Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Библи раст ӕмбарын ахсджиаг цӕмӕн у?

Библи раст ӕмбарын ахсджиаг цӕмӕн у?

Гыццыл чызг кӕсы, заводы трубайӕ фӕздӕг хӕрдмӕ куыд цӕуы ӕмӕ дзы хӕмпус мигъы къуымбилтӕ куыд рауайы. Чызг ахъуыды кодта, зӕгъгӕ, ацы заводы мигътӕ аразынц. Сывӕллӕттӕ цыдӕртӕ раст кӕй нӕ бамбарынц, уый нӕм худӕг фӕкӕсы. Фӕлӕ стыр адӕймаг цыдӕр раст куы нӕ бамбара, уӕд уый, чи зоны, йӕ цардыл дӕр фӕзына. Зӕгъӕм, хосыл цы фыст ис, уый раст куы нӕ бакӕса, уӕд ын уый, гӕнӕн ис, ӕмӕ стыр зиан дӕр ӕрхӕсса.

Уырнындзинадимӕ баст фарстатӕ та ноджы ахсджиагдӕр сты. Зӕгъӕм, фыццаг ӕнусы иуӕй-иутӕ Чырыстийы ныхӕстӕ раст нӕ бамбӕрстой (Иоанны 6:48–68). Уыдон хабар бӕстондӕр базоныныл нӕ бацархайдтой, фӕлӕ сын Чырысти цыдӕриддӕр амыдта, ууыл сӕ къух систой. Ӕвӕдза, цы стыр арфӕдзинадӕй фӕкодтой сӕхи ӕнӕхай!

Кӕд Библийы разамынд фӕагурыс, уӕд раппӕлинаг дӕ. Фӕлӕ цымӕ тӕссаг нӕу, цы кӕсыс, уый раст кӕй нӕ бамбардзынӕ, уымӕй? Ахӕм хабар бирӕтыл ӕрцӕуы. Библийы ис ахӕм ныхӕстӕ, ӕмӕ сӕ арӕх раст нӕ бамбарынц. Ӕркӕсӕм дзы ӕртӕ цӕвиттонмӕ.

  • Иуӕй-иутӕ раст не ’мбарынц Библийы фыст ныхӕстӕ, «тӕрс ӕцӕг Хуыцауӕй», зӕгъгӕ. Уыдон афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ хъуамӕ Хуыцауы раз ӕмризӕджы ризой (Екклесиаст 12:13). Фӕлӕ Хуыцауы нӕ фӕнды, цӕмӕй дзы йӕ лӕггадгӕнджытӕ афтӕ тӕрсой. Хуыцау загъта: «Ма тӕрс, уымӕн ӕмӕ ӕз демӕ дӕн. Тарст ракӕс-бакӕс ма кӕн, уымӕн ӕмӕ ӕз дӕ Хуыцау дӕн. Ӕз дӕ сфидар кӕндзынӕн. Ӕз дын баххуыс кӕндзынӕн» (Исай 41:10). Цыбырдзырдӕй, Хуыцауӕй тӕрсын нысан кӕны, кад ӕмӕ йын аргъ кӕй хъуамӕ кӕнӕм, уый.

  • Цымӕ зӕхх басудздзӕн?

    Чидӕртӕ та Библийы раст не ’мбарынц ацы ныхӕстӕ: «Алцӕмӕн дӕр ис йӕхи афон... Ис рӕстӕг райгуырынӕн ӕмӕ рӕстӕг амӕлынӕн». Уыдон сӕ афтӕ ӕмбарынц, ӕмӕ Хуыцау алы адӕймагӕн дӕр, кӕд амӕлдзӕн, уый йӕ ныхыл ныффыста (Екклесиаст 3:1, 2). Фӕлӕ ам дзырд ууыл цӕуы, адӕймаг кӕй райгуыры ӕмӕ ӕппынфӕстаг кӕй амӕлы. Ацы стихтӕ нын ӕмбарын кӕнынц, мӕлӕтӕй хызт кӕй ничи у. Библи ма нын дзуры, цы уынаффӕтӕ рахӕссӕм, уыдон дӕр кӕй фӕзынынц, цас фӕцӕрдзыстӕм, ууыл. Зӕгъӕм, фыст дзы ис: «Йегъовӕйӕ чи тӕрсы, уымӕн йӕ царды бонтыл бафтдзӕн» (Ӕмбисӕндтӕ 10:27; Псалом 90:10; Исай 55:3). Куыд? Библийӕн куы аргъ кӕнӕм, уӕд нӕхи хиздзыстӕм, не ’нӕниздзинадӕн зиан чи ӕрхӕсдзӕн, ахӕм хъуыддӕгтӕй, зӕгъӕм, фыднозт кӕнынӕй ӕмӕ хӕтындзинадӕй (1 Коринфӕгтӕм 6:9, 10).

  • Чидӕртӕ та комкоммӕ ӕмбарынц Библийы фыст ныхӕстӕ, арв ӕмӕ зӕхх «артӕй басудздзысты», зӕгъгӕ. Сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, Хуыцау зӕхх фесафдзӕн (2 Петры 3:7). Фӕлӕ Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта, зӕхх фесафын кӕй никуы бауадздзӕн. Библийы кӕсӕм: «Ды [Хуыцау] зӕхх сӕвӕрдтай фидар бындурыл, ӕмӕ ӕнустӕм, мыггагмӕ дӕр, нӕ фенкъуысдзӕн» (Псалом 104:5; Исай 45:18). Зӕхх нӕ фесӕфдзӕн, фӕлӕ ацы фыддуне фесӕфдзӕн, раст цыма арты басудздзӕн, афтӕ. Арв басудздзӕн, зӕгъгӕ, уый дӕр комкоммӕ ӕмбарын нӕ хъӕуы. Арвы тыххӕй дзырд комкоммӕ куы фӕцӕуы, уӕд фӕамоны уӕлӕрвтӕм, стъалытӕм кӕнӕ Хуыцауы цӕрӕнбынатмӕ. Ӕмӕ уыдон та никуы фесӕфдзысты.

ИУӔЙ-ИУ ХАТТ БИБЛИ РАСТ ЦӔУЫЛНӔ ФЕМБАРЫНЦ?

Уӕлдӕр чи ис, уыцы цӕвиттонтӕй куыд федтам, афтӕмӕй адӕм арӕх раст нӕ бамбарынц Библийы стихтӕ. Фӕлӕ цымӕ Хуыцау уый цӕмӕн бауагъта? Чидӕртӕ фӕхъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ, кӕд Хуыцау ӕппӕты зондджындӕр у ӕмӕ алцыдӕр зоны, уӕд Библи афтӕ цӕуылнӕ ныффыссын кодта, цӕмӕй йӕ алы адӕймаг дӕр ӕнцонтӕй ӕмбӕрстаид. Ӕркӕсӕм, Библи арӕхдӕр раст цӕуылнӕ бамбарынц, уымӕн цы ӕртӕ аххосаджы ис, уыдонмӕ.

  1. Библи бамбарын йӕ бон у, сӕрныллӕг чи у ӕмӕ ахуыр кӕнын кӕй фӕнды, уыдонӕн. Чырысти йӕ Фыдӕн загъта: «Дзыллӕты раз кадджын кӕнын дӕу, мӕ Фыд, арв ӕмӕ зӕххы Бардарӕг, ацы хъуыддӕгтӕ зондджынтӕ ӕмӕ ӕмбаргӕтӕй кӕй басусӕг кодтай ӕмӕ сӕ сабитӕн кӕй раргом кодтай, уый тыххӕй» (Лукайы 10:21). Библи афтӕ фыст у, ӕмӕ, раст зӕрдӕйы уаг кӕмӕн ис, ӕрмӕстдӕр ӕй уыдонӕн у сӕ бон бамбарын. Сӕрбӕрзонд адӕм та – «зондджынтӕ ӕмӕ ӕмбаргӕтӕ» – Библи фылдӕр хатт раст нӕ фембарынц. «Сабиты» зондахаст кӕмӕн ис, ома сӕрныллӕг чи у ӕмӕ ахуыр кӕнын кӕй фӕнды, уыдон Хуыцауы ныхас раст ӕмбарынц. Ӕмӕ уый диссаг куыннӕ у!

  2. Библи фыст у, йӕ бамбарынӕн Хуыцауӕй ӕххуыс чи куры, уыдонӕн. Чырысти куыд загъта, афтӕмӕй адӕмы хъӕудзӕн ӕххуыс, цӕмӕй сын цы амыдта, уыдӕттӕ иууылдӕр бамбарой. Цымӕ сын чи хъуамӕ баххуыс кодтаид? Чырысти бамбарын кодта: «Ӕххуысгӕнӕг та, сыгъдӕг тых, мӕ Фыд уын мӕ номӕй кӕй ӕрӕрвитдзӕн, уый уын бацамондзӕн ӕппӕт дӕр» (Иоанны 14:26). Уӕдӕ Хуыцау йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы адӕмӕн ӕххуыс кӕны, цӕмӕй Библи ӕмбарой. Фӕлӕ дзы ӕххуыс чи нӕ агуры, уыдонӕн йӕ сыгъдӕг тых нӕ ратты, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ, Библийы цы фӕкӕсынц, уый арӕх ӕмбаргӕ дӕр нӕ фӕкӕнынц. Уымӕй уӕлдай ма сыгъдӕг тых фӕлтӕрдджын чырыстӕтты разӕнгард кӕны, цӕмӕй ӕххуыс кӕной, Хуыцауы тыххӕй фылдӕр базонын кӕй фӕнды, уыдонӕн (Хъуыддӕгтӕ 8:26–35).

  3. Библийы иуӕй-иу стихтӕ бамбарӕн вӕййы, уымӕн афон куы ӕрцӕуы, ӕрмӕстдӕр уӕд. Зӕгъӕм, зӕд пехуымпар Данелӕн загъта, цӕмӕй ныффыстаид, фидӕны чи хъуамӕ сӕххӕст уыдаид, ахӕм хабар. Зӕд ын загъта: «Ды та, Данел, ацы ныхӕстӕ басусӕг кӕн ӕмӕ ацы чиныгыл мыхуыр сӕвӕр кӕроны рӕстӕджы онг». Ӕнусты дӕргъы бирӕтӕ Библийы кастысты Данелы чиныг, фӕлӕ йӕ сӕ бон бамбарын нӕ уыд. Уый зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ Данел, цы ныффыста, уыдӕттӕ йӕхӕдӕг дӕр иууылдӕр ӕмбӕрста. Уымӕ гӕсгӕ сӕрныллӕгӕй загъта: «Ӕз уыдӕттӕ фехъуыстон, фӕлӕ сӕ нӕ бамбӕрстон». Данел цы пехуымпарад ныффыста, уый адӕм раст бамбӕрстаиккой, Хуыцау уымӕн цы бӕлвырд рӕстӕг равзӕрста, уӕд. Зӕд бамбарын кодта: «Ацу, Данел, уымӕн ӕмӕ ацы ныхӕстӕ кӕроны рӕстӕджы онг сты сусӕг ӕмӕ сыл ис мыхуыр ӕвӕрд». Чи хъуамӕ бамбӕрстаид Хуыцауы пехуымпарӕдтӕ? «Ацы ныхӕстӕ иу фыдгӕнӕг дӕр нӕ бамбардзӕн, ӕмбаргӕ чи уа, уыдон та сӕ бамбардзысты» (Данел 12:4, 8–10). Уӕдӕ Библийы кӕцыдӕр скъуыддзӕгтӕ куыд ӕмбаргӕ сты, уый Хуыцау раргом кӕны, уымӕн афон куы ’рцӕуы, уӕд.

Цымӕ искуы афтӕ уыд, ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Библийы кӕцыдӕр пехуымпарӕдтӕ раст не ’мбӕрстой? О. Фӕлӕ Хуыцау цы афон снысан кодта, уый куы ӕрхӕццӕ, уӕд сӕ бӕлвырд бамбӕрстой ӕмӕ сӕ хъуыды аивтой. Уыдон фидарӕй зонынц, афтӕмӕй Чырыстийы апостолты кӕй фӕзмынц – уыдон дӕр-иу сӕ хъуыды аивтой, Чырысти-иу сӕ куы бараст кодта, уӕд (Хъуыддӕгтӕ 1:6, 7).

Мигътӕ кӕцӕй фӕзынынц, уый гыццыл чызг раст кӕй нӕ бамбӕрста, уый йӕ цардыл нӕ фӕзындзӕн. Фӕлӕ Библийы ахуырӕдтӕ раст ӕмбарын тынг ахсджиаг у. Библийы хабар афтӕ ахсджиаг у, ӕмӕ Библи йӕхӕдӕг чи кӕсы ӕмӕ йӕ бамбарын кӕй фӕнды, уыдоны ӕнӕмӕнгӕй хъӕуы ӕххуыс. Уӕдӕ дын чи баххуыс кӕндзӕн, уыцы адӕмы куыд ис базонӕн? Уыдон Библи сӕрныллӕгӕй иртасынц, Библи ӕмбарынӕн сын Хуыцауы сыгъдӕг тых кӕй баххуыс кӕндзӕн, ууыл сӕ ныфс дарынц, ӕмӕ сӕ фидарӕй уырны, Хуыцауы абонӕй тынгдӕр кӕй никуы фӕндыд, цӕмӕй Библи раст ӕмбарӕм. Дӕ хорзӕхӕй, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ аныхас кӕн кӕнӕ сын сӕ сайтмӕ бацу. Библи нын зӕгъы: «Ӕмбарындзинад куы курай... уӕд... ссардзынӕ Хуыцауы тыххӕй зонындзинӕдтӕ» (Ӕмбисӕндтӕ 2:3–5).