Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

153 зарӕг

Ӕхсызгон дын нӕу?

Ӕхсызгон дын нӕу?

(Дзуттӕгтӕм 13:15)

  1. ’Хсызгон дын нӕу, зӕгъ-ма,

    дзурын абон хорз хабар

    ’Мӕ дӕ тых, дӕ хъарутӕ

    дӕттын дӕ лӕггадӕн?

    Тауыс рӕстдзинад ды,

    стӕй Хуыцау рӕзын кӕны:

    Уый ӕппӕт сӕрныллӕгтӕн

    уыны сӕ зӕрдӕтӕ.

    БАЗАРД

    Нӕ зонд ӕмӕ нӕ зӕрдӕтӕ

    Хуыцауӕн цингӕнгӕ дӕттӕм,

    ’Мӕ йын хуыздӕр кады нывонд

    хӕсдзыстӕм алы бон.

  2. ’Хсызгон дын нӕу, зӕгъ раст,

    хорз куы рауайы ныхас

    ’Мӕ куы ссары раст фӕндаг

    сӕрныллӕг адӕймаг?

    Алчи нӕ байхъусдзӕн,

    алчи ’Вдисӕн не суыдзӕн.

    Фӕлӕ мах уӕддӕр цӕуӕм

    ’мӕ хорз хабар хӕссӕм.

    БАЗАРД

    Нӕ зонд ӕмӕ нӕ зӕрдӕтӕ

    Хуыцауӕн цингӕнгӕ дӕттӕм,

    ’Мӕ йын хуыздӕр кады нывонд

    хӕсдзыстӕм алы бон.

  3. ’Хсызгон дын нӕу, зӕгъ-ма,

    ныр дӕ фарс кӕй у Хуыцау

    ’Мӕ кӕй бакодта дӕ бар

    ӕнусон хорз хабар?

    Цингӕнгӕ мах цӕуӕм,

    аккаг адӕм’ агурӕм.

    Ныр фӕстӕ нӕ кӕнӕм мах,

    нӕ куыст фӕуыдзӕн тагъд.

    БАЗАРД

    Нӕ зонд ӕмӕ нӕ зӕрдӕтӕ

    Хуыцауӕн цингӕнгӕ дӕттӕм,

    ’Мӕ йын хуыздӕр кады нывонд

    хӕсдзыстӕм алы бон.