Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

СӔЙРАГ ТЕМӔ | ӔНӔЗӔРДӔХУДТ ЦӔМӔН ХЪУАМӔ УӔМ?

Ӕнӕзӕрдӕхудт уӕм, уый цы пайда у

Ӕнӕзӕрдӕхудт уӕм, уый цы пайда у

«Нӕ зӕрдӕ нӕхиуыл ницӕмӕй худы – мах алы хъуыддаджы дӕр фӕнды ӕнӕзӕрдӕхудтӕй архайын» (Дзуттӕгтӕм 13:18).

Библийы иуӕй-иу рӕтты дзырд «ӕнӕзӕрдӕхудт»-ӕй цы рагон грекъаг дзырд ратӕлмац кодтой, уый нысан кӕны, «ӕнӕхъӕнӕй дӕр хорз цы у, ахӕм цыдӕр». Уымӕй уӕлдай ма амоны, уаг ӕмӕ ӕгъдауы цӕстӕй кӕсгӕйӕ рӕсугъд цы у, уымӕ дӕр.

Чырыстӕттӕ сӕ зӕрдӕмӕ арф исынц, апостол Павел Хуыцауы фӕндӕй цы ныхӕстӕ ныффыста, уыдон: «Мах алы хъуыддаджы дӕр фӕнды ӕнӕзӕрдӕхудтӕй архайын». Уый куыд ӕмбарын хъӕуы?

НӔ ЗӔРДӔЙЫ МИДӔГ ЦЫ ТОХ ЦӔУЫ, УЫЙ

Адӕмӕн сӕ фылдӕр алы райсом дӕр ӕддӕмӕ рацӕуыны размӕ сӕхимӕ кӕсӕнмӕ бакӕсынц. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ сӕ фӕнды, цӕмӕй сӕ бакаст аив уа. Фӕлӕ рӕсугъд сӕрыхъуынты фаст ӕмӕ хӕрзаив дзаума ӕппӕты ахсджиаг не сты. Уымӕй ахсджиагдӕр адӕймагӕн у йӕ удыхъӕд, уымӕн ӕмӕ уый фӕзыны йе ’ддаг бакастыл дӕр – уый йӕ кӕнӕ рӕсугъддӕр кӕны, кӕнӕ фыдынддӕр.

Хуыцауы Ныхасы фыст ис, иууылдӕр ӕвзӕр хъуыддӕгтӕм ӕмхиц кӕй стӕм. «Адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ йӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ здӕхт у ӕвзӕрдзинадмӕ»,– кӕсӕм Райдианы 8:21 стихы. Уӕдӕ цӕмӕй ӕнӕзӕрдӕхудт уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ тох кӕнӕм, нӕ тӕригъӕдджын буары фӕндтимӕ. Апостол Павел тынг ирдӕй равдыста, йӕ туджы цы тӕригъӕд рахаста, уыимӕ куыд тох кодта, уый: «Мӕ зӕрдӕйы мидӕг цин кӕнын Хуыцауы закъоныл, фӕлӕ ме уӕнгты та цӕры ӕндӕр закъон – уый тох кӕны мӕ зонды закъонимӕ. Уый у тӕригъӕды закъон ӕмӕ мӕ кӕны йӕ уацайраг» (Ромӕгтӕм 7:22, 23).

Зӕгъӕм, нӕ зӕрдӕ нӕ куы рӕдийын кӕна ӕмӕ, ӕвзӕр цы у, уый саразын нӕ тынг куы фӕнда, уӕддӕр хъуамӕ нӕ зӕрдӕйы цагъартӕ ма уӕм. Куыд бакӕндзыстӕм, уый нӕхицӕй кӕнгӕ у. Ӕвзӕр хъуыдытӕ нӕ сӕрӕй куы сурӕм, уӕд ӕнӕзӕрдӕхудт уыдзыстӕм, мӕнгард адӕмы ’хсӕн куы уӕм, уӕддӕр.

НӔ ЗӔРДӔЙЫ ФӔНДТЫЛ УӔЛАХИЗ КӔНӔМ

Цӕмӕй ӕнӕзӕрдӕхудт уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ фидар зондыл хӕст уӕм ӕмӕ хӕрзӕгъдау цард кӕнӕм. Фӕлӕ бирӕтӕ сӕ дзаумайы рӕсугъддзинадыл цас фӕхъуыды кӕнынц, сӕ удыхъӕды рӕсугъддзинадыл уыйбӕрц нӕ фӕхъуыды кӕнынц. Уымӕ гӕсгӕ сын пайда куы вӕййы, уӕд сӕ мӕнгард хъуыддӕгтӕн ӕфсон ссарынц. Иу чиныджы уый афтӕ ӕмбарын кӕнынц: «Раст зӕгъгӕйӕ, мах фӕсайӕм растдӕр уыйбӕрц, цӕмӕй нӕхи цӕсты ӕнӕзӕрдӕхудт адӕймӕгтӕй баззайӕм» (The [Honest] Truth About Dishonesty). Фӕлӕ цымӕ бӕлвырдӕй ис базонӕн, цас ӕмбӕлы сайын – кӕд уӕвгӕ ӕмбӕлы, уӕд? Ис.

Милуангай адӕмӕн ӕгас дунейы дӕр уыцы хъуыддаджы стыр ӕххуыс фӕци Библи. Уым уаг ӕмӕ ӕгъдауы фӕдыл цы уагӕвӕрдтӕ ис, уыдон абарӕн ницӕимӕ ис (Псалом 19:7). Библи нын разамынд дӕтты, зӕгъӕм, бинонты царды ӕмӕ куысты фӕдыл, стӕй, хӕрзӕгъдау цард кӕнын ӕмӕ Хуыцаумӕ кувын куыд хъӕуы, уый фӕдыл. Библи пайда кӕй у, уый рӕстӕг равдыста. Йӕ закъӕттӕ ӕмӕ йӕ уагӕвӕрдтӕй сӕ бон пайда кӕнын у ӕппӕт адӕмыхӕттытӕн, расӕтӕн ӕмӕ адӕмтӕн дӕр. Библи лӕмбынӕг куы кӕсӕм, арф ыл куы хъуыды кӕнӕм ӕмӕ йын йӕ уынаффӕтӕй куы пайда кӕнӕм, уӕд суыдзыстӕм ӕнӕзӕрдӕхудт ӕмӕ хӕрзӕгъдау адӕймӕгтӕ.

Фӕлӕ цӕмӕй нӕ зӕрдӕйы фӕндтыл уӕлахиз кӕнӕм, уый тыххӕй, Библийы цы фыст ис, уый базонын фаг нӕу. Цы ӕнӕгъдау дунейы цӕрӕм, уый архайы, цӕмӕй нӕ йӕхи хуызӕн скӕна. Уымӕ гӕсгӕ нӕ хъӕуы Хуыцаумӕ ӕххуысы тыххӕй кувын (Филиппӕгтӕм 4:6, 7, 13). Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд нӕм уыйбӕрц хъӕбатырдзинад уыдзӕн, цӕмӕй, раст цы у, уый аразӕм ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр ӕнӕзӕрдӕхудт уӕм.

ӔНӔЗӔРДӔХУДТ УӔМ, УЫЙ ЦЫ ПАЙДА У

Фыццаг статьяйы кӕй кой кодтам, уыцы нӕлгоймагӕн, Хитосийӕн, стыр пайда фӕци, ӕнӕзӕрдӕхудт адӕймаджы ном ын кӕй уыд, уый. Ныр кӕмӕ кусы, уыцы хицау ын уыцы миниуӕджы тыххӕй тынг аргъ кӕны. Хитоси зӕгъы: «Хуыцауӕй бузныг дӕн, сайын кӕм нӕ хъӕуы, ахӕм куыст кӕй ссардтон, ӕмӕ мӕ цӕсгом йӕ разы сыгъдӕг кӕй у».

Ӕнӕзӕрдӕхудт адӕймаг фӕсмойнаг кӕй никуы фӕвӕййы, уый сӕ цардӕй бирӕтӕ бамбӕрстой. Библийы уагӕвӕрдтӕ сын баххуыс кодтой «алы хъуыддаджы дӕр... ӕнӕзӕрдӕхудтӕй архайынӕн». Ӕркӕсӕм дзы цалдӕры хабармӕ.

  • Сыгъдӕг цӕсгом Хуыцауы раз

    «13 азы мыл куы цыд, уӕд скъолайӕ ацыдтӕн ӕмӕ давджытимӕ сбӕндӕн дӕн. Чи мӕм уыд, уыцы дзауматӕй мӕм, зӕгъӕн ис, иу дӕр мӕхи фыдӕбоны фӕрцы не ’рбафтыд. Чындзы куы ацыдтӕн, уӕд уый фӕстӕ мӕ цардӕмбалимӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдтам. Йегъовӕ * Хуыцау мӕнгард хъуыддӕгтӕй йе сӕфт уыны, уый куы базыдтам, уӕд сфӕнд кодтам нӕ цард аивын. 1990 азы нӕ цард Йегъовӕйӕн снывонд кодтам ӕмӕ донаргъуыд райстам (Ӕмбисӕндтӕ 6:16–19).

    Раздӕр мӕ хӕдзар йедзаг уыд давд дзаумӕттӕй, фӕлӕ мӕм ныр иу ахӕм дзаума дӕр нӕй; ныр мӕ цӕсгом Хуыцауы раз сыгъдӕг у. Уыйбӕрц азты дӕргъы ӕнӕраст цард кӕй фӕкодтон, ууыл куы фӕхъуыды кӕнын, уӕд Йегъовӕйӕ йӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинады тыххӕй тынг бузныг вӕййын. Йегъовӕ мӕ ныр райгонд кӕй у, уый зонын ӕмӕ алы ӕхсӕв дӕр адджын фынӕй бавӕййын» (Шерил, Ирланди).

    «Мӕ хицау куы базыдта, ӕмӕ нӕ клиент чи хъуамӕ суыдаид, ахӕм адӕймагӕй гӕртам райсын кӕй нӕ бакуымдтон, уый, уӕд мын загъта: „Дӕ Хуыцау дӕ диссаджы ӕууӕнкджын адӕймаг рауайын кодта! Нӕ компанийы кӕй кусыс, уый махӕн стыр арфӕдзинад у“. Алы хъуыддаджы дӕр ӕнӕзӕрдӕхудт дӕн ӕмӕ мӕ цӕсгом Хуыцау Йегъовӕйы раз у сыгъдӕг. Уый фӕрцы ма мӕ бон у мӕ бинонтӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн дӕр уыцы хъуыддаджы ӕххуыс кӕнын» (Сонни, Гонконг).

  • Нӕ зӕрдӕйы уыдзӕн фарн

    «Ӕз кусын иу ӕхсӕнадӕмон банчы хицауы хӕдивӕгӕй. Ацы куысты ӕууӕнкджын уай, уый афтӕ ахсджиаг нӕу, хъӕздыг суай, уый куыд ахсджиаг у. Адӕмӕн сӕ фылдӕр ахӕм хъуыдыйыл хӕст сты, зӕгъгӕ, иу гыццыл асайыны ӕвзӕрӕй ницы ис, кӕд уый руаджы схъӕздыг уыдзынӕ ӕмӕ уый экономикӕйыл дӕр хуыздӕрырдӕм фӕзындзӕн, уӕд. Фӕлӕ ӕз ӕнӕзӕрдӕхудт кӕй дӕн, уый фӕрцы мӕ зӕрдӕйы ис фарн. Ӕмӕ амӕй фӕстӕмӕ дӕр сайынмӕ никӕй хъавын, цыфӕнды мын куы кӕной, уӕддӕр. Мӕ хицӕуттӕ йӕ зонынц, ӕз кӕй никӕй асайдзынӕн: нӕдӕр мӕхи пайдайӕн уыдоны ӕмӕ нӕдӕр уыдоны пайдайӕн иннӕты» (Том, АИШ).

  • Нӕхицӕн аргъ кӕндзыстӕм

    «Иу хатт нын куысты цыдӕртӕ фесӕфт ӕмӕ мӕ мӕ хицау сайын кодта. Фӕлӕ ӕз нӕ бакуымдтон. Къӕрныхтӕ куы рабӕрӕг сты, уӕд мын хицау бузныг загъта, ӕнӕзӕрдӕхудт адӕймаг кӕй дӕн, уый тыххӕй. Ацы мӕнгард дунейы ӕнӕзӕрдӕхудт уай, уымӕн хъӕбатырдзинад хъӕуы. Фӕлӕ ныл уый фӕрцы иннӕтӕ ӕппынфӕстаг ӕууӕндын райдайынц ӕмӕ нын фӕаргъ кӕнынц» (Каори, Япони).

Куыд федтам, афтӕмӕй адӕймаг ӕнӕзӕрдӕхудт куы уа, уӕд йӕ цӕсгом Хуыцауы раз уыдзӕн сыгъдӕг, йӕ зӕрдӕйы уыдзӕн фарн ӕмӕ йӕхицӕн аргъ кӕндзӕн. Уӕдӕ ӕнӕзӕрдӕхудт уай, уый стыр пайда у. Разы нӕ дӕ?

^ 18 абз. Библимӕ гӕсгӕ Йегъовӕ у Хуыцауы ном.