Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Уорвик (штат Нью-Йорк): Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕйраг хайад

Фарон цы ахсджиаг хабӕрттӕ ӕрцыд

Фарон цы ахсджиаг хабӕрттӕ ӕрцыд

ХӔЙРӔДЖЫ дунейы иу бӕллӕх иннӕйы фӕдыл цӕуы, Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ та дарддӕр дӕр «бирӕ фыдӕбон кӕнынц Хицауы хъуыддаджы» (1 Кор. 15:58). Дӕлдӕр цы хабӕртты кой ис, уыдонӕй бӕрӕг у, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ ӕнӕхъӕн дунейы дӕр сӕ зӕрдӕ сӕ Хуыцауыл кӕй дарынц, хорздзинад кӕй аразынц ӕмӕ иузӕрдионӕй кӕй архайынц (Пс. 37:3).

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕйраг хайад ӕмӕ филиал сты ног бынаты

Уолкиллы, Нью-Йорчы, ног агъуыстытӕ арӕзт фесты 2016 азы 1 февралы, ӕмӕ Иугонд Штатты Филиалы комитет, уацамындӕн дзуапдӕттӕг хайад ӕмӕ Иугонд Штатты филиалы иннӕ хайӕдтӕ уырдӕм ахастой. Уорвичы ног сӕйраг хайады куыстытӕ кӕронмӕ куы фӕцӕйхӕццӕ кодтой, уӕд Бруклины Вефилы бинонты хъуыд иу стыр хъуыддаг саразын – хъуамӕ Нью-Йоркӕй сыстадаиккой ӕмӕ сӕ ног бынатмӕ ацыдаиккой.

2017 азы 3 апрелы, къуырисӕры, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕйраг хайады Уорвичы цӕуын райдайдзысты экскурситӕ. Ӕртӕ дзы сты выставкӕтӕ, ӕмӕ сӕ адӕймагӕн йӕ бон уыдзӕн фенын ӕнӕ экскурсоводӕй, иу экскурси та кӕндзӕн экскурсовод.

  1. «Библи ӕмӕ Хуыцауы ном». Ацы выставкӕйы фенӕн ис, арӕх чи не сты, ахӕм Библитӕ, стӕй бӕлвырдгӕнӕнтӕ, Хуыцауы ном Фыстады алкӕддӕр кӕй уыд, уымӕн.

  2. «Йегъовӕйы ном чи хӕссы, уыцы адӕм». Ацы выставкӕ у Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты историйы тыххӕй. Базонӕн дзы ис, Йегъовӕ йӕ адӕмӕн разамынд куыд лӕвӕрдта, куыд сӕ ахуыр кодта ӕмӕ йын йӕ ном чи хӕссы, ахӕм адӕм сӕ куыд скодта, цӕмӕй йын йӕ фӕндон ӕххӕст кодтаиккой.

  3. «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕйраг хайад: уырнындзинад бӕрӕг у хъуыддагӕй». Выставкӕйы базонӕн уыдзӕн, Разамонӕг советы комитеттӕ Йегъовӕйы адӕмӕн куыд ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй иумӕ ӕмбырд кӕной, ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕной, уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринагӕй сӕхи цух ма уадзой ӕмӕ, кӕрӕдзи кӕй уарзынц, уый хъуыддагӕй ӕвдисой.

Ацы экскурситӕ ӕнӕ экскурсоводӕй уыдзысты къуырисӕрӕй майрӕмбонмӕ 8.00–16.00 сахатмӕ. Уыцы бонты ма дзы 8.00–11.00 сахатмӕ ӕмӕ 13.00–16.00 сахатмӕ уыдзӕн 20-минутон экскурси экскурсоводимӕ. Экскурсийы рӕстӕг фенӕн уыдзӕн, офистӕ кӕм сты, уыцы агъуыст, стӕй Вефилы территори.

Экскурсимӕ ацӕуыны размӕ уал нӕ сайтмӕ бацу.

АЦЫ ХАЙЫ

Сӕйрагдӕр у ӕгас дунейы хорз хабар хъусын кӕнын

Раздӕр Вефилты чи лӕггад кодта, уыдон сӕ ног уавӕрты хорз хабар куыд хъусын кӕнынц?

«Сымахӕй хуыздӕр сыхӕгтӕ... нӕй»

2016 азы 7 ӕмӕ 8 майы Бруклины Вефилы цы библион выставкӕ уыд, уый фӕрцы Вефилмӕ хӕстӕг цӕрӕг адӕм Хуыцауы номы тыххӕй фылдӕр базыдтой.

Ног фембӕлд «Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад»

Къуырийы астӕу нын цы фембӕлд вӕййы, уый 2016 азы январӕй фӕстӕмӕ уадзӕм ӕндӕрхуызон.

Нӕ интернет-телеуынынады фӕрцы «нӕ хъарутыл хъарутӕ бафты»

Нӕ интернет-телеуынынад фӕзынд 2014 азы ӕмӕ ныр ис 90 ӕвзагӕй фылдӕрыл. Чи йӕм фӕкӕсы, уыдон цы зӕгъынц?

Йегъовӕйӕн филиалтӕ снывонд кодтой

Йегъовӕйӕн Хъыргъызстаны ӕмӕ Сомихы ног филиалтӕ кӕй снывонд кодтой, уый бынӕттон хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн уыд цины хабар.

2016 азы юридикон хабӕрттӕ

2016 азы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цавӕр юридикон фарстатыл сӕмбӕлдысты?

Ног хабӕрттӕ. Хабӕрттӕ ӕгас дунейӕ дӕр

Аргентинӕйы, Белизы, Бурундийы, Конгойы (Киншасӕ), Германийы, Италийы, Непалы, Папуӕ – Ног Гвинейы ӕмӕ Угандӕйы цӕрӕг Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй ног хабӕрттӕ.