Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дины хъуыддӕгты ӕндӕр динтыл хӕст адӕмимӕ иумӕ цӕуылнӕ архайынц?

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дины хъуыддӕгты ӕндӕр динтыл хӕст адӕмимӕ иумӕ цӕуылнӕ архайынц?

 Мах, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, уарзӕм цыфӕнды диныл хӕст адӕмимӕ дӕр дины фарстатыл ныхас кӕнын, фӕлӕ семӕ иумӕ дины хъуыддӕгты нӕ архайӕм. Библийӕ бӕрӕг у, ӕцӕг чырыстӕттӕ кӕй хъуамӕ уой «иу зондыл хӕст», ӕмӕ уый сӕйраджыдӕр хауы динимӕ баст фарстатӕм (1 Коринфӕгтӕм 1:10; Ефесӕгтӕм 4:16; Филиппӕгтӕм 2:2). Фӕлӕ иу зондыл хӕст кӕй сты, уый хъуамӕ ӕрмӕст уымӕй ма уа бӕрӕг, ӕмӕ, зӕгъӕм, уарзондзинад, иннӕтӕн тӕригъӕд кӕнын ӕмӕ хатыр кӕнын тынг ахсджиаг миниуджытыл нымайынц. Мах ӕууӕндӕм, Библийӕ бӕлвырдӕй цы базыдтам, ууыл, кӕннод нӕ уырнындзинадӕн бындур нӕ уаид (Ромӕгтӕм 10:2, 3).

 Ӕндӕр динтыл хӕст адӕмимӕ иумӕ дины хъуыддӕгты архайын Библи бары, адӕймаг йӕхиуыл уӕззау ӕфсондз куыд сӕвӕра, уыимӕ, ӕмӕ уый та чырыстоны уырнындзинадӕн ӕрхӕссид зиан (2 Коринфӕгтӕм 6:14–17). Ӕмӕ Йесо дӕр уый тыххӕй дзырдта, цӕмӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дины хъуыддӕгты ӕндӕр динтыл хӕст адӕмимӕ иумӕ ма архайдтаиккой (Матфейы 12:30; Иоанны 14:6). Ӕмӕ Хуыцау рагон израилӕгтӕн Моисейы уылты цы закъон радта, уым дӕр загъд уыд, цӕмӕй сӕ алыварс цӕрӕг адӕмимӕ уыдоны хуыцӕуттӕн кувын ма райдыдтаиккой (Рацыд 34:11–14). Фӕстӕдӕр Хуыцауыл иузӕрдион израилӕгтӕ ӕндӕр динтыл хӕст адӕмы ӕххуысыл не сразы сты, уымӕн ӕмӕ уӕд афтӕ рауадаид, цыма мӕнг хуыцӕуттӕн кувджытимӕ бадзырд скодтой (Ездрӕ 4:1–3).

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕндӕр динтыл хӕст адӕмимӕ фӕныхас кӕнынц?

 О. Апостол Павелау мах дӕр хорз хабар куы фӕхъусын кӕнӕм, уӕд нӕ фӕфӕнды бамбарын, алыхуызон адӕм куыд хъуыды кӕнынц ӕмӕ цӕуыл ӕууӕндынц, уый (1 Коринфӕгтӕм 9:19–22). Мах фӕархайӕм Библийы уынаффӕмӕ гӕсгӕ, зӕгъгӕ, алы адӕймагимӕ дӕр ныхас кӕнут «сабырӕй ӕмӕ уӕзданӕй» (1 Петры 3:15).