Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

2 СӔР

Чи у ӕцӕг Хуыцау?

Чи у ӕцӕг Хуыцау?

1. Хуыцауӕн цӕмӕн хъуамӕ кувӕм?

Ӕцӕг Хуыцау у, ӕппӕт дӕр чи сфӕлдыста, уый. Хуыцау алкӕддӕр уыди ӕмӕ уыдзӕн (Псалом 90:2). Библийы цы хорз хабар ис фыст, уый дӕр уымӕй у (1 Тимофеймӕ 1:11). Цард нын Хуыцау кӕй радта, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ ӕрмӕстдӕр уымӕн кувӕм. Бакӕс Раргомад 4:11.

2. Хуыцау цыхуызӕн у ӕмӕ йӕм цавӕр миниуджытӕ ис?

Хуыцауы никуы ничи федта, уымӕн ӕмӕ у ӕнӕуынгӕ. Зӕххон адӕймаджы буар ын нӕй – уый адӕймагӕй у бирӕ уӕлдӕр (Иоанны 1:18; 4:24). Хуыцауы тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ базонӕн ис, цы сфӕлдыста, уымӕй. Зӕгъӕм, зӕххыл уыйбӕрц алыхуызон дыргътӕ ӕмӕ дидинджытӕ кӕй ис, уый дзурӕг у йӕ уарзондзинадыл ӕмӕ йе стыр зондыл. Ӕгӕрон Дун-дуне та дзурӕг у, стыр тыхы хицау кӕй у, ууыл. Бакӕс Ромӕгтӕм 1:20.

Хуыцауы тыххӕй ноджы фылдӕр та базонӕн ис Библийӕ. Фыст дзы ис, Хуыцау цы уарзы ӕмӕ цы нӕ уарзы, стӕй адӕммӕ цы цӕстӕй кӕсы ӕмӕ алыхуызон уавӕрты куыд бакӕны, уый тыххӕй. Бакӕс Псалом 103:7–10.

3. Хуыцауӕн ном ис?

Чырысти загъта: «Нӕ уӕларвон Фыд, срухс уӕд дӕ ном» (Матфейы 6:9). Адӕм Хуыцауы кой куы фӕкӕнынц кӕнӕ йӕм куы фӕкувынц, уӕд алыхуызон дзырдтӕй фӕпайда кӕнынц, фӕлӕ йын ном иу йеддӕмӕ нӕй. Йӕ ном алы ӕвзагыл дӕр алыхуызон хъуысы. Иронау у «Йегъовӕ». Бакӕс Псалом 83:18.

Библийы тӕлмацтӕй бирӕтӕй Хуыцауы ном айстой ӕмӕ йӕ баивтой ахӕм дзырдтӕй, «Хицау», «Дунедарӕг» кӕнӕ «Хуыцау», зӕгъгӕ. Фӕлӕ Библи фыст куы ’рцыд, уӕд дзы Хуыцауы ном ӕмбӕлд 7 000 хатты бӕрц. Чырысти адӕмӕн Хуыцауы тыххӕй куы дзырдта, уӕд сын йӕ ном ӕргом кодта. Бакӕс Иоанны 17:26.

Бакӕс видеороликмӕ «Хуыцауӕн ном ис?»

4. Цымӕ ныл Йегъовӕ тыхсы?

Ацы уарзӕгой фыдау Хуыцау дӕр тыхсы, цӕмӕй нын фидӕны хорз уа

Цымӕ абон дуне адӕм кӕй хъизӕмар кӕнынц, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ ныл Йегъовӕ нӕ тыхсы? Бирӕтӕ фӕзӕгъынц, Хуыцау, дам, нӕ фӕлваргӕ кӕны, ӕмӕ нын хъизӕмӕрттӕ дӕр уый тыххӕй ӕвзарын кӕны. Фӕлӕ уый афтӕ нӕу. Бакӕс Иаковы 1:13.

Хуыцау адӕймагӕн радта сӕрибардзинад ӕмӕ уымӕй равдыста, кӕй нын аргъ кӕны. Бар нын дӕтты, цӕмӕй нӕхӕдӕг равзарӕм, лӕггад ын кӕндзыстӕм ӕви нӕ. Ӕмӕ дзы уый тыххӕй бузныг нӕ дӕ? (Йесо Навин 24:15). Фӕлӕ бирӕтӕ сӕ сӕрибардзинадӕй раст нӕ пайда кӕнынц. Уыдон иннӕты ӕфхӕрынц, ӕмӕ зӕххыл уыйбӕрц хъизӕмӕрттӕ дӕр уымӕн ис. Уыдӕттӕм кӕсгӕйӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ фӕриссы. Бакӕс Райдиан 6:5, 6.

Йегъовӕ ныл тыхсы ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй нӕ цардӕй нӕ зӕрдӕ райа. Тагъд уый кӕрон скӕндзӕн хъизӕмӕрттӕн ӕмӕ сӕ адӕмӕн чи ӕвзарын кӕны, уыдонӕн. Йегъовӕ зындзинӕдтӕ рӕстӕгмӕ бауагъта иу ахсджиаг хъуыддаджы тыххӕй. Ууыл дзырд цӕудзӕн 8 сӕргонды. Бакӕс 2 Петры 2:9; 3:7, 13.

5. Хуыцауы хӕлӕрттӕ цӕй фӕрцы суыдзыстӕм?

Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йӕм кувӕм, ома йемӕ ныхас кӕнӕм, ӕмӕ афтӕмӕй йӕ хӕлӕрттӕ суӕм. Хуыцауӕн алы адӕймаг дӕр зынаргъ у (Псалом 65:2; 145:18). Йегъовӕ у хатыргӕнаг. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хатт цыдӕр раст нӕ саразӕм. Фӕлӕ уӕддӕр Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕныныл куы фӕархайӕм, уӕд ын ӕхсызгон вӕййы. Уӕдӕ кӕд ӕнӕххӕст стӕм, уӕддӕр нӕ бон у, ӕмӕ, дыууӕ ӕмбалы куыд ӕввахс вӕййынц, афтӕ ӕввахс уӕм Хуыцаумӕ. Бакӕс Псалом 103:12–14; Иаковы 4:8.

Цард нын Йегъовӕ кӕй радта, уымӕ гӕсгӕ алкӕмӕй фылдӕр хъуамӕ уый уарзӕм (Марчы 12:30). Хуыцауы тыххӕй фылдӕр базоныныл куы архайай ӕмӕ дын цы дзуры, уый куы аразай, уӕд уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, кӕй йӕ уарзыс. Уый фӕрцы йӕм ноджы тынгдӕр баввахс уыдзынӕ. Бакӕс 1 Тимофеймӕ 2:4; 1 Иоанны 5:3.