Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты организацийы бындурӕвӕрӕг чи уыд?

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты организацийы бындурӕвӕрӕг чи уыд?

 Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты организаци архайын райдыдта 19 ӕнусы кӕрон. Уыцы рӕстӕг иу гыццыл къорд райдыдта Библи лӕмбынӕг ахуыр кӕнын. Уыдон цардысты Питтсбургмӕ ӕввахс (штат Пенсильвани, Америкӕйы Иугонд Штаттӕ). Уыдон-иу, аргъуан кӕй амыдта, уыцы ахуырӕдтӕ абарстой, Библи ӕцӕгдӕр цы дзуры, уыимӕ. Цы базыдтой, уый райдыдтой мыхуыр кӕнын чингуыты, газетты ӕмӕ сӕ журналы. Уыцы журнал абон хуыйны «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад».

 Библи лӕмбынӕг чи иртӕста, уыдоны ’хсӕн уыди Чарлз Тейз Расселл дӕр. Кӕд Расселл Библи ахуыр кӕныны хъуыддаджы йӕхимӕ разамынд райста ӕмӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» журнал уадзын райдыдта, уӕддӕр афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ ног динӕн бындур ӕрӕвӕрдта. Расселлӕн ӕмӕ Библииртасджытӕн (уыцы къорд уӕд афтӕ хуыдтой) сӕ нысан уыди Йесо Чырыстийы ахуырӕдтӕ парахат кӕнын ӕмӕ фыццаг ӕнусы чырыстон ӕмбырд куыд архайдта, афтӕ архайын. Йесо чырыстон дины Бындурӕвӕрӕг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ йӕ мах нымайӕм нӕ организацийы бындурӕвӕрӕгыл (Колоссӕгтӕм 1:18–20).