Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

СӔ УЫРНЫНДЗИНАД СЫН ФӔЗМУТ | ЕНОХ

«Хуыцауы зӕрдӕ дзы рухс кодта»

«Хуыцауы зӕрдӕ дзы рухс кодта»

ЕНОХ гыццыл нӕ рацард. Чи зоны нӕ уый уырнгӕ дӕр нӕ кӕны, фӕлӕ йыл уӕд цыди иу-365 азы – абон адӕймаг цас цӕры, уымӕй цыппар хатты фылдӕр! Фӕлӕ Енох зӕронд нӕ уыд. Уыцы заман ахӕм кары адӕймаг зӕрондыл нымад нӕ уыди. Уӕд, 50 ӕнусӕй фылдӕры размӕ, адӕм цас цардысты, уый абарӕн дӕр нӕй, абон цас цӕрынц, уыимӕ. Енох куы райгуырд, уӕд Адам цард ӕхсӕз ӕнусӕй фылдӕр ӕмӕ ма уый фӕстӕ дӕр фӕцард ноджыдӕр ӕртӕ ӕнусы! Адамы байзӕддӕгтӕй та иуӕй-иутӕ фӕцардысты уымӕй фылдӕр. Уӕдӕ Енохыл 365 азы куы цыди, уӕд дӕр нырма фидар уыди. Бӕрӕг уыд, йӕ зӕронды бонтӕм ӕй нырма бирӕ кӕй хъӕуы ӕмӕ йын нырма бирӕ цыдӕртӕ кӕй бантысдзӕн. Фӕлӕ йын нӕ бантыст.

Енох уыди тынг тӕссаг уавӕры. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, куыд фӕлидзы. Йӕ сӕрӕй нӕ хизы, ӕрӕджы Хуыцауы ныхас кӕмӕн хъусын кодта, уыдон ын йӕ ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ куыд фесты, уый. Ахӕм мӕсты йӕм раисты, ӕмӕ сӕ дӕндӕгты къӕс-къӕс ссыд, раст ӕй акъабӕзтӕ кодтаиккой. Йӕ ныхӕстӕ сӕ иннӕрдӕм ахызтысты, ӕмӕ йӕ чи рарвыста, уыцы Хуыцаумӕ дӕр фырмӕстӕй фыхтысты. Енохы Хуыцау Йегъовӕйӕн ницы бакодтаиккой, фӕлӕ Енохыл сӕ бон цыди! Чи зоны, Енох ахъуыды кодта, мӕ бинонтӕм ма дзӕбӕхӕй куы фӕхӕццӕ уаин, зӕгъгӕ. Цымӕ йӕ хъуыдытӕ йӕ бинойнаг ӕмӕ йӕ чызджытыл уыдысты ӕви йӕ фырт Мафусалыл, ӕви йӕ фырты фырт Ламехыл? (Райдиан 5:21, 23, 25). Цымӕ йӕ цард хъуамӕ ууыл фӕуа?

Енохы тыххӕй Библийы бирӕ фыст нӕй. Йӕ кой ӕмбӕлы ӕрмӕстдӕр ӕртӕ цыбыр скъуыддзаджы (Райдиан 5:21–24; Дзуттӕгтӕм 11:5; Иудӕйы 14, 15). Фӕлӕ уыдон дӕр фаг сты, цӕмӕй бамбарӕм, цы фидар уырнындзинады хицау уыди, уый. Мыййаг дын бинонтӕ даринаг ис? Искуы ахӕм уавӕры бахаудтӕ, ӕмӕ раст цы у, уый тыххӕй дзургӕйӕ дӕ фидар фӕлӕууын бахъуыди? Кӕд о, уӕд дын Енохы уырнындзинад бирӕ цӕмӕйдӕрты уыдзӕн фӕзминаг.

«ЕНОХ ӔДЗУХДӔР ЦЫДИ ӔЦӔГ ХУЫЦАУИМӔ»

Енохы заман адӕм тынг ӕвзӕр уыдысты. Адамӕй ранымайгӕйӕ уыдон уыдысты ӕвдӕм фӕлтӕр. Уыцы фӕлтӕр нырма фидардӕр ӕмӕ ӕнӕниздӕр уыд, уымӕн ӕмӕ Адам ӕмӕ Евӕ ӕххӕстдзинадӕй ӕнӕхай куы фесты, уымӕй бирӕ рӕстӕг нӕма рацыд. Ӕмӕ адӕм цалдӕргай ӕнустӕ дӕр уый тыххӕй цардысты. Фӕлӕ уыдысты тынг ӕгъдаухӕлд ӕмӕ Хуыцауӕй тынг дард уыдысты. Зӕхх йедзаг уыд фыдми ӕмӕ тыхмийӕ. Адӕм фыддӕрӕй-фыддӕр кӕнын райдыдтой, зӕххыл дыккаг фӕлтӕр куы цард, уӕдӕй фӕстӕмӕ. Уӕд ӕрцыд фыццаг фыдхъуыддаг – Каин амардта йе ’фсымӕр Авелы. Каины байзӕддӕгтӕй ма иу йӕхицӕй ӕппӕлгӕ дӕр кодта, Каинӕй ӕгъатырдӕр кӕй уыд ӕмӕ кӕмӕйдӕр йӕ маст кӕй райста, уый тыххӕй. Ӕртыккаг фӕлтӕры заман та уавӕр ноджы фыддӕр фӕци – адӕм Йегъовӕйы сыгъдӕг ном хынджылӕггаг скодтой (Райдиан 4:8, 23–26).

Енохы заман, ӕвӕццӕгӕн, адӕмӕн сӕ фылдӕр сӕ митӕй Хуыцауы ӕгад кодтой. Енох уынаффӕтӕ хӕссынхъом куы фӕци, уӕд ӕй хъуыд равзарын: иннӕты зондыл ацӕудзӕн ӕви, арв ӕмӕ зӕхх чи сфӕлдыста, уыцы ӕцӕг Хуыцау Йегъовӕйы агурдзӕн. Енох куыннӕ фехъуыстаид, Авел кӕйдӕр къухӕй йӕ мӕлӕт кӕй ссардта, Йегъовӕйӕн, куыд ӕмбӕлы, афтӕ кӕй лӕггад кодта, уый тыххӕй. Ӕмӕ йын уыцы хабар, ӕвӕццӕгӕн, йӕ зӕрдӕйы арф фӕд ныууагъта. Ӕмӕ Енох дӕр уыцы фӕндаг равзӕрста. Райдианы 5:22 стихы кӕсӕм: «Енох ӕцӕг Хуыцауимӕ цыди». Ацы ныхӕстӕй бамбарӕн ис, уыцы ӕнӕхуыцау дунейы Енох иннӕты ’хсӕн бӕрӕг кӕй дардта, Хуыцауыл иузӕрдион кӕй уыд, уымӕй. Ахӕм ныхӕстӕ Библийы фыццаг Енохы тыххӕй ӕрцыдысты загъд.

Уыцы стихы ма фыст ис, Енох Йегъовӕимӕ кӕй цыди йӕ фырт Мафусалы райгуырды фӕстӕ дӕр. Уӕдӕ Енохыл иу-65 азы куы цыд, уӕд ын уыди бинонтӕ. Библийы йӕ бинойнаджы ном фыст нӕй, стӕй йын цал лӕппу ӕмӕ чызджы уыди, уый дӕр бӕрӕг нӕу. Бинонты хистӕр Хуыцауимӕ куы цӕуа, уӕд хъуамӕ йӕ бинонтыл тыхса, Хуыцау куыд зӕгъы, афтӕ. Енох ӕмбӕрста, Йегъовӕйы кӕй фӕнды, цӕмӕй йӕ цардӕмбалыл йӕ зӕрдӕ макуы сива (Райдиан 2:24). Стӕй йӕ сывӕллӕттӕн дӕр Йегъовӕ Хуыцауы тыххӕй куыннӕ дзырдтаид! Мыййаг, йӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы фӕци?

Библийы уый тыххӕй бӕлвырдӕй ницы ис фыст. Библийы цы адӕмы кой ис, уыдонӕй Енохы фырт Мафусалӕй фылдӕр ничи фӕцард, мӕлгӕ та акодта, Доны хъаймӕт куы райдыдта, уыцы аз. Ӕмӕ кӕд Мафусалы уырнындзинады тыххӕй ницы зонӕм, уӕддӕр йӕ фырт Ламехы уырнындзинады тыххӕй нӕ бон у цыдӕртӕ базонын. Ламех куы райгуырд, уӕд ма уый фӕстӕ йӕ фыдыфыд Енох фӕцард 100 азӕй фылдӕр. Ӕмӕ йын Ламех йӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ уыдта йӕ диссаджы уырнындзинад. Йегъовӕйы фӕндӕй Ламех загъта пехуымпар-ныхас йӕ фырт Нойы тыххӕй, ӕмӕ уыцы ныхас сӕххӕст Доны хъаймӕты фӕстӕ. Библийы Нойы тыххӕй дӕр фыст ис, йӕ фыды фыдыфыд Енохы тыххӕй куыд фыст ис, афтӕ, Хуыцауимӕ цыди, зӕгъгӕ. Ной Енохы нал ӕрӕййӕфта. Фӕлӕ Енох йӕ байзӕддӕгтӕн ныууагъта хъӕздыг бынтӕ – зонындзинӕдтӕ Йегъовӕ Хуыцауы тыххӕй. Уыдӕттӕ Ной, ӕвӕццӕгӕн, базыдта йӕ фыд Ламехӕй кӕнӕ йӕ фыдыфыд Мафусалӕй, йе та, чи зоны, Иаредӕй, Енохы фыдӕй. Ӕмӕ уый дӕр диссаг нӕу, уымӕн ӕмӕ Иаред куы амард, уӕд Нойыл цыди 366 азы (Райдиан 5:25–29; 6:9; 9:1).

Ахъуыды-ма кӕн, Енох ӕмӕ Адам кӕрӕдзийӕ куыд тынг хицӕн кодтой, ууыл. Адам кӕд ӕххӕст уыди, уӕддӕр Йегъовӕйы ныхмӕ тӕригъӕд сарӕзта ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕн бынӕн ныууагъта хивӕнд зондахаст ӕмӕ сӕ хъизӕмӕртты хай бакодта. Енох та кӕд ӕнӕххӕст уыди, уӕддӕр цыди Хуыцауимӕ ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕн бынӕн ныууагъта фӕзминаг уырнындзинад. Адам амард, Енохыл 308 азы куы цыди, уӕд. Цымӕ Адамы байзӕддӕгтӕ сӕ хиуарзон фыдӕлы мӕлӕтыл фӕхъыг кодтой? Уый бӕрӕг нӕу. Фӕлӕ куыдфӕнды ма уыдаид, уӕддӕр Енох «ӕдзухдӕр цыди ӕцӕг Хуыцауимӕ» (Райдиан 5:24).

Кӕд бинонты хистӕр дӕ, уӕд ахъуыды кӕн, Енохы дӕ бон цӕмӕй у бафӕзмын, ууыл. Кӕд, дӕ бинонтӕ кӕм цӕрой, сӕ уӕлӕ цы скӕной ӕмӕ цы бахӕрой, ууыл тыхсын ахсджиаг у, уӕд ноджы ахсджиагдӕр та у сӕ уырнындзинадыл тыхсын (1 Тимофеймӕ 5:8). Сӕ уырнындзинад та сын фидар кӕндзынӕ, цы дзурыс, ӕрмӕст уымӕй нӕ, фӕлӕ, цы аразыс, уымӕй дӕр. Ды дӕр Енохау Хуыцауимӕ куы цӕуай ӕмӕ дӕ цард йӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы аразай, уӕд дӕ бинонтӕн хъӕздыг бынтӕ скӕндзынӕ – уырнындзинады хъуыддаджы сын фӕзминаг уыдзынӕ.

«УЫДОНЫ ТЫХХӔЙ ДЗЫРДТА ЕНОХ»

Енох, ӕцӕг Хуыцауы лӕггадгӕнӕг, уыцы ӕнӕуырнӕг адӕмы ’хсӕн йӕхимӕ, чи зоны, иунӕг касти. Фӕлӕ йӕ цымӕ йӕ Хуыцау Йегъовӕ нӕ уыдта? Уыдта. Иубон Йегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнӕгӕн загъта, цӕмӕй йын йӕ ныхас адӕммӕ фӕхӕццӕ кодтаид. Афтӕмӕй Енох сси пехуымпар – Библийы кӕй ныхӕстӕ фыст ӕрцыдысты, уыцы пехуымпартӕй фыццаг. Кӕцӕй йӕ зонӕм? Енох адӕмӕн кӕй хъусын кодта, уыцы хабар бирӕ ӕнустӕ фӕстӕдӕр Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ ныффыста Йесойы ӕфсымӕр Иудӕ *.

Цавӕр хабар хъусын кодта Енох? «Мӕнӕ, Йегъовӕ ӕрцыд йӕ ӕнӕнымӕц рухс зӕдтимӕ, цӕмӕй алкӕмӕн дӕр тӕрхон скӕна ӕмӕ ӕнӕхуыцау адӕм ӕнӕфсармӕй цы ӕнӕхуыцау хъуыддӕгтӕ кодтой ӕмӕ дзы ӕнӕхуыцау тӕригъӕдджынтӕ цы алы фыдтӕ дзырдтой, уыдоны сӕ фӕаххосджын кӕна!» (Иудӕйы 14, 15). Чи зоны, дӕ хъус ӕрдардтай, Енохы ныхӕстӕй афтӕ кӕй уайы, цыма ивгъуыд хабары кой кӕны. Уый фӕстӕ бирӕ ӕндӕр пехуымпарӕдтӕ дӕр афтӕ фыст ӕрцыдысты. Цӕмӕн? Пехуымпар-иу цӕй кой кодта, уый-иу ӕнӕмӕнг кӕй хъуамӕ сӕххӕст уыдаид, уымӕ гӕсгӕ-иу ӕй афтӕ загъта, цыма уӕдмӕ дӕр сӕххӕст ис (Исай 46:10).

Енох ӕнӕхуыцау дунейӕн Хуыцауы хабар хъӕбатырӕй хъусын кодта

Цымӕ Енохӕн уыцы тӕрхон адӕмӕн хъусын кӕнын ӕнцон уыди? Дӕ хъус-ма ӕрдар, цы карз ныхӕстӕ сын дзырдта, уымӕ – кодта «ӕнӕхуыцау» адӕмы ӕмӕ, цы «ӕнӕхуыцау» хъуыддӕгтӕ арӕзтой, уый кой. Фыццаг нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг Едемы цӕхӕрадонӕй тард куы ӕрцыдысты, уӕд адӕм сӕхӕдӕг цы дуне скодтой, уый тынг фехӕлд. Уӕдӕ уыцы пехуымпарадмӕ хъусгӕйӕ иууылдӕр хъуамӕ бамбӕрстаиккой, цы дунейы цардысты, уый цы уавӕры уыд, уый. Ӕмӕ уыцы дунейӕн Йегъовӕ хъавыд кӕрон скӕнынмӕ – хъуамӕ йӕ ӕнӕнымӕц рухс зӕдтимӕ ӕрцыдаид, цӕмӕй йӕ фесӕфтаид. Енох Хуыцауы тӕрхон хъӕбатырӕй хъусын кодта, ӕмӕ уымӕй дӕр зыбыты иунӕгӕй! Ӕвӕццӕгӕн, ӕрыгон Ламехы йӕ фыдыфыды хъӕбатырдзинад дисы ӕфтыдта. Кӕд афтӕ уыд, уӕд ӕй мах хорз ӕмбарӕм.

Енохы уырнындзинады тыххӕй кӕсгӕйӕ, махӕн дӕр нӕ бон у ахъуыды кӕнын: «Цы дунейы цӕрӕм, уымӕ цымӕ ӕз дӕр Хуыцауы цӕстӕй кӕсын?» Енох хъӕбатырӕй цы тӕрхоны хабар хъусын кодта, уый хауы абоны дунемӕ дӕр. Енох куыд дзырдта, афтӕ Йегъовӕ ӕнӕхуыцау дунейыл Нойы бонты Доны хъаймӕт рауагъта. Уыцы хабар амоны, дунемӕ ноджы стырдӕр бӕллӕх кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уымӕ (Матфейы 24:38, 39; 2 Петры 2:4–6). Енохы заман куыд уыд, афтӕ абон дӕр Хуыцау «йӕ ӕнӕнымӕц рухс зӕдтимӕ» ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ӕнӕхуыцау дунейӕн цы раст тӕрхон рахаста, уый кӕд сӕххӕст кӕндзӕн, уымӕ. Енох цы хабар хъусын кодта, уый нӕ алчидӕр хъуамӕ йӕ зӕрдӕмӕ айса ӕмӕ йӕ иннӕтӕн дӕр дзура. Нӕ бинонтӕ ӕмӕ нӕ не ’мбӕлттӕ, чи зоны, не ’мбарынц, ӕмӕ нӕм хатт афтӕ фӕкӕсы, цыма иунӕг стӕм. Фӕлӕ Йегъовӕ Енохы никуы ныууагъта ӕмӕ абон дӕр йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты нӕ ныууадздзӕн!

«ЕНОХЫ ХУЫЦАУ АЙСТА»

Енох цардӕй куыд ахицӕн? Йӕ мӕлӕт йӕ цардӕй диссагдӕр уыд. Райдианы чиныджы фыст ис: «Уый фӕстӕ йӕ ничиуал федта, уымӕн ӕмӕ йӕ Хуыцау айста. Енох ӕдзухдӕр цыди ӕцӕг Хуыцауимӕ» (Райдиан 5:24). Цымӕ Хуыцау Енохы куыд айста? Апостол Павел фӕстӕдӕр бамбарын кодта: «Йӕ уырнындзинады фӕрцы Енохы Хуыцау айста, ӕмӕ Енох мӕлӕт нӕ федта, ӕмӕ йӕ Хуыцау кӕй айста, уымӕ гӕсгӕ йӕ ссарӕн никуыуал уыд. Фӕлӕ йын уый размӕ Хуыцау бамбарын кодта, йӕ зӕрдӕ дзы кӕй рухс кодта, уый» (Дзуттӕгтӕм 11:5). Цымӕ Павелы ныхӕстӕ, «Енохы Хуыцау айста, ӕмӕ Енох мӕлӕт нӕ федта», зӕгъгӕ, куыд ӕмбаргӕ сты? Библийы иуӕй-иу тӕлмацты фыст ис, Хуыцау Енохы уӕлӕрвтӕм кӕй акодта. Фӕлӕ уымӕн гӕнӕн нӕй. Библийы фыст ис, уӕлӕрвты цӕрынӕн фыццаг Йесо Чырысти кӕй райгас (Иоанны 3:13).

Уӕдӕ цымӕ Хуыцау Енохы афтӕ куыд «айста», ӕмӕ «мӕлӕт нӕ федта»? Ӕвӕццӕгӕн ын Йегъовӕ йӕ цард ӕрлӕууын кодта, цӕмӕй йӕ йе знӕгтӕ фыдмард ма акодтаиккой. Фӕлӕ уал ын уый размӕ «Хуыцау бамбарын кодта, йӕ зӕрдӕ дзы кӕй рухс кодта, уый». Куыд? Йӕ мӕлӕты размӕ йын, ӕвӕццӕгӕн, цӕстылуайӕны равдыста, фидӕны зӕххыл чи уыдзӕн, уыцы дзӕнӕт. Уымӕй Йегъовӕ Енохӕн бамбарын кодта, райгонд дзы кӕй у, уый, ӕмӕ Енох мӕрдвынӕй баци. Енохы ӕмӕ ма Хуыцауы ӕндӕр иузӕрдион лӕггадгӕнджыты тыххӕй апостол Павел ныффыста: «Уыдон иууылдӕр суанг сӕ мӕлӕты онг фидар хӕцыдысты сӕ уырнындзинадыл» (Дзуттӕгтӕм 11:13). Уый фӕстӕ йын йе знӕгтӕ, чи зоны, йӕ мард агуырдтой, фӕлӕ йӕ «ссарӕн никуыуал уыд». Ӕвӕццӕгӕн ӕй Йегъовӕ цыдӕр фӕкодта, цӕмӕй дзы ма фӕхынджылӕг кодтаиккой кӕнӕ та йын табу кӕнын ма райдыдтаиккой *.

Енохы мӕлӕты тыххӕй цы базыдтам, уый ма рох кӕнӕм, афтӕмӕй йын йӕ царды фӕстаг минуттӕ нӕ цӕстытыл ауайын кӕнӕм. Хабар ӕндӕрхуызон зынтӕй уыдаид. Енох размӕ лидзы, фырфӕлладӕй йын улӕфт нал фаг кӕны, иу гыццыл ма, ӕмӕ йӕ къӕхтӕ йӕ быны фӕтасдзысты. Йе знӕгтӕ йӕ мӕнӕ-мӕнӕ ӕрбаййафдзысты. Цы тӕрхоны хабар хъусын кодта, уый тыххӕй йӕм ахӕм мӕсты сты, ӕмӕ сӕ ницыуал бауромдзӕн. Енох иу хибар ран амбӕхст, цӕмӕй йӕ улӕфт гыццыл ӕрсабыр уыдаид, фӕлӕ йӕ ӕмбары, сӕ къухтӕй йын фервӕзӕн кӕй нал ис. Ныртӕккӕ йӕ фыдмард кӕй акӕндзысты, уый хорз зоны. Енох йӕ Хуыцаумӕ скуывта, ӕмӕ йӕ зӕрдӕ ӕрсабыр. Цы цӕстылуайӕн уыны, уый ахӕм ирд у, ӕмӕ йӕм афтӕ кӕсы, цыма бынтон ӕндӕр дунейы фестад.

Енохы марынмӕ куы хъавыдысты, уӕд ӕй Йегъовӕ айста

Ахъуыды-ма кӕн, цы диссаджы ныв слӕууыд йӕ цӕстыты раз. Уый у диссаджы дуне, Енох цы дуне зыдта, уыимӕ йын иумӕйагӕй ӕппындӕр ницы ис. Афтӕ рӕсугъд дзы у, ӕмӕ цыма раст Едемы цӕхӕрадоны ис, афтӕ йӕм кӕсы. Ӕрмӕст дзы нӕй, чи йӕ хъахъхъӕны, уыцы херувимтӕ. Ис дзы бирӕ нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ ӕмӕ се ’ппӕт дӕр сты ӕрыгон, ӕнӕниз ӕмӕ амондджын. Бӕрӕг у: фыдзӕрдӕ дзы ничи никӕмӕ дары ӕмӕ дины тыххӕй ничи никӕй ӕфхӕры. Енох ӕмбары, Йегъовӕ йӕ кӕй уарзы ӕмӕ дзы райгонд кӕй у. Дзурын дӕр ын нӕ хъӕуы, ам кӕй ис йӕ бынат, ай кӕй у йӕ хӕдзар. Йӕ зӕрдӕ бынтондӕр ӕрсабыр. Енох йӕ цӕстытӕ ӕрӕхгӕдта ӕмӕ тарф фынӕй баци.

Ӕмӕ абоны онг дӕр «фынӕй кӕны». Уый ис ӕппӕты ӕдасдӕр бынаты – Йегъовӕ Хуыцауы хъуыдыйы! Фӕстӕдӕр Йесо куыд загъта, афтӕмӕй ӕрцӕудзӕн уыцы бон, ӕмӕ, мӕрдтӕй Хуыцауы хъуыдыйы чидӕриддӕр ис, уыдон фехъусдзысты Чырыстийы хъӕлӕс, ӕмӕ рацӕудзысты. Сӕ цӕстытӕ куы байгом кӕной, уӕд фендзысты диссаджы рӕсугъд ног дуне – ӕгӕрон фарн кӕм уыдзӕн, уыцы дуне (Иоанны 5:28, 29).

Уым цӕрын дӕ нӕ фӕнды? Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, Енохыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд куыд тынг цин кӕндзыстӕм. Ахъуыды-ма кӕн, цас диссӕгтӕ нын радзурдзӕн! Уӕд базондзыстӕм, йӕ царды фӕстаг хабӕрттӕ йын нӕ цӕстытыл куыд ауайын кодтам, ӕцӕгдӕр афтӕ уыдысты ӕви нӕ. Фӕлӕ йӕ абон хъуамӕ ӕнӕмӕнгӕй фӕзмӕм иу ахсджиаг хъуыддагӕй. Павел Енохы кой куы ракодта, уӕд уый фӕстӕ загъта: «Ӕнӕ уырнындзинадӕй та Хуыцауы зӕрдӕ барухс кӕнӕн нӕй» (Дзуттӕгтӕм 11:6). Уӕдӕ не ’ппӕт дӕр хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй мах дӕр Енохау хъӕбатыр уӕм ӕмӕ нӕ уырнындзинад Енохы уырнындзинадау фидар уа!

^ 14 абз. Библи чи иртасы, уыцы ахуыргӕндтӕй иуӕй-иутӕ зӕгъынц, Иудӕ уыцы ныхӕстӕ кӕй райста, Енохы чиныг кӕй хонынц, уыцы апокрифон чиныгӕй. Фӕлӕ уыцы чиныджы фыст хабӕрттӕ сты ӕрымысгӕ, чи йӕ ныффыста, уый бӕрӕг нӕу, ӕмӕ йӕ Енохы чиныг хонгӕ цы кӕнынц, ӕндӕр ӕм ӕппындӕр ницы бар дары. Енох цы хабар хъусын кодта, уый дзы раст фыст у. Фӕлӕ йӕ, ӕвӕццӕгӕн, райстой, нӕ рӕстӕгмӕ чи не ’рхӕццӕ, ахӕм рагон документ кӕнӕ таурӕгъӕй. Чи зоны, уыцы хабар Иудӕ дӕр кӕсгӕ бакодта кӕнӕ хъусгӕ фӕкодта, кӕнӕ та Енохы тыххӕй Йесойӕ базыдта. Йесо та Енохы царды хабӕрттӕ хорз зыдта, уымӕн ӕмӕ йӕ уӕлӕрвтӕй уыдта.

^ 20 абз. Йегъовӕ, ӕвӕццӕгӕн, Моисейы мардӕн ӕмӕ Йесойы мардӕн дӕр афтӕ уый тыххӕй бакодта (Дыккаг закъон 34:5, 6; Лукайы 24:3–6; Иудӕйы 9).