Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цӕмӕн хуыйнынц?

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цӕмӕн хуыйнынц?

 Библийы куыд кӕсӕм, афтӕмӕй Хуыцауы ном у Йегъовӕ (Рацыд 6:3; Псалом 83:18). Ӕвдисӕн та у, цавӕрдӕр хабар фидарӕй чи зоны ӕмӕ йӕ иннӕтӕн чи дзуры, ахӕм адӕймаг.

 Уымӕ гӕсгӕ, нӕ ном, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, ууыл дзурӕг у, ӕмӕ мах стӕм, Йегъовӕйы тыххӕй, ӕппӕтдӕр чи сфӕлдыста, уый тыххӕй рӕстдзинад чи дзуры, уыцы чырыстӕттӕ (Раргомад 4:11). Куыд цӕрӕм ӕмӕ, Библийӕ цы базыдтам, уый иннӕтӕн кӕй хъусын кӕнӕм, уымӕй Хуыцауӕн ӕвдисӕн лӕууӕм (Исай 43:10–12; 1 Петры 2:12).