Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

ЦЫ ДЫН БАХХУЫС КӔНДЗӔН, ЦӔМӔЙ ДЕ СӔФТ МАКӔМӔЙУАЛ УЫНАЙ?

4 | Хуыцауы фӕрцы дын алцыдӕр рауайдзӕн

4 | Хуыцауы фӕрцы дын алцыдӕр рауайдзӕн

Библийы уагӕвӕрд:

«Хуыцауы сыгъдӕг тых цы дыргъ дӕтты, уый та у уарзондзинад, цин, фарн, бирӕфӕразондзинад, хӕларзӕрдӕдзинад, хорздзинад, уырнындзинад, фӕлмӕн удыхъӕд, хиуыл хӕцын» (ГАЛАТӔГТӔМ 5:22, 23).

Уый цӕуыл дзурӕг у?

Уый гӕнӕн ис, ӕмӕ де сӕфт макӕмӕйуал уынай. Фӕлӕ дӕ уый тыххӕй ӕнӕмӕнг хъӕуы Хуыцауы ӕххуыс. Йӕ сыгъдӕг тыхы дыргъмӕ цы миниуджытӕ хауы, уыдон нӕ хъӕуы нӕ удыхъӕды сфидар кӕнын. Фӕлӕ нын уый ӕрмӕст нӕхи хъаруйы фӕрцы нӕ рауайдзӕн. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ Хуыцауӕй ӕххуыс курӕм. Нӕ ныфс ыл куы дарӕм, уӕд махӕн дӕр нӕ бон уыдзӕн апостол Павелау зӕгъын: «Алцыдӕр у мӕ бон, хъару мын чи дӕтты, уый фӕрцы» (Филиппӕгтӕм 4:13). Стӕй ма нӕ бон уыдзӕн фидарӕй зӕгъын: «Ӕххуысгӕнӕг мын у Йегъовӕ» (Псалом 121:2).

Дӕ бон цы у аразын?

«Ӕз уыдтӕн тынг ӕгъатыр адӕймаг, фӕлӕ мӕ Йегъовӕйы фӕрцы фӕлмӕн адӕймаг рауад» (УАЛЬДО).

Йегъовӕмӕ зӕрдиагӕй кув ӕмӕ дзы йӕ сыгъдӕг тых кур (Лукайы 11:13). Зӕгъ-иу ын, цӕмӕй дын ӕххуыс кӕна, йӕ зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм миниуджытӕ дӕ царды ӕвдисынӕн. Цӕмӕй де сӕфт макӕмӕйуал уынай, уый тыххӕй дӕ хъӕуы ахӕм миниуджытӕ: уарзондзинад, фарн, бирӕфӕразондзинад ӕмӕ хиуылхӕцындзинад. Раиртас, Библийы уыцы миниуджыты тыххӕй цы фыст ис, уый. Ӕмӕ цы базоныс, уымӕ гӕсгӕ-иу архайгӕ дӕр кӕн. Дӕхи бӕтт, уыцы миниуджытӕ кӕмӕ ис, уыдоныл. Ахӕм хорз ӕмбӕлттӕ дӕ разӕнгард кӕндзысты «уарзондзинадмӕ ӕмӕ хорз хъуыддӕгтӕм» (Дзуттӕгтӕм 10:24).