Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

БИБЛИ ИВЫ АДӔЙМАДЖЫ ЦАРД

«Бирӕтӕ мӕ се сӕфт уыдтой»

«Бирӕтӕ мӕ се сӕфт уыдтой»
  • РАЙГУЫРД: 1978 АЗ

  • БӔСТӔ: ЧИЛИ

  • РАЗДӔР: УЫД ТЫНГ ӔГЪАТЫР

МӔ РАЗДӔРЫ ЦАРД.

Ӕз схъомыл дӕн Чилийы сӕйраг горӕт Сантьягойы. Нӕ районы уыд бирӕ бандӕтӕ, наркомантӕ ӕмӕ фыдгӕнджытӕ. Фондз азы мыл куы цыд, уӕд мын мӕ фыды амардтой. Уый фӕстӕ мӕ мад ӕндӕр лӕгимӕ бацард. Мӕ мады лӕг уыд ӕгъатыр, ӕмӕ-иу нӕ дыууӕйы дӕр арӕх фӕнадта. Абоны онг дӕр ма мӕ зӕрдӕйы хъӕдгӕмттӕ нӕ байгас сты.

Куыд стырдӕр кодтон, афтӕ иннӕтӕм кӕсгӕйӕ ӕз дӕр тынг ӕгъатыр сдӕн. Ӕз хъуыстон хеви-металмӕ, фыднозт кодтон ӕмӕ-иу иуӕй-иу хатт наркотиктӕ дӕр скодтон. Наркотиктӕ чи уӕй кодта, уыдонимӕ-иу уынгты арӕх схыл стӕм, цалдӕр хатты мӕ марынмӕ дӕр хъавыдысты. Иухатт ма иу лӕгмары дӕр баххуырстой, цӕмӕй мӕ амардтаид. Уый мӕ кардӕй барӕхуыста, фӕлӕ фервӕзтӕн. Ӕндӕр хатт та мын, наркотиктӕ чи уӕй кодта, уыдонӕй дыууӕйӕ мӕ сӕрмӕ дамбаца сарӕзтой ӕмӕ мӕ ӕрцауындзынмӕ хъавыдысты.

1996 азы бауарзтон иу сылгоймаджы, Каролинӕйы, ӕмӕ 1998 азы нӕ цард баиу кодтам. Нӕ фыццаг лӕппу куы райгуырд, уӕд тӕрсын райдыдтон, мӕстыгӕр кӕй уыдтӕн, уый тыххӕй мӕ мады лӕджы хуызӕн куы суон ӕмӕ мӕ бинонтӕн ӕвзӕр куы уон, уымӕй. Ӕмӕ уӕд мӕхи дзӕбӕх кӕнынмӕ дохтыртӕм ацыдтӕн, фӕлӕ мын сӕ хостӕ ницы баххуыс кодтой. Гыццыл ницӕй тыххӕй дӕр-иу рамӕсты дӕн, мӕхиуыл хӕцын ӕппындӕр нӕ зыдтон. Афтӕ мӕм каст, ӕмӕ мӕ бинонтӕн ӕнӕ мӕнӕй хуыздӕр уыдаид, ӕмӕ уый тыххӕй мӕхи амарынмӕ хъавыдтӕн, фӕлӕ мын дзы ницы рауад.

Бирӕ азты дӕргъы мӕ Хуыцау нӕ уырныдта, кӕд мӕ фӕндыд, цӕмӕй мӕ уырныдтаид, уӕддӕр. Уымӕ гӕсгӕ иу цасдӕр рӕстӕг фӕцыдтӕн евангелисттӕм. Каролинӕ та уыцы рӕстӕг Библи ахуыр кодта Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ. Ӕз сӕ ме сӕфт уыдтон ӕмӕ-иу сын бирӕ хӕттыты алывыдтӕ акалдтон, фӕлӕ мӕм уыдон иунӕг тызмӕг ныхас дӕр никуы скодтой, ӕмӕ, раст зӕгъгӕйӕ, уый ӕнхъӕл нӕ уыдтӕн.

Иухатт мын Каролинӕ загъта, цӕмӕй мӕ Библийы бакастаин Псалом 83:18 стих. Уым фыст ис, Хуыцауы ном Йегъовӕ кӕй у. Тынг диссаг мӕм фӕкаст, ӕз цы диныл хӕст уыдтӕн, уым-иу Хуыцауы тыххӕй дзырдтой, фӕлӕ дзы Йегъовӕйы кой никуы фехъуыстон. Ӕмӕ 2000 азы ӕз дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ райдыдтон Библи ахуыр кӕнын.

БИБЛИЙЫ ФӔРЦЫ МӔ ЦАРД ФӔИВТА.

Библи ахуыр кӕнгӕйӕ бамбӕрстон, Йегъовӕ фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ хатыргӕнаг Хуыцау кӕй у. Зӕгъӕм, Рацыды 34:6, 7 стихты фыст ис: «Йегъовӕ... [у] фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг Хуыцау, уый мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ кӕны, ӕгӕрон у йе ’нувыд уарзт ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр у раст. Йе ’нувыд уарзтӕй хай кӕны мингай фӕлтӕртӕн, хатыр кӕны рӕдыд дӕр, фыдракӕнд дӕр ӕмӕ тӕригъӕд дӕр».

Бамбӕрстон, Йегъовӕ фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ хатыргӕнаг Хуыцау кӕй у

Фӕлӕ-иу Библийӕ цы базыдтон, уымӕ гӕсгӕ цӕрын мын ӕнцон нӕ уыд. Афтӕ мӕм каст, ӕмӕ мӕхиуыл хӕцын мӕ бон никуы бауыдзӕн. Мӕхиуыл фӕхӕцын мын-иу куы нӕ рауад, уӕд та-иу мӕ Каролинӕ йӕ фӕлмӕн ныхӕстӕй ныфс бауагъта. Дзырдта-иу мын, Йегъовӕ кӕй уыны, куыд тынг архайын, цӕмӕй аивон. Уый фӕрцы мӕм-иу тыхтӕ фӕзынд, цӕмӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕныныл дарддӕр архайдтаин, кӕд-иу иуӕй-иу хатт мӕ ныфс бынтондӕр асаст, уӕддӕр.

Алехандро, мемӕ Библи чи ахуыр кодта, уыцы ӕфсымӕр мын иухатт загъта, цӕмӕй бакастаин Галатӕгтӕм 5:22, 23 стихтӕ. Уыцы стихты дзырд цӕуы, Хуыцауы сыгъдӕг тых цы дыргъ дӕтты, уый кӕй у уарзондзинад, цин, фарн, бирӕфӕразондзинад, хӕларзӕрдӕдзинад, хорздзинад, уырнындзинад, фӕлмӕн удыхъӕд, хиуыл хӕцын. Алехандро мын бамбарын кодта, уыцы миниуджытӕ мӕм ӕрмӕст мӕхи фӕрцы кӕй нӕ фӕзындзысты, фӕлӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы. Уыцы ныхӕстӕ мын мӕ зондахаст сраст кӕнынӕн тынг баххуыс кодтой!

Фӕстӕдӕр ацыдтӕн Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты стыр конгресмӕ. Цы уаг ӕмӕ дзы цы ӕгъдау уыд, стӕй дзы куыд сыгъдӕг уыд ӕмӕ кӕрӕдзийыл куыд ӕнувыд сты, уый куы федтон, уӕд ӕппындӕр нал дызӕрдыг кодтон, раст дин кӕй ссардтон (Иоанны 13:34, 35). Ӕмӕ 2001 азы февралы донаргъуыд райстон.

АБОН МӔ ЦАРДӔЙ РАЙГОНД ДӔН.

Ӕз уыдтӕн тынг ӕгъатыр адӕймаг, фӕлӕ мӕ Йегъовӕйы фӕрцы фӕлмӕн адӕймаг рауад. Раст мӕ цыма, цы цъымарайы аныгъуылдтӕн, уырдыгӕй сласта, афтӕ мӕм кӕсы. Бирӕтӕ мӕ уыдтой се сӕфт, фӕлӕ сӕ нӕ аххосджын кӕнын. Абон мӕ бинойнаг ӕмӕ мӕ дыууӕ фыртимӕ Йегъовӕйӕн цингӕнгӕ лӕггад кӕнын.

Мӕ хиуӕтты ӕмӕ мӕ раздӕры ӕмбӕлтты уырнгӕ дӕр нӕ кӕны, афтӕ тынг кӕй аивтон, уый. Уый фӕрцы дзы цалдӕры бафӕндыд Библи ахуыр кӕнын. Уымӕй уӕлдай ма мӕхицӕн стыр кадыл нымайын, адӕмӕн Йегъовӕйы хуыздӕр базонынӕн кӕй ӕххуыс кӕнын, уый. Библи сын сӕ цард куыд ивы, уымӕ кӕсынӕй ӕхсызгондӕр ма цы хъуамӕ уа!