ХЪАХЪХЪӔНӔН МӔСЫГ (ӔМБЫРДЫ АХУЫР КӔНЫНӔН) 2016 аз, декабрь

Ацы брошюрӕйы ис, 2017 азы 30 январӕй 26 февралмӕ кӕй ахуыр кӕндзыстӕм, уыцы статьятӕ.

БИОГРАФИ

«Алыхуызон адӕмӕн дӕр сдӕн алцыдӕр»

Дэнтон Хопкинсон ӕрыгонӕй фӕстӕмӕ алы рӕтты кӕй лӕггад кодта, уый фӕрцы федта, Йегъовӕ алыхуызон адӕмы кӕй уарзы.

Хуыцауы стыр хорзӕхы фӕрцы ссӕрибар стут

Йегъовӕ дӕ тӕригъӕдӕй куыд ссӕрибар кодта, уый куы базонай, уӕд дын уый стыр пайда ӕрхӕсдзӕн.

Сыгъдӕг тыхы цы фӕнды, ууыл хъуыды кӕн, ӕмӕ ссардзынӕ цард ӕмӕ фарн

Ромӕгтӕм 8 сӕры цы уынаффӕ ис, уый дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, Йегъовӕ ӕппӕт адӕмӕн дӕр цы хӕрзиуӕг ӕрцӕттӕ кодта, уымӕй схайджын уай.

Бахъуыды кодтай?

Фӕстаг мӕйты цы брошюрӕтӕ рацыд, уыдон бакастӕ? Ӕркӕс-ма, дӕ бон цал фарстайӕн бауыдзӕн дзуапп раттын.

Уе ’ппӕт сагъӕстӕ дӕр Йегъовӕйы бар бакӕнут

Иуӕй-иу хатт Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ мӕт ӕмӕ сагъӕс фӕкӕнынц. Цыппар хъуыддаджы фӕрцы схайджын уыдзынӕ «Хуыцауы фарнӕй»

Йегъовӕ арфӕ кӕны, зӕрдиагӕй йӕ чи агуры, уыдонӕн

Цы пайда нын у, Йегъовӕ нын кӕй арфӕ кӕны, уый зонын? Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн рагзаманты куыд арфӕ кодта ӕмӕ сын абон куыд арфӕ кӕны?

Фӕлмӕн удыхъӕд – зондджын адӕймаджы миниуӕг

Исчи дӕ ницӕй тыххӕй куы бафхӕры, уӕд хиуыл фӕхӕцын ӕнцон нӕ вӕййы, фӕлӕ Библи чырыстӕтты разӕнгард кӕны, цӕмӕй уой фӕлмӕн. Цы дын баххуыс кӕндзӕн ацы миниуӕг дӕ удыхъӕды фидар кӕнынӕн?