Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

БИОГРАФИ

«Алыхуызон адӕмӕн дӕр сдӕн алцыдӕр»

«Алыхуызон адӕмӕн дӕр сдӕн алцыдӕр»

«Аргъуыд куы райсай, уӕд дӕ ныууадздзынӕн!» – бартхъирӕн кодта мӕ фыд мӕ мадмӕ. Уый уыди 1941 азы. Фӕлӕ мӕ мад уӕддӕр донаргъуыд райста. Ӕмӕ мӕ фыд дӕр йӕ ныхас сӕххӕст кодта – ныууагъта нӕ. Уӕд мыл аст азы йеддӕмӕ нӕ цыди.

МӔНӔН уӕдмӕ дӕр рӕстдзинад мӕ зӕрдӕмӕ цыди. Мӕ мадмӕ уыди Библи ӕмбарынгӕнӕн публикацитӕ, ӕмӕ дзы цы фыст уыд, уый мӕ зӕрдӕмӕ тынг цыди. Уӕлдайдӕр та сын уарзтон сӕ нывтӕ. Мӕ фыды нӕ фӕндыд, цӕмӕй-иу мӕ мад, цы базыдта, уый тыххӕй мӕнӕн дзырдтаид. Фӕлӕ мӕн фӕндыд уыдӕттӕ зонын ӕмӕ-иу ӕм мӕхӕдӕг фарстатӕ лӕвӕрдтон. Мемӕ-иу ахуыр кодта, мӕ фыд-иу хӕдзары куы нӕ уыд, уӕд. Гъемӕ мӕн дӕр мӕ мадау бафӕндыд мӕ цард Йегъовӕйӕн снывонд кӕнын. Ӕмӕ 1943 азы, дӕс азы мыл куы цыди, уӕд, Блэкпулы (Английы) донаргъуыд райстон.

ЙЕГЪОВӔЙӔН ЛӔГГАД КӔНЫН РАЙДЫДТОН

Донаргъуыд куы райстон, уӕдӕй фӕстӕмӕ мӕ мадимӕ иумӕ ӕдзух хъусын кӕнынмӕ цыдыстӕм. Уыцы рӕстӕг хорз хабар хъусын кодтам патефонты фӕрцы. Уыдон уыдысты стыр ӕмӕ уӕззау, сӕ уӕз уыд цыппар килӕйы ӕмӕ ’рдӕг. Ахъуыды-ма кӕнут, гыццыл лӕппу уӕвгӕйӕ-иу патефон куыдтӕтӕ хастаин!

14 азы мыл куы сӕххӕст, уӕд мӕ бафӕндыд пионерӕй лӕггад кӕнын. Мӕ мад мын загъта, зӕгъгӕ уал фыццаг аныхас кӕн ӕфсымӕрты лӕггадгӕнӕгимӕ (раздӕр афтӕ хуыдтой районон цӕстдарӕджы). Уый та мын загъта, цӕмӕй уал исты куыстыл сахуыр уыдаин, ӕмӕ мӕ бон уыдаид пионерӕй лӕггадгӕнгӕйӕ мӕхи фӕдарын дӕр. Гъемӕ ӕз дӕр афтӕ бакодтон. Дыууӕ азы куы акуыстон, уӕд та ӕндӕр районон цӕстдарӕгӕн загътон, зӕгъгӕ мӕ фӕнды пионерӕй лӕггад кӕнын. Уый мын загъта: «Тынг хорз! Райдай!»

1949 азы апрелы мӕ мадимӕ нӕ хӕдзары дзауматӕй цыдӕртӕ ауӕй кодтам, цыдӕртӕ та кӕмӕндӕрты радтам, ӕмӕ цӕрынмӕ ацыдыстӕм горӕт Мидлтонмӕ, Манчестермӕ ӕввахс. Уым райдыдтам пионертӕй лӕггад кӕнын. Цыппар мӕйы фӕстӕ ссардтон, пионертӕй иумӕ кӕимӕ лӕггад кодтаиккам, ахӕм ӕфсымӕры. Филиал нын загъта, Ирламы ног ӕмбырд кӕй фӕзынд, ӕмӕ, дам, хорз уаид, лӕггад кӕнынмӕ уырдӕм куы ацӕуиккат. Мӕ мад та иу хоимӕ пионерӕй лӕггад кодта ӕндӕр ӕмбырды.

Уыцы ног ӕмбырды бӕрнон ӕфсымӕртӕ кӕй нӕ фаг кодта, уымӕ гӕсгӕ мын ме ’мбалимӕ бахӕс кодтой ӕмбырдтӕ уадзын, кӕд мыл 17 азы йеддӕмӕ нӕ цыд, уӕддӕр. Фӕстӕдӕр ахызтӕн Бакстоны ӕмбырдмӕ, уымӕн ӕмӕ дзы хъусынгӕнджытӕ бирӕ нӕ уыд ӕмӕ сӕ хъуыди ӕххуыс. Уыцы хабӕрттӕ мӕ бацӕттӕ кодтой мӕ фидӕны хӕслӕвӕрдтӕм.

Адӕмы хонӕм ӕргом раныхасмӕ (Рочестер, штат Нью-Йорк, 1953 аз)

1951 азы Галаады скъоламӕ анкетӕ арвыстон. Фӕлӕ мӕм 1952 азы декабры ӕфсадмӕ фӕсидтысты. Ӕз ӕфсадмӕ ацӕуыныл не сразы дӕн, ӕмӕ сын ӕй афтӕ бамбарын кодтон, зӕгъгӕ, дины кусӕг дӕн. Фӕлӕ мын уӕддӕр стӕрхон кодтой ӕмӕ мӕ 6 мӕймӕ ахӕстоны сбадын кодтой. Уым куы уыдтӕн, уӕд мӕ фӕхуыдтой Галаады 22-ӕм къласмӕ. Ӕмӕ 1953 азы июлы, куы ссӕрибар дӕн, уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр, «Джорджик» чи хуынди, уыцы науыл Нью-Йоркмӕ ацыдтӕн.

Уырдӕм куы ’рхӕццӕ дӕн, уӕд бахаудтӕн конгресмӕ «Ног дунейы чи цӕрдзӕн, уыцы адӕм». Уый фӕстӕ поездыл ацыдтӕн, скъола кӕм уыд, уырдӕм – Саут-Лансингмӕ (штат Нью-Йорк). Ахӕстоны фӕстӕ мӕм ӕхца гыццыл йеддӕмӕ нӕ уыд. Поездӕй куы рахызтӕн, уӕд сбадтӕн, Саут-Лансингмӕ чи цыд, уыцы автобусыл, ӕмӕ, кӕимӕ цыдтӕн, уыдонӕй иу кӕмӕйдӕр фӕндаггагӕн ӕхца ӕфстау райстон.

ФӔСАРӔНТӔМ МӔ СНЫСАН КОДТОЙ

Галаады скъола у диссаджы скъола. Уыцы скъолайы фӕрцы бамбӕрстам, цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй миссионертӕй лӕггадгӕнгӕйӕ «алыхуызон адӕмӕн дӕр суыдаиккам алцыдӕр» (1 Кор. 9:22). Нӕ къласӕй ӕртӕйы – Павел Брууны, Рэймонд Личы ӕмӕ мӕн – снысан кодтой Филиппинтӕм. Фӕлӕ нӕ цалдӕр мӕйы бахъуыд визӕтӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсын. Куы сӕ райстам, уӕд науыл сбадтыстӕм ӕмӕ ацыдыстӕм Роттердаммӕ (Нидерландтӕм), уый фӕстӕ нӕ нау ацыд Зӕххастӕу денджызыл, Суэцы каналыл ӕмӕ Индийы океаныл ӕмӕ бахӕццӕ Малайзимӕ, уырдыгӕй та Гонконгмӕ. Ӕмӕ фӕстагмӕ, денджызыл 47 боны куы фӕцыдыстӕм, уӕд, 1954 азы 19 ноябры бахӕццӕ стӕм Манилӕмӕ.

Рэймонд Личимӕ Филиппинтӕм науыл фӕцыдыстӕм 47 боны

Уым хъуамӕ сахуыр уыдаиккам ног адӕмыл, ног бӕстӕйыл ӕмӕ ног ӕвзагыл. Фӕлӕ не ’ртӕйы дӕр фыццаг снысан кодтой Кесон-Ситийы ӕмбырдмӕ, уым та бирӕтӕ дзырдтой англисагау. Уымӕ гӕсгӕ ӕхсӕз мӕймӕ тагайлаг ӕвзагыл цалдӕр ныхасы йеддӕмӕ нӕ базыдтам. Фӕлӕ нын фӕстӕдӕр цы хъуыддаг бахӕс кодтой, уый фӕрцы хабар фӕивта.

1955 азы майы иу бон ӕфсымӕр Личимӕ уацамындӕй куы ’рбаздӕхтыстӕм, уӕд хӕдзары писмотӕ ӕрбаййӕфтам. Уыцы писмоты фыст уыд, районон цӕстдарджытӕй нӕ кӕй снысан кодтой. 22 азы йеддӕмӕ мыл нӕ цыд, фӕлӕ мын уыцы хӕслӕвӕрды фӕрцы ног фадӕттӕ фӕзынд, цӕмӕй «алыхуызон адӕмӕн дӕр суыдаин алцыдӕр».

Районон конгрессы бикойлаг ӕвзагыл ӕргом раныхас дзурын

Зӕгъӕм, районон цӕстдарӕгӕй лӕггад кӕнын куы райдыдтон, уӕд мӕ фыццаг ӕргом раныхас радзырдтон иу хъӕуы дуканийы раз. Уыцы рӕстӕг Филиппинты ахӕм ӕгъдау уыд, ӕмӕ-иу кӕд раныхӕстӕ ӕргом хуындысты, уӕд-иу сӕ дзургӕ дӕр кодтой ӕргом, ома бирӕ адӕм кӕм уыд, ахӕм бынӕтты! Ӕмбырдтӕ куы бӕрӕг кодтон, уӕд-иу мӕ раныхас радзурын бахъуыд базарты, стыр залты раз, баскетболӕй кӕм хъазыдысты, ахӕм фӕзты, паркты ӕмӕ арӕх та уынгты тигътыл дӕр. Иу хатт горӕт Сан-Паблойы хъуамӕ раныхас радзырдтаин базары, фӕлӕ мын нӕ бантыст, уымӕн ӕмӕ тӕрккъӕвда ныккалдта. Ӕмӕ уӕд бӕрнон ӕфсымӕртӕн загътон, зӕгъын, уӕд та йӕ Паддзахады залы радзурин. Фӕстӕдӕр мӕ ӕфсымӕртӕ бафарстой, ацы раныхас, дам, хыгъды куыд ӕргом раныхас, афтӕ ныффыссӕн ис, кӕд ӕмӕ, дам, ӕй, бирӕ адӕм кӕм вӕййы, уым нӕ радзырдтай, уӕддӕр.

Ӕхсӕв-иу алы хатт дӕр баззадтӕн ӕфсымӕртӕм. Кӕд сӕ хӕдзӕрттӕ хуымӕтӕг уыдысты, уӕддӕр сӕм алкӕддӕр уыд сыгъдӕг. Арӕх-иу мӕ хуыссӕн уыд тӕнӕг гобан хъӕдын пъолыл. Сӕхи-иу кӕм надтой, уыцы бынӕттӕ сын уыдысты ӕрмӕстдӕр ӕддейӕ ӕмӕ-иу бынтон ӕхгӕд нӕ уыдысты, фӕлӕ ууыл дӕр сахуыр дӕн ӕмӕ-иу мӕхи куыддӕрты ныннадтон. Иу ранӕй иннӕ ранмӕ цыдтӕн автобусыл, хатгай та науыл дӕр,– ӕндӕр сакъадӕхтӕм-иу мӕ цӕуын куы хъуыди, уӕд. Цард-цӕрӕнбонты мӕм машинӕ никуы уыд.

Кӕд ӕвзаджы курсытӕ нӕ фӕдӕн, уӕддӕр тагайлаг ӕвзаг сахуыр кодтон. Уый мын бантыст, уацамынды ӕмӕ-иу ӕмбырдты ӕфсымӕртӕм кӕй хъуыстон, уый фӕрцы. Ӕфсымӕртӕ дӕр мын зӕрдиагӕй ӕххуыс кодтой. Фӕразон кӕй уыдысты ӕмӕ-иу мӕ кӕй бараст кодтой, уый тыххӕй сӕ тынг бузныг уыдтӕн.

Рӕстӕг куыд цыд, афтӕ-иу мын мӕ бар бакодтой ног хӕстӕ, ӕмӕ та-иу мӕ хъуыди ног цӕуылдӕрты ахуыр кӕнын. 1956 азы нӕ ӕфсымӕр Нейтан Норр куы бӕрӕг кодта, уӕд нӕм уыди конгресс нӕ бӕстӕйы хъусынгӕнджытӕн. Мӕ хӕслӕвӕрд уыди журналисттимӕ ныхас кӕнын. Ӕз уыцы хъуыддаг раздӕр никуы кодтон, фӕлӕ мын ӕфсымӕртӕ баххуыс кодтой. Уымӕй афӕдз дӕр нӕ рацыд, афтӕ та нӕ бӕстӕйы хъусынгӕнджытӕн конгресс скодтам, ӕмӕ нӕм сӕйраг хайадӕй ӕрцыд ӕфсымӕр Фредерик Френц. Ӕз уыдтӕн конгрессы цӕстдарӕг. Ӕфсымӕр Френцӕн раныхас куы уыд, уӕд йӕ уӕлӕ уыд баронг-тагалог – филиппинӕгтӕ кӕй дарынц, ахӕм хӕдон. Уый бынӕттон ӕфсымӕртӕн тынг ӕхсызгон уыд. Уыцы хабары фӕрцы бамбӕрстон: цӕмӕй адӕмы зӕрдӕтӕм фӕндаг ссарон, уый тыххӕй хъуамӕ истытӕ фӕивынмӕ цӕттӕ уон.

Облӕстон цӕстдарӕгӕй мӕ куы снысан кодтой, уӕд дӕр та мӕ бахъуыд цӕуылдӕрты ахуыр кӕнын. Уыцы рӕстӕджы ӕвдыстам киноныв «Ног дунейы чи цӕрдзӕн, уыцы адӕм сты амондджын». Арӕхдӕр ӕй ӕвдыстам ӕддейӕ, бирӕ адӕм кӕм вӕййы, ахӕм бынӕтты, ӕмӕ-иу ныл кинопроекторы рухсмӕ алыхуызон бындзытӕ ӕрӕмбырд. Уый фӕстӕ-иу нӕ кинопроектор бирӕ фӕсыгъдӕг кодтам. Уыдӕтты тыххӕй-иу кино равдисын ӕнцон нӕ уыд. Фӕлӕ нын тынг ӕхсызгон уыд, адӕм Йегъовӕйы ӕппӕтдунеон организацийы тыххӕй фылдӕр кӕй базонынц, уый уынын.

Католикон сауджынтӕ-иу бынӕттон хицауады кусджыты ардыдтой, цӕмӕй нын конгресстӕ уадзыны бар ма лӕвӕрдтаиккой. Кӕнӕ-иу нӕ конгресстӕ аргъуанмӕ ӕввахс куы уыдысты, уӕд та-иу барӕй сӕ дзӕнгӕрджытӕ цӕгъдын кодтой, ӕмӕ-иу, раныхас чи дзырдта, уыцы ӕфсымӕры хъӕлӕс нал хъуысти. Фӕлӕ уӕддӕр хъуыддаг размӕ цыди, ӕмӕ ныр уыцы рӕтты бирӕтӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынц.

НОГ ХӔСЛӔВӔРДТӔ – ФЫЛДӔР ИВЫНДЗИНӔДТӔ

1959 азы мӕ снысан кодтой филиалмӕ. Ӕмӕ уым дӕр бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр дӕн. Цасдӕры фӕстӕ мын бабар кодтой ӕндӕр бӕстӕты филиалтӕ бӕрӕг кӕнын. Иу ахӕм балцы базонгӕ дӕн Джанет Дюмонимӕ, лӕггад кодта Таиланды миссионерӕй. Иу цасдӕр кӕрӕдзимӕ писмотӕ фыстам, ӕмӕ иу бон нӕ цард баиу кодтам. Ныр 51 азы Йегъовӕйӕн иумӕ зӕрдӕрухсӕй лӕггад кӕнӕм.

Джанетимӕ Филиппинты сакъадӕхтӕй иуыл

Йегъовӕйы адӕмы бирӕ бӕстӕты бабӕрӕг кодтон – ӕдӕппӕтӕй 33 бӕстӕйы. Уыцы бӕстӕты алыхуызон адӕмыл ӕмбӕлдтӕн. Ӕмӕ мӕ раздӕры хӕслӕвӕрдтӕ куы нӕ уыдаиккой, уӕд ӕй нӕ зыдтаин, семӕ мӕхи куыд дарон ӕмӕ куыд ныхас кӕнон, уый. Уыцы бӕстӕтӕ куы бӕрӕг кодтон, уӕд иу хъуыддаг хорз бамбӕрстон: Йегъовӕ уарзы алыхуызон адӕмы (Хъуыд. 10:34, 35).

Мах архайӕм, цӕмӕй уацамынды ӕдзухдӕр цӕуӕм

НЫР ДӔР МА ЦӔУЫЛДӔРТЫ АХУЫР КӔНӔМ

Джанетимӕ нын Филиппинты ӕфсымӕртимӕ иумӕ лӕггад кӕнын ӕхсызгон у. Ацы бӕстӕйы 60 азы размӕ лӕггад кӕнын куы райдыдтон, уӕдӕй нырмӕ дзы хъусынгӕнджытӕ дӕс хатты фӕфылдӕр сты. Мах ныр дӕр лӕггад кӕнӕм филиалы, горӕт Кесон-Ситийы. Ӕмӕ йӕ ӕмбарын, уал азы фӕстӕ дӕр цӕттӕ кӕй хъуамӕ уон, Йегъовӕ цы зӕгъы, уымӕ гӕсгӕ цыдӕртӕ фӕивынмӕ ӕмӕ цӕуылдӕрты сахуыр кӕнынмӕ. Зӕгъӕм, фӕстагмӕ дӕр нӕ организацийы цы ивындзинӕдтӕ ӕрцыд, уыдоны тыххӕй дӕр нӕ бахъуыд цыдӕртӕ фӕивын.

Тынг цин кӕнӕм, Ӕвдисӕнты нымӕц фылдӕр кӕй кӕны, ууыл

Мах алкӕддӕр архайдтам Йегъовӕйы разамындмӕ гӕсгӕ. Адӕймагӕн уымӕй хуыздӕр ницы ис. Цӕмӕй нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕн, хуыздӕр куыд у, афтӕ лӕггад кодтаиккам, уый тыххӕй-иу нӕ хъуыди цыдӕртӕ фӕивын, ӕмӕ-иу уымӕ никуы фӕзивӕг кодтам. Ӕмӕ цалынмӕ Йегъовӕйы фӕнда, цӕмӕй-иу «алыхуызон адӕмӕн дӕр суӕм алцыдӕр», уӕдмӕ афтӕ кӕндзыстӕм.

Ныр дӕр лӕггад кӕнӕм филиалы, горӕт Кесон-Ситийы