Зарут Йегъовӕйӕн. Ног зарджытӕ

Йегъовӕйы кадджын кӕнынӕн фӕзынд ног зарджытӕ. Рафысс ацы рӕсугъд зарджытӕн сӕ музыкӕ ӕмӕ сӕ ныхӕстӕ, ӕмӕ сӕ сахуыр кӕн.

136 ЗАРӔГ

Хуыцауы Паддзахад сфидар – ӕрцӕуӕд зӕхмӕ дӕр!

Ацы рӕсугъд зарӕг кадджын кӕны Хуыцау Йегъовӕйы, Йесо Чырысти Паддзах кӕй у, уый номыл.

137 ЗАРӔГ

Баххуыс нын кӕн, цӕмӕй ныфсджынӕй дзурӕм

Ацы зарӕг у курдиат, цӕмӕй нын Йегъовӕ ӕххуыс кӕна йӕ номы тыххӕй ныфсджынӕй дзурынӕн.

138 ЗАРӔГ

Йегъовӕ у дӕ ном

Кадджын кӕн Йегъовӕйы рухс ном, ӕмӕ уадз ӕмӕ ӕппӕт адӕм дӕр базоной, Иунӕг Стыр Хуыцау кӕй у.

139 ЗАРӔГ

Ӕххуыс сын кӕн, цӕмӕй фидар лӕууой

Ацы зарӕг у курдиат, цӕмӕй Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн тыхтӕ дӕтта ӕмӕ сын ӕххуыс кӕна фидар лӕууынӕн.

140 ЗАРӔГ

Пионеры цард

Азар, Йегъовӕйы ӕппӕт зӕрдӕйӕ кӕй уарзыс, уый тыххӕй ӕмӕ дын дӕ лӕггад ӕмӕ дӕ цард циндзинад кӕй хӕссы, уый тыххӕй.

141 ЗАРӔГ

Агурӕм фарнуарзаг адӕмы

Ацы хъӕлдзӕг зарӕг у, адӕмы кӕй уарзӕм ӕмӕ Хуыцауы зынаргъ фысты зӕрдиагӕй кӕй агурӕм, уый тыххӕй.

142 ЗАРӔГ

Хъусын кӕнӕм алыхуызон адӕмӕн

Азар Йегъовӕйы хӕларзӕрдӕдзинады тыххӕй ӕмӕ мах дӕр алыхуызон адӕмӕн кӕй хъуамӕ ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй Хуыцауы хӕлӕрттӕ суой.

143 ЗАРӔГ

Рухс талынг дунейы

Талынджы ӕрттивы хорз хабар абон дӕрдтыл.

144 ЗАРӔГ

Сӕ цард ууыл баст у

Цалынмӕ рӕстӕг ис, уӕдмӕ хъуамӕ Хуыцауы хорз хабар хъусын кӕнӕм.

145 ЗАРӔГ

Нӕхи цӕттӕ кӕнӕм хъусын кӕнынмӕ

Хӕдзары баззайын нӕ куы фӕнда, уӕддӕр нӕ бон у нӕхимӕ ахӕм хъару ссарын, ӕмӕ хъусын кӕнынмӕ ацӕуӕм.

146 ЗАРӔГ

«Уый мӕнӕн сарӕзтат»

Йесойы сӕрст ӕфсымӕртӕн иннӕтӕ цы хорздзинад саразынц, уый Чырысти афтӕ нымайы, цыма йӕ уымӕн сарӕзтой.

147 ЗАРӔГ

Хуыцауӕн уӕлдай зынаргъ адӕм

Йегъовӕйӕн йӕ фырттӕ, ома йӕ сыгъдӕг тыхӕй сӕрст чырыстӕттӕ, тынг зынаргъ сты. Уыдон ын йӕ фӕндон зӕрдиагӕй ӕххӕст кӕнынц.

148 ЗАРӔГ

Ды радтай дӕ иунӕг Фырты

Арфӕ кӕн Йегъовӕйӕн йе стырдӕр лӕвары тыххӕй. Уыцы лӕвары фӕрцы не ’ппӕтӕн дӕр ис ӕнусон царды ныфс.

149 ЗАРӔГ

Бузныг стӕм Чырыстийы нывонды тыххӕй

Хуыцауы уарзт ӕппӕты тынгдӕр рабӕрӕг, Чырысти барвӕндӕй йӕхи нывондӕн кӕй радта, уымӕй. Ӕмӕ уыцы нывонды тыххӕй Йегъовӕйӕн ӕнустӕм арфӕ кӕндзыстӕм.

150 ЗАРӔГ

Лӕггад кӕнӕм, ӕххуыс кӕм хъӕуы, уым

Азар ацы зарӕг ӕмӕ равдис, цӕттӕ кӕй дӕ, Йегъовӕ дӕ кӕдӕмфӕнды ма арвита, уым лӕггад кӕнынмӕ.

151 ЗАРӔГ

Хуыцауы фыртты кад раргом уыдзӕн

Мах тынг ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, Йегъовӕ Чырыстийы ӕфсымӕрты уӕларвмӕ куы акӕна, уыцы бонмӕ. Уыдон дӕр Чырыстийау уыдзысты уӕлахиздзаутӕ ӕмӕ сын йемӕ иу хӕрзиуӕг уыдзӕн.

152 ЗАРӔГ

Нӕ хъару, нӕ ныфс, нӕ фидар мӕсыг

Царды сагъӕстӕй нӕ зӕрдӕйы тас куы фӕзыны, уӕд Хуыцау вӕййы нӕ хъару, нӕ ныфс ӕмӕ нӕ фидар мӕсыг.

153 ЗАРӔГ

Ӕхсызгон дын нӕу?

Аккаг адӕймӕгты ссарыны тыххӕй, дӕ бон цыдӕриддӕр у, уый кӕй аразыс, уый дын ӕхсызгон нӕу?

154 ЗАРӔГ

Фидар лӕудзыстӕм

Ацы зарӕг нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй фидар лӕууӕм ӕмӕ Йегъовӕйыл кӕронмӕ иузӕрдионӕй баззайӕм.