Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Цы у Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы, Библиты ӕмӕ трактатты Ӕхсӕнад?

Цы у Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы, Библиты ӕмӕ трактатты Ӕхсӕнад?

 Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы, Библиты ӕмӕ трактатты Ӕхсӕнад (Пенсильвани) у, ӕхцайы куыст чи нӕ кӕны ӕмӕ штат Пенсильванийы закъонмӕ гӕсгӕ регистраци кӕмӕн ис, ахӕм организаци. Арӕзт ӕрцыд 1884 азы. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн ацы организацийы фӕрцы бар ис, цӕмӕй ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр сӕ динимӕ баст хъуыддӕгты архайой, зӕгъӕм, Библитӕ ӕмӕ Библи ӕмбарынгӕнӕн литературӕ мыхуыр кӕной.

 Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы, Библиты ӕмӕ трактатты Ӕхсӕнады уставы куыд фыст ис, афтӕмӕй йӕ нысан у «динимӕ баст хъуыддӕгты архайын, иннӕты ахуыр кӕнын ӕмӕ, бӕллӕхты чи бахауы, уыдонӕн ӕххуыс кӕнын», стӕй «Хуыцауы Паддзахады тыххӕй ӕмӕ йӕ паддзах Йесо Чырыстийы тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнын». Ӕхсӕнады уӕнгтӕ свӕййынц, кӕй фӕхонынц, ӕрмӕстдӕр уыдон; уыцы хъуыддаг, мысайнаг цас дӕттой, уымӕй кӕнгӕ нӕу. Ӕхсӕнады уӕнгтӕ ӕмӕ директортӕ ӕххуыс кӕнынц Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты Разамонӕг советӕн.

Иннӕ юридикон организацитӕ

 Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы, Библиты ӕмӕ трактатты Ӕхсӕнад (Пенсильвани) йеддӕмӕ ма Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн алыхуызон бӕстӕты ис иннӕ юридикон организацитӕ дӕр. Иуӕй-иутӕн сӕ сӕ номы англисау фыст ис ахӕм ныхӕстӕ, зӕгъӕм, «Watch Tower», «Watchtower» («Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»), кӕнӕ та сӕ бынӕттон ӕвзагмӕ ратӕлмац кодтой.

 Уыцы юридикон организацитӕ нын кӕй ис, уый фӕрцы нӕ къухы бирӕ цыдӕртӕ ӕфты.

  •   Литературӕ фыссӕм ӕмӕ йӕ мыхуыр кӕнӕм. Библи ныммыхуыр кодтам 220 милуан экземпляры бӕрц, Библи ӕмбарынгӕнӕн литературӕ та – 40 миллиард экземпляры бӕрц 900 ӕвзагӕй фылдӕрыл. Нӕ сайты фӕрцы адӕмӕн сӕ бон у Библи онлайн кӕсын 160 ӕвзагӕй фылдӕрыл ӕмӕ алыхуызон фарстатӕн дзуапп ссарӕн, зӕгъӕм, «Цы у Хуыцауы Паддзахад?», ӕмӕ уый тыххӕй ӕхца фидын нӕ хъӕуы.

  •   Иннӕты ахуыр кӕнӕм. Нӕ организацийы ис алыхуызон скъолатӕ. Зӕгъӕм, 1943 азӕй фӕстӕмӕ 8 000 Йегъовӕйы Ӕвдисӕнӕй фылдӕр сахуыр кодтой Хъахъхъӕнӕн Мӕсыджы Ӕхсӕнады библион скъола Галаады. Уыцы скъола каст чи фӕвӕййы, уыдон миссионертӕй фӕлӕггад кӕнынц, ӕмбырдтӕн феххуыс кӕнынц, стӕй фӕархайынц, цӕмӕй, нӕ организаци ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр цы куыст кӕны, уый размӕ цӕуа. Алы къуыри дӕр милуангай адӕм, уыимӕ, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн чи нӕу, уыдон дӕр, ахуыр кӕнынц бынӕттон ӕмбырдты. Ис ма нӕм курсытӕ, кӕсын чи нӕ зоны, уыдонӕн. Ӕмӕ уый тыххӕй 120 ӕвзагыл рауагътам сӕрмагонд чиныг, цӕмӕй, кӕй фӕнды, уыдон кӕсын ӕмӕ фыссын сахуыр уой.

  •   Ӕххуыс кӕнӕм. Мах ӕххуыс кӕнӕм, алыхуызон бӕллӕхты чи бахауы, уыдонӕн,– уыцы бӕллӕхтӕ адӕмы аххосӕй уой (зӕгъӕм, 1994 азы Руандӕйы иу адӕмыхатт иннӕйы куы цагъта) ӕви ӕрдзон бӕллӕхтӕ уой (зӕгъӕм, 2010 азы Гаитийы зӕххӕнкъуыст куы уыд), уӕддӕр.

 Кӕд нын нӕ юридикон организациты руаджы бирӕ ӕнтысы, уӕддӕр нӕ куыст размӕ сӕйраджыдӕр уыдоны фӕрцы нӕ цӕуы. Чырыстӕттӕй алчидӕр хӕсджын у, Хуыцау сын кӕй бабар кодта, уыцы куыст кӕнын: хорз хабар хъусын кӕнын ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын (Матфейы 24:14; 28:19, 20). Мах фидарӕй зонӕм, Хуыцау кӕй «рӕзын кӕны» хъусын кӕныны хъуыддаг ӕмӕ нын дарддӕр дӕр кӕй арфӕ кӕндзӕн (1 Коринфӕгтӕм 3:6, 7).