Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Разамонӕг советы писмо

Разамонӕг советы писмо

Нӕ зынаргъ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ!

Нӕ эрӕйы размӕ 7 ӕнусы пехуымпар Йезекил федта диссаджы цӕстылуайӕн – стыр уӕларвон уӕрдон, ӕмӕ йӕ кӕцырдӕм цӕуын хъуыд, уый йын амыдта Дунедарӕг Хуыцау. Ӕппӕты диссагдӕр та уыд, уӕрдон куыд цыд, уый. Афтӕ тагъд цыд, ӕмӕ йыл цӕст нӕ хӕцыд, суанг-иу йӕ фӕндаг ӕндӕрырдӕм куы акодта, уӕддӕр-иу йӕ цыд нӕ фӕсындӕгдӕр ӕмӕ-иу цӕугӕ-цӕуын дӕр никӕцырдӕм фӕзылд (Йез. 1:4, 9, 12, 14, 16–27).

Ацы цӕстылуайӕн нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, Йегъовӕйы организацийы уӕларвон хай иу ран кӕй никуы фӕлӕууы. Ӕмӕ йӕ зӕххон хай та? Фароны лӕггады азӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ зӕххыл дӕр йӕ адӕмы размӕ афтӕ тагъд кӕй кӕны, ӕмӕ раст диссаг!

Йегъовӕйы организацийы уӕларвон хай иу ран никуы фӕлӕууы

Америкӕйы Иугонд Штатты Вефилы бинонтӕ дӕр иу ранӕй ацыдысты ӕндӕр рӕттӕм: Бруклинӕй ацыдысты Уорвикмӕ (штат Нью-Йорк) Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ног сӕйраг хайадмӕ ӕмӕ Вефилы иннӕ бӕстыхӕйттӕм, йе та хорз хабар хъусын кӕнынмӕ. Ӕмӕ ма ӕгас дунейы бирӕ ӕндӕр филиалты дӕр вефилӕгтӕ ӕнцад нӕ бадынц: аразынц, цалцӕг кӕнынц ӕмӕ ӕндӕр бынӕттӕм цӕуынц. Уымӕй уӕлдай ма кӕцыдӕр филиалтӕ иу кӕнынц. Сымахӕй та цы зӕгъӕн ис? Кӕд уӕ ӕндӕр ранмӕ цӕуын нӕ хъӕуы, уӕддӕр уӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, иу ран бадынмӕ не ’вдӕлы.

Разамонӕг советӕн ӕхсызгон у ӕмӕ йын йӕ ныфсыл ныфс ӕфтауы, Хуыцауы адӕм ӕнӕхъӕн зӕххы къорийыл дӕр абоны хуызӕн ӕнӕвдӕлон кӕй никуы уыдысты ӕмӕ Йегъовӕйы организацийӕ фӕстейӕ кӕй нӕ зайынц, уый. Бирӕтӕ ацыдысты, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, ахӕм рӕттӕм. Иннӕтӕ та хъусын кӕнын райдыдтой, ӕндӕр ӕвзӕгтыл чи дзуры, уыцы адӕмӕн. Бирӕтӕ афӕлвӕрдтой ног кӕнӕ, ныронг кӕй фӕрцы нӕма хъусын кодтой, уыцы мадзӕлтты фӕрцы хъусын кӕнын. Ӕндӕр цавӕрдӕр фадӕтты фӕрцы фылдӕр лӕггад кӕнын чи райдыдта, уыдон дӕр гыццыл не сты. Уӕдӕ иузӕрдион чырыстӕттӕ се ’ппӕт дӕр, уыдонимӕ ацӕргӕтӕ ӕмӕ, рынчын чи у, уыдон дӕр згъорынц царды фӕндагыл, ома Хуыцауы хъуыддаджы иу ран нӕ бадынц, ӕмӕ афтӕмӕй бӕлвырд кӕнынц, Хӕйрӕг сайгӕ кӕй кӕны, уый! (1 Кор. 9:24).

Фидарӕй зонут, Йегъовӕ уын уӕ зынгзӕрдӕдзинад кӕй уыны (Дзут. 6:10). Хуыцауы коммӕ кӕсынмӕ цӕттӕ кӕй стут, уымӕй нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕнут Авраам ӕмӕ Саррӕйы. Авраамыл 70 азӕй фылдӕр куы цыд, уӕд халдейаг горӕт Урӕй йӕ бинонтимӕ Ханаанмӕ ацыд ӕмӕ уым цатырты 100 азы фӕцард. Авраам ӕмӕ йӕ зынаргъ бинойнаг цӕттӕ уыдысты Хуыцауӕн йӕ алы ныхас ӕххӕст кӕнынмӕ дӕр! (Райд. 11:31; Хъуыд. 7:2, 3).

Сымахӕн дӕр ахӕм зондахаст ис? Уе ’ппӕт дӕр, ацы зын рӕстӕджыты Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ чи нӕ ивы, уыдон, аразут, Чырысти уын цы загъта, уый: «Гъемӕ уӕдӕ ацӕут ӕмӕ мын ӕппӕт адӕмтӕй дӕр цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ. Дӕттут сын донаргъуыд Фыд, Фырт ӕмӕ сыгъдӕг тыхы номыл» (Матф. 28:19).

Чырысти афтӕ кӕй загъта, «ацӕут», зӕгъгӕ, уый дӕр ууыл дзурӕг у, ӕмӕ хъуамӕ ӕнцад ма бадӕм, хъуамӕ архайӕм. Куыд ӕхсызгон нын у, ацы фӕстаг аз Чырыстийы зынгзӕрдӕ фӕдылдзӕуджытӕн уыйбӕрц кӕй бантыст! Зын бамбарӕн нӕу, Йегъовӕ кӕй арфӕ кодта хорз хабар ӕппӕт адӕмтӕн хъусын кӕныны хъуыддагӕн (Мар. 13:10).

Бирӕтӕ хорз хабар сӕ зӕрдӕмӕ айсынц. Фарон хъусынгӕнджыты уӕлдӕр нымӕц уыди 8 340 847, Библийы ахуырты рӕстӕмбис нымӕц алы мӕй дӕр уыди 10 115 264. Бӕрӕг у, уӕларвон уӕрдон дӕр размӕ кӕй цӕуы, ӕмӕ сымах дӕр! Цӕй ӕмӕ уӕ диссаджы куыст дарддӕр дӕр кӕнут, уымӕн ӕмӕ бирӕ рӕстӕг нал баззад – тынг тагъд Йегъовӕ сӕхгӕндзӕн, ирвӕзындзинадмӕ чи кӕны, уыцы дуар.

Уӕдӕ 2017 азӕн хорз сфидаудзысты ацы ныхӕстӕ: «Дӕ зӕрдӕ дар Йегъовӕйыл ӕмӕ араз хорздзинад» (Пс. 37:3). Ацы ныхӕстӕм гӕсгӕ куы архайат, хорздзинад куы аразат, ома Йегъовӕйӕн куы лӕггад кӕнат, уӕд ӕвдисдзыстут, уӕ зӕрдӕ йыл кӕй дарут, уый. Уӕ хорзӕхӕй, макуы рох кӕнут, иунӕг кӕй не стут. Йесо йӕ ныхасӕн алкӕддӕр хицау уыдзӕн: «Цалынмӕ ацы цардӕвӕрды кӕрон не ’рцӕуа, уӕдмӕ ӕз алы бон дӕр уыдзынӕн уемӕ» (Матф. 28:20).

2017 АЗЫ СТИХ:

«Дӕ зӕрдӕ дар Йегъовӕйыл ӕмӕ араз хорздзинад»

Ма дызӕрдыг кӕнут, Йегъовӕ уын амӕй фӕстӕмӕ дӕр уӕ иузӕрдион лӕггадӕн кӕй арфӕ кӕндзӕн. Бирӕ аразут ӕви гыццыл, сӕйраг уый нӕу. Йегъовӕйӕн ӕппӕты сӕйрагдӕр у, цӕмӕй йын дӕттат, хуыздӕрӕй уӕм цы ис, уый ӕмӕ йӕ дӕттат раст зӕрдӕйы уагимӕ. Уыцы лӕвӕрттӕ йын тынг ӕхсызгон вӕййынц ӕмӕ йын циндзинад ӕрхӕссынц (2 Кор. 9:6, 7). Уӕдӕ уӕ уарзӕгой Фыдмӕ ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕнут. Уый тыххӕй ӕдзухдӕр Хуыцаумӕ кувут, йӕ Ныхас ын ахуыр кӕнут, ӕмбырдтӕм цӕут ӕмӕ зӕрдиагӕй хъусын кӕнут.

Фӕлӕ Хӕйрӕг, «рӕстӕг ын бирӕ кӕй нал баззад», уымӕ гӕсгӕ алы мадзалӕй дӕр пайда кӕны, цӕмӕй нын нӕ иузӕрдиондзинад фӕцудын кӕна, ӕмӕ Йегъовӕйыл нӕ зӕрдӕ сивӕм (Рарг. 12:12). Йегъовӕмӕ алкӕддӕр ӕввахс ут, ӕмӕ Хӕйрӕгӕн йӕ фӕндтӕй ницы рауайдзӕн (Пс. 16:8). Зонут ӕй, бирӕ уӕ кӕй уарзӕм ӕмӕ уӕ стыр бузныг кӕй стӕм, ацы фӕстаг бонты нын Хицауы Паддзахады хъуыддӕгты кӕй ӕххуыс кӕнут, уый тыххӕй.

Уе ’фсымӕртӕ,

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты Разамонӕг совет