамы байзӕддӕгтӕн тӕригъӕд кодта, уымӕн ӕмӕ сӕ фидӕнӕй ницы ныфс уыд (Иоанны 3:16). Фӕлӕ, Хуыцау цы рӕстаг уагӕвӕрдтӕ ӕрфидар кодта, уыдонмӕ гӕсгӕ йӕ бон нӕ уыд сӕ тӕригъӕдтӕм куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕсын кӕнӕ сын сӕ ӕнӕуи ныххатыр кӕнын (Псалом 89:14; Ромӕгтӕм 3:23–26). Хуыцау адӕмы кӕй уарзы, уымӕ гӕсгӕ йӕ фӕндыд ӕрмӕст сӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кӕнын нӕ, фӕлӕ ма сӕ уыцы тӕригъӕдтӕй бынтондӕр ссӕрибар кӕнын дӕр (Ромӕгтӕм 5:6–8). Уый тыххӕй хъуыди ахӕсты аргъ бафидын.

Ахӕсты аргъ цы у?

 Библимӕ гӕсгӕ дзырдбаст «ахӕсты аргъ» амоны ӕртӕ хъуыддагмӕ:

  1.   Уый у, цы бафидынц, уый (Нымӕцтӕ 3:46, 47).

  2.   Уый у, адӕймаджы ссӕрибар кӕныны тыххӕй кӕй бафидынц, ахӕм аргъ (Рацыд 21:30).

  3.   Уый у сӕрмӕ-сӕр аргъ, ома йӕ цӕй тыххӕй бафидынц, уымӕн йӕ аргъ бамбӕрзы a.

 Ахъуыды кӕн, ацы ӕртӕ хъуыддаджы, Йесо Чырысти йӕ цард нывондӕн кӕй ӕрхаста, уымӕ куыд хауынц, ууыл.

  1.   Цы бафидынц, уый. Библийы фыст ис, чырыстӕттӕ «стыр аргъӕй ӕлхӕд» кӕй ӕрцыдысты (1 Коринфӕгтӕм 6:20; 7:23). Уыцы аргъ у Чырыстийы туг, ӕмӕ уыцы тугӕй «балхӕдта адӕймӕгтӕ алы мыггагӕй, алы ӕвзагӕй, алы адӕмыхаттӕй ӕмӕ алы адӕмӕй» (Раргомад 5:8, 9).

  2.   Сӕрибардзинад. Чырыстийы нывонды фӕрцы нын фадат ис, цӕмӕй тӕригъӕдӕй «ссӕрибар уӕм» (1 Коринфӕгтӕм 1:30; Колоссӕгтӕм 1:14; Дзуттӕгтӕм 9:15).

  3.   Сӕрмӕ-сӕр аргъ. Чырыстийы нывонд у сӕрмӕ-сӕр аргъ, ома, адӕмы тыххӕй нывондӕн цы ӕххӕст цард радта, уый уыд, Адам ӕнӕхай цы ӕххӕст цардӕй фӕци, уый сӕрмӕ (1 Коринфӕгтӕм 15:21, 22, 45, 46). Библи зӕгъы: «Иу адӕймаг [Адам] ӕгоммӕгӕс кӕй разынд, уый аххосӕй бирӕтӕ тӕригъӕдджынтӕ куыд систы, афтӕ, иу адӕймаг [Йесо Чырысти] коммӕгӕс кӕй уыди, уый фӕрцы бирӕтӕ суыдзысты рӕстгӕнджытӕ» (Ромӕгтӕм 5:19). Ацы ныхӕстӕй бамбарӕн ис, иу адӕймаг йӕ цард кӕй радта, уый фӕрцы бирӕ тӕригъӕдджын адӕмы тыххӕй ахӕсты аргъ фыст куыд ӕрцыд, уый. Чырысти «сӕрмӕ-сӕр ахӕсты аргъ бафыста», Хуыцауы фӕндон чидӕриддӕр ӕххӕст кӕны, уыдоны тыххӕй (1 Тимофеймӕ 2:5, 6, фиппаинаг).

a Библийы дзырд «ахӕсты аргъ»-ӕй цы дзырдтӕ ратӕлмац кодтой, уыдон амонынц цӕйдӕр аргъмӕ кӕнӕ, фидгӕ цы бакӕнынц, ахӕм зынаргъ цӕмӕдӕр. Зӕгъӕм, дзуттаг мивдисӕгӕн кафа́р йӕ сӕйраг нысаниуӕг у «ӕмбӕрзын». Арӕхдӕр фӕамоны тӕригъӕд бамбӕрзынмӕ (Псалом 65:3). Ацы дзырдмӕ хӕстӕг номдар ко́фер амоны, тӕригъӕд бамбӕрзыны тыххӕй, кӕнӕ бафидыны тыххӕй, цы аргъ фыст ӕрцӕуы, уымӕ (Рацыд 21:30). Грекъаг дзырд ли́трон дӕр арӕх ратӕлмац кӕнынц дзырдбаст «ахӕсты аргъ»-ӕй (Матфейы 20:28, фиппаинаг). Грекъаг фысджытӕ-иу ацы дзырдӕй пайда кодтой, уацары-иу чи бахауд, ахӕм ӕфсӕддоны тыххӕй кӕнӕ цагъары тыххӕй ахӕсты аргъ бафидыны кой кӕнгӕйӕ.