Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Кӕд-иу нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕн сӕ хӕдзӕртты ӕнӕхъӕнӕй ницыуал ныууагътой, уӕддӕр сӕ уый Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын нӕ бахъыгдардта

ГУЫРДЗЫСТОН | 1998–2006

Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ ӕртхъирӕнтӕй нӕ фӕтарстысты

Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ ӕртхъирӕнтӕй нӕ фӕтарстысты

Кӕд хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн тӕссаг уыд, уӕддӕр ӕмбырдтӕ уагътой. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ батыхстысты хъусынгӕнджыты ӕдасдзинадыл. Уыцы азты Ӕвдисӕнты бартӕ бахъахъхъӕныныл чи тох кодта, иу ахӕм ӕфсымӕр Канадӕйӕ, адвокат Андре Карбоно радзырдта: «Ӕмбырд-иу кӕм цыд, уырдӕм хӕстӕг-иу лӕууыд ӕфсымӕр телефонимӕ. Ӕмӕ-иу куыддӕр фыдгӕнджыты къорд ӕрбацӕйцӕугӕ федта, афтӕ-иу хистӕр нӕлгоймӕгтӕм бадзырдта».

Фыдгӕнджытӕ басыгътой Шамоянты бинонты хӕдзар (галиуырдыгӕй) ӕмӕ литературӕйы скълад (рахизырдыгӕй)

Искӕцы ӕмбырдмӕ-иу куы бабырстой, уӕд-иу уыцы ӕмбырдмӕ Вефилӕй дыууӕ ӕфсымӕры ӕрцыд, цӕмӕй-иу сӕ бафидар кодтаиккой. Андре загъта: «Диссаг уыд, фӕлӕ-иу уыцы ӕфсымӕртӕ куы ӕрцыдысты, уӕд-иу, ӕмбырдтӕ кӕм цыдысты, уыцы агъуысты адӕмӕй къух бакӕнӕн нӕ уыд. Се ’ппӕт дӕр-иу уыдысты хъӕлдзӕг, сӕ мидбылты-иу худтысты».

Ӕфсымӕрты ныхмӕ цыдысты тӕрхондоны дӕр ӕмӕ ӕддейӕ дӕр

Ӕфхӕрд чи нӕ баййӕфта, уыцы хъусынгӕнджытӕ ӕмӕ, Библи чи ахуыр кодта, уыдон дӕр хъӕбатыр уыдысты. Андрейы зӕрдыл лӕууы, ӕнӕаргъуыд хъусынгӕнӕг чи хъуамӕ суыдаид, иу ахӕм сылгоймагимӕ куыд ныхас кодта, уый. Сылгоймаг ын загъта: «Ӕвдисӕнты куыд ӕфхӕрынц, уый телевизоры куы федтон, уӕд бамбӕрстон, ӕцӕг чырыстӕттӕ цӕмӕй хицӕн кӕнынц, йӕхи чырыстон чи хоны, уыдонӕй. Мӕн фӕнды, цӕмӕй ӕцӕг чырыстон уон».

Се ’мчырыстӕтты сӕрыл хъӕбатырӕй тох кодтой

Уыцы уӕззау азты дӕр хъусынгӕнджытӕ хорз хабар зынгзӕрдӕйӕ хъусын кодтой, ӕмӕ уымӕй ӕвдыстой диссаджы уырнындзинад ӕмӕ хъӕбатырдзинад. Тӕрхондӕтты се ’мчырыстӕтты сӕрыл чи тох кодта, уыдон дӕр ахӕм фидар уырнындзинады хицау уыдысты.

Газетты, телевизоры ӕмӕ радиойы Ӕвдисӕнтӕй арӕх мӕнг ныхӕстӕ кодтой, зӕгъгӕ, бинонты цард халынц, сӕхи дзӕбӕх кӕнын нӕ комынц ӕмӕ хицауады ныхмӕ цӕуынц. Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты бартыл чи тох кодта, уыцы адвокаттӕн тӕссаг уыд, ӕвзӕр ном сыл кӕй сбадтаид ӕмӕ сын куыст кӕй нал уыдаид, уымӕй.

Ӕфсымӕртӕ Иугонд Штаттӕй юридикон хайадӕй тӕрхондоны се ’мчырыстӕтты сӕрыл хъӕбатырӕй тох кодтой

Уыцы азты Гуырдзыстоны ӕфсымӕртӕн ӕххуыс кодта адвокат Канадӕйы Вефилӕй Джон Бёрнс. Джон загъта: «Бынӕттон хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй адвокаттӕй чи куыста, уыдон цӕттӕ уыдысты баххуыс кӕнынмӕ. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕй сты, уый тӕрхондӕтты ӕргом дзырдтой, уый сӕ куыстыл куыд фӕзындзӕн, уый кӕд бӕрӕг нӕ уыд, уӕддӕр». Уыцы хъӕбатыр Ӕвдисӕнтӕ бирӕ сарӕзтой «хорз хабары сӕрыл тохы дӕр ӕмӕ, хорз хабар хъусын кӕныны хъуыддаг закъонмӕ гӕсгӕ ӕрфидар кӕныны» хъуыддаджы дӕр (Фил. 1:7).

Гуырдзиӕгтӕ ӕфхӕрджыты ныхмӕ сдзырдтой

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты уавӕр хуыздӕр нӕ кодта. Уымӕ гӕсгӕ 2001 азы 8 январы Ӕвдисӕнтӕ хицауады номыл курдиат ныффыстой, цӕмӕй сӕ бахъахъхъӕдтаид ӕмӕ фыдгӕнджытӕй дзуапп ӕрдомдтаид. Уыцы курдиатимӕ разы чи уыд, уый-иу ыл йӕ къух ӕрфыста.

Курдиат цӕмӕн ныффыстой, уый бамбарын кодта ӕфсымӕр Бёрнс: «Мах фӕндыд равдисын, гуырдзиӕгтӕн сӕ фылдӕры зӕрдӕмӕ кӕй нӕ цӕуы, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты кӕй ӕфхӕрынц, уый ӕмӕ уыцы хабӕрттӕ кӕй цӕуынц динон экстремистты гыццыл къорды аххосӕй».

Ӕрмӕст дыууӕ къуыримӕ Гуырдзыстоны цӕрджытӕй 133 375 адӕймаджы,– сӕ фылдӕр православон диныл хӕст,– уыцы курдиатыл сӕ къухтӕ ӕрфыстой. Ӕмӕ кӕд уыцы курдиат президент Шеварднадземӕ фӕхӕццӕ, уӕддӕр ницы аивта. Экстремисттӕ дарддӕр дӕр сӕ кӕнон кодтой.

Гуырдзыстоны цӕрджытӕй мингӕйттӕ сӕ къухтӕ ӕрфыстой курдиатыл, Ӕвдисӕнты кӕй ӕфхӕрдтой, уыимӕ разы кӕй нӕ уыдысты, уый фӕдыл

Фӕлӕ Йегъовӕ йӕ адӕмӕн арфӕ кодта. Кӕд сын экстремисттӕ бирӕ маст ӕвзарын кодтой, уӕддӕр Йегъовӕ Хуыцау мӕнг динӕй бирӕ сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмы ракодта.

Мӕнг дин ныууагъта

Бабилинӕ Харатъишвили йӕ царды ӕмбисӕй фылдӕр цыди гуырдзиаг православон аргъуанмӕ ӕмӕ йӕ диныл тынг ӕнувыд уыди. 30 азӕй йыл гыццыл фылдӕр куы цыд, уӕд иу горӕтӕй иннӕмӕ ӕмӕ иу хъӕуӕй иннӕмӕ цыд, ӕмӕ адӕмӕн сыгъдӕджыты царды тыххӕй дзырдта.

Фӕлӕ Бабилинӕйы фӕндыд Хуыцауы тыххӕй фылдӕр базонын. Ӕмӕ райдыдта гуырдзиаг православон семинарийы лекцитӕм цӕуын. Лекцитӕм чи цыд, уыдонӕн иухатт сауджын равдыста Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты чингуытӕй иу ӕмӕ сын загъта, цӕмӕй йӕ уыдонӕй райсой ӕмӕ йӕ бакӕсой. Стӕй ма сын загъта: «Ацы чиныджы фӕрцы Библи хуыздӕр базондзыстут».

Бабилинӕмӕ уый тынг диссаг фӕкаст. Уый-иу Ӕвдисӕнтӕй йӕхи хызта ӕмӕ сын ныр сауджын дзуры, цӕмӕй сын сӕ чиныг бакӕсой! Бабилинӕ ахъуыды кодта: «Кӕд Хуыцауы тыххӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй базондзынӕн, уӕд ма ам цы кусын?» Гъемӕ горӕт Потийы Ӕвдисӕнты бацагуырдта ӕмӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдта.

Бабилинӕ Библийӕ фылдӕр куы базыдта, уӕд йӕ царды бирӕ цыдӕртӕ фӕивта. Иухатт Бабилинӕ загъта: «Иконӕтӕн кувын раст кӕй нӕу, уый Библийы куы бакастӕн, уӕд, мӕнг динимӕ баст цыдӕриддӕр уыд, уыдӕттыл мӕ къух систон. Раст кӕй кӕнын, ууыл ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодтон». Бабилинӕйыл 80 азы бӕрц куы цыди, уӕд ӕй бафӕндыд, цӕмӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕн суыдаид.

Бабилинӕ рӕстдзинады тыххӕй радзырдта йӕ чызджы чызг Изабелӕйӕн

Фӕлӕ 2001 азы, донаргъуыд нӕма райста, афтӕ, Бабилинӕ фӕрынчын ӕмӕ амард. Йӕ чызджы чызг Изабелӕ фӕстӕдӕр донаргъуыд райста ӕмӕ ныр Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕны.

Хъуамӕ моладзан суыдаид

Элисо Дзедзешвилийыл 28 азы куы цыд, уӕд йӕхицӕн загъта, моладзан кӕй суыдзӕн. Кӕм царди, уыцы горӕт Тъхъибулимӕ ’ввахс моладзандон нӕ уыд, ӕмӕ 2001 азы Тбилисимӕ ацыд. Цалынмӕ моладзандоны бынатмӕ ӕнхъӕлмӕ каст, уӕдмӕ уал репетиторӕй куыста. Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй иу уыди нӕ хо Нунуйы чызг.

Элисо радзырдта: «Библийыл-иу арӕх ныхас кодтам. Ӕз-иу православон дины сӕрыл хӕцыдтӕн, Нуну та-иу мын иу стих иннӕйы фӕдыл ӕвдыста. Иу бон мын загъта, цӕмӕй иумӕ бакастаиккам сӕ брошюрӕтӕй иу. Абзацтӕ ӕмӕ Библийы стихтӕ куы кастыстӕм, уӕд ӕй ӕмбарын райдыдтон, иконӕтӕн кувын Хуыцауы фӕдзӕхсты ныхмӕ кӕй у».

Фӕстӕдӕр Элисо аргъуанмӕ ацыд ӕмӕ сауджынмӕ цалдӕр фарстайы радта. Йӕ дзуаппытӕй йын бамбӕрста, аргъуаны ахуырӕдтӕ Библимӕ гӕсгӕ раст кӕй не сты (Мар. 7:7, 8). Рӕстдзинад кӕй базыдта, ууыл нал дызӕрдыг кодта, ӕмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнын райдыдта. Цыбыр рӕстӕджы фӕстӕ Элисо донаргъуыд райста.

Элисо Дзедзешвили (галиуырдыгӕй), хъуамӕ суыдаид моладзан, ӕмӕ Нуну Къопъалиани (рахизырдыгӕй)

Кӕд сӕ хъыгдардтой, уӕддӕр Паддзахады залтӕ арӕзтой

2001 азмӕ Гуырдзыстоны бирӕ ӕмбырдтӕн нӕ уыди, фембӕлдтӕ кӕм уагътаиккой, ахӕм залтӕ. Ӕфсымӕртӕ куыд сбӕрӕг кодтой, афтӕмӕй хъуыди саразын 70 залы бӕрц. Ӕмӕ кӕд Ӕвдисӕнты ныхмӕ цыдысты, уӕддӕр дзы Паддзахады залтӕ аразын райдыдтой (Езд. 3:3).

Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ аразджыты къорд цалцӕг кӕнын райдыдта, Тбилисийы цалдӕр ӕмбырды кӕмӕй пайда кодтой, уыцы агъуыст. Уый хӕдфӕстӕ аразын райдыдтой дыууӕ залы – иу Тбилисийы, иннӕ та Чъиатурӕйы, Гуырдзыстоны ныгуылӕн хайы.

Тбилисийы Паддзахады залы бынаты (галиуырдыгӕй) сарӕзтой ног зал (рахизырдыгӕй)

Ӕфсымӕр Тамази Хуцишвили ӕххуыс кодта зал аразынӕн Чъиатурӕйы. Уый радзырдта: «Алы бон дӕр фынддӕсӕй куыстам. Цыбыр рӕстӕгмӕ горӕты се ’ппӕт дӕр базыдтой, ног зал кӕй аразӕм, уый. Хатт-иу нӕ хъустыл ӕрцыд, нӕ ныхмӕ чи уыд, уыдон нын нӕ Паддзахады зал ныппырх кӕнынмӕ кӕй хъавынц».

Цымӕ сын ахӕм уавӕрты зал саразын бантыст? Тамази загъта: «Мах нӕ куыст кодтам, ӕмӕ ӕртӕ мӕймӕ зал арӕзт фӕци. Кӕд нӕм ӕртхъирӕн кодтой, уӕддӕр нӕм ничи ’рбацыд» *.

Сӕрибарӕй сулӕфыдысты

Православон экстремистты къордӕй кӕйдӕрты ӕмӕ сын сӕ хистӕры, Васили Мкъалавишвилийы, ӕрцахстой

2003 азы октябры зал аразын райдыдтой горӕт Самтъредиайы. Динон экстремисттӕ та ногӕй ӕфсымӕртӕм бартхъирӕн кодтой. Залӕн йӕ къултӕ куы самадтой, уӕд йӕ раствор нӕма бахус, афтӕ, нӕ ныхмӕ чи уыд, уыдон ӕрбацыдысты ӕмӕ йӕ ныппырх кодтой.

Фӕлӕ 2003 азы ноябры Гуырдзыстоны хицауад фӕивта ӕмӕ динтӕн фылдӕр сӕрибардзинад радтой. Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ сулӕфыдысты – ныр сӕ бон уыд сӕрибарӕй лӕггад кӕнын. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕм-иу чи бабырста, уыцы православон экстремистты къордӕй цалдӕры ӕрцахстой.

Хуыцауы адӕм бирӕ арфӕдзинӕдтӕй схайджын сты

Гуырдзыстоны Йегъовӕйы адӕмы куы нал ӕфхӕрдтой, уый хӕдфӕстӕ бирӕ арфӕдзинӕдтӕй схайджын сты. 2004 азы облӕстон конгрессы райстой «Чырыстон Грекъаг Фыстытӕ – Ног дунейы тӕлмац» гуырдзиаг ӕвзагыл.

Уый фӕстӕ ма 2006 азы облӕстон конгрессы, «Ирвӕзындзинад ӕввахс у!», зӕгъгӕ, ӕрцыд ноджыдӕр иу, ферох кӕнӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм хабар. Иууылдӕр ӕнхъӕлмӕ кастысты Разамонӕг советӕй ӕфсымӕр Джеффри Джексоны раныхасмӕ. Ӕмӕ куыд тынг бацин кодтой, ӕфсымӕр куы фехъусын кодта, «Библи – Ног дунейы тӕлмац» гуырдзиаг ӕвзагыл ӕнӕхъӕнӕй кӕй рацыд!

2006 азы рацыд «Ног дунейы тӕлмац» гуырдзиаг ӕвзагыл

Бирӕтӕн фырцинӕй сӕ цӕстытӕ доны разылдысты. Иу хо загъта: «Библи ӕнӕхъӕнӕй кӕй райстам, ууыл афтӕ цин кодтон, ӕмӕ йын зӕгъӕн дӕр нӕй. Уый ӕцӕгдӕр историйы фыссинаг хабар уыд». Уыцы конгрессы ӕрцыд, Гуырдзыстоны Йегъовӕйы адӕмы историйы чи баззад, ахӕм ахсджиаг хабар, ӕмӕ дзы чидӕриддӕр уыд, уыдон – 17 000 адӕймагӕй фылдӕр – уыцы цины бон никуы ферох кӕндзысты.

^ 29 абз. 2001 азӕй 2003 азмӕ Гуырдзыстоны сарӕзтой авд Паддзахады залы.