Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

СӔЙРАГ ТЕМӔ | АДӔЙМАГӔН ИСЧИ КУЫ АМӔЛЫ...

Зианыл хъыг кӕнын раст нӕу?

Зианыл хъыг кӕнын раст нӕу?

Искуы рынчын уыдтӕ? Чи зоны, афтӕ тагъд адзӕбӕх дӕ, ӕмӕ ма дӕ уый рох дӕр фӕци. Фӕлӕ маст кӕнынӕн йӕ хабар афтӕ нӕу. Психиатр Алан Волфелт йӕ чиныджы ныффыста, зӕгъгӕ, дам, маст ферох кӕнӕн нӕй. Фӕлӕ ма дарддӕр зӕгъы: «Цасдӕры фӕстӕ ӕмӕ иннӕты ’ххуысы фӕрцы зӕрдӕйы рыст фӕсабырдӕр вӕййы» (Healing a Spouse’s Grieving Heart).

Ӕркӕсӕм, Авраамӕн йӕ бинойнаг куы амард, уӕд куыд кодта, уымӕ. Библийы фыст ис: «Авраам бацыд цатырмӕ ӕмӕ Саррӕйыл тынг фӕмаст кодта, фӕкуыдта йыл». Ныхӕстӕ «фӕмаст кодта» ӕмӕ «фӕкуыдта» амонынц дӕргъвӕтин архайдмӕ. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Авраамы бахъуыди цасдӕр рӕстӕг, цӕмӕй йӕ бинойнаджы мӕлӕты фӕстӕ йӕхимӕ ӕрцыдаид *. Иннӕ та уыд Иаков. Иаковы асайдтой, дӕ фырты дын хъӕддаг сырд бахордта, зӕгъгӕ. Уыцы хабар куы фехъуыста, уӕд «бирӕ рӕстӕг» фӕкуыдта. Суанг ӕй йӕ бинонтӕн дӕр сӕ бон ӕрсабыр кӕнын нӕ уыди. Уымӕй цалдӕр азы рацыд, фӕлӕ уӕддӕр Иосифы мӕлӕтыл йӕ зӕрдӕ рыст (Райдиан 23:2; 37:34, 35; 42:36; 45:28).

Авраам маст кодта Саррӕйы мӕлӕтыл

Ӕмӕ уӕдӕй нырмӕ ницы фӕивта – зианыл уыцы заман куыд маст кодтой, афтӕ маст кӕнынц абон дӕр. Ахъуыды-ма кӕн, дӕлдӕр цы дыууӕ цӕвиттоны ис, уыдоныл.

  • «Мӕ цардӕмбал, Роберт, амард 2008 азы 9 июлы. Уыцы бӕллӕх цы райсом ӕрцыд, уый иннӕ райсомтӕй ӕппындӕр ницӕмӕй хицӕн кодта. Куы бахордтам, ӕмӕ Роб куыстмӕ куы фӕцӕйцыд, уӕд иннӕ хӕттытау нӕ кӕрӕдзийӕн апъа кодтам, ахъӕбыс кодтам ӕмӕ, бирӕ дӕ уарзын, зӕгъгӕ, загътам. Ӕхсӕз азы рацыд, фӕлӕ мӕ зӕрдӕ ныр дӕр ма риссы. Роб кӕй нал ис, ууыл искуы сахуыр уыдзынӕн, уый мӕ нӕ уырны» (Гейл, цӕуы йыл 60 азы).

  • «Кӕд мӕ цардӕмбалы мӕлӕтыл 18 азӕй фылдӕр рацыд, уӕддӕр ма йӕ мысын ӕмӕ тынг маст кӕнын. Ӕрдзы рӕсугъдӕй исты куы фенын, уӕд та мӕ зӕрдыл ӕрбалӕууы, ӕмӕ бар-ӕнӕбары ахъуыды кӕнын, афонмӕ йыл куыд цин кодтаид, зӕгъгӕ» (Этьен, цӕуы йыл 84 азы).

Уӕдӕ адӕймагӕн йӕ зианыл йӕ зӕрдӕ кӕй фӕриссы ӕмӕ йын йӕхимӕ ӕрцӕуынӕн бирӕ рӕстӕг кӕй бахъӕуы, уым диссагӕй ницы ис. Иутӕ иухуызон фӕхъыг кӕнынц, иннӕ та – ӕндӕрхуызон. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ раст нӕ уаид, зианджын адӕймаг йӕхи куыд дары, уый тыххӕй тӕрхӕттӕ кӕнын. Стӕй нӕм афтӕ куы кӕса, ӕмӕ ӕгӕр маст кӕнӕм, уӕд уый тыххӕй дӕр хъуамӕ нӕхи ма хӕрӕм. Цы у нӕ бон саразын, цӕмӕй нӕ зӕрдӕйы рыст фӕсабырдӕр уа?

^ 4 абз. Авраамы фырт Исахъ дӕр йӕхиуыл бавзӕрста, хионы мӕлӕт цы рыст бавзарын кӕны, уый тагъд кӕй не ’рсабыр вӕййы. Ацы брошюрӕйы цы статья ис, «Сӕ уырнындзинад сын фӕзмут», зӕгъгӕ, уымӕй нӕ бон у базонын, Исахъ йӕ мад Саррӕйы мӕлӕтыл бирӕ рӕстӕг кӕй фӕмаст кодта. Ӕртӕ азы куы рацыд, уӕддӕр ма йыл йӕ зӕрдӕ рыст (Райдиан 24:67).