Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Хицауы ӕхсӕвӕр иннӕ динты хуызӕн цӕуылнӕ бӕрӕг кӕнынц?

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Хицауы ӕхсӕвӕр иннӕ динты хуызӕн цӕуылнӕ бӕрӕг кӕнынц?

 Хицауы ӕхсӕвӕр, хонынц ма йӕ Йесойы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕр дӕр, фӕбӕрӕг кӕнӕм, Библийы цы фыст ис, растдӕр уымӕ гӕсгӕ (1 Коринфӕгтӕм 11:20). Фӕлӕ бирӕ динты Хицауы ӕхсӕвӕр куыд бӕрӕг кӕнынц, уый Библимӕ гӕсгӕ раст нӕу.

Цӕмӕн ӕй хъӕуы бӕрӕг кӕнын?

 Хицауы ӕхсӕвӕр фӕбӕрӕг кӕнӕм Йесойы ӕрымысыны тыххӕй, стӕй-иу цӕмӕй равдисӕм, йӕ цард мах тыххӕй кӕй радта, уымӕн кӕй аргъ кӕнӕм (Матфейы 20:28; 1 Коринфӕгтӕм 11:24). Иуӕй-иутӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ Хицауы ӕхсӕвӕр куы бӕрӕг кӕной, уӕд сӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцӕудзысты. Фӕлӕ, Библимӕ гӕсгӕ, адӕймагӕн йӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд цӕудзысты, Йесойыл куы ’ууӕнда, ӕрмӕстдӕр уӕд. Уыцы хъуыддаджы дины ӕгъдау ӕххӕст кӕнын ницы ӕххуыс у (Ромӕгтӕм 3:25; 1 Иоанны 2:1, 2).

Куыд арӕх ӕй хъӕуы бӕрӕг кӕнын?

 Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бафӕдзӕхста Хицауы ӕхсӕвӕр бӕрӕг кӕнын, фӕлӕ куыд арӕх, уый тыххӕй сын ницы загъта (Лукайы 22:19). Иуӕй-иутӕ йӕ фӕбӕрӕг кӕнынц алы мӕй дӕр, иннӕтӕ та – алы къуыри, алы бон, бон цалдӕр хатты кӕнӕ сӕ цал хатты бафӕнды, уал хатты. Фӕлӕ цалдӕр хъуыддагыл хъӕуы ахъуыды кӕнын.

 Йесо Хицауы ӕхсӕвӕрӕн бындур ӕрӕвӕрдта дзуттӕгты Куадзӕны бон, ӕмӕ стӕй уыцы бон фӕстӕдӕр амард (Матфейы 26:1, 2). Уый хуымӕтӕджы нӕ уыд. Фыстад Йесойы нывонд бары Куадзӕны уӕрыккимӕ (1 Коринфӕгтӕм 5:7, 8). Куадзӕн бӕрӕг кодтой афӕдз иу хатт (Рацыд 12:1–6; Левит 23:5). Фыццаг чырыстӕттӕ дӕр Хицауы ӕхсӕвӕр бӕрӕг кодтой афӕдз иу хатт a, ӕмӕ афтӕ кӕнынц Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕр.

Кӕд ӕмӕ йӕ цафон хъӕуы бӕрӕг кӕнын?

 Йесо равдыста, Ӕрымысӕн изӕр кӕд хъуамӕ бӕрӕг кӕнӕм, уый. Йесо йын бындур ӕрӕвӕрдта нӕ эрӕйы 33 азы 14 нисаны (Библийы къӕлиндармӕ гӕсгӕ), хурныгуылды фӕстӕ (Матфейы 26:18–20, 26). Ӕмӕ мах дӕр фыццаг чырыстӕттау Ӕрымысӕн изӕр алы аз дӕр фӕбӕрӕг кӕнӕм уыцы бон b.

 Кӕд нӕ эрӕйы 33 азы 14 нисан майрӕмбон уыд, уӕддӕр алы аз дӕр уыцы бонмӕ не ’рхауы. Кӕдмӕ ӕрхаудзӕн, уый фӕнымайӕм, Йесойы рӕстӕг ӕй куыд нымадтой, афтӕ, нырыккон дзуттаг къӕлиндары нымадмӕ гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ c.

Дзул ӕмӕ сӕн

 Йесо Ӕрымысӕн изӕрӕн бындур куы ӕвӕрдта, уӕд райста, Куадзӕны фӕстӕ чи баззад, уыцы донгонд дзул ӕмӕ сырх сӕн (Матфейы 26:26–28). Мах дӕр Ӕрымысӕн изӕр куы фӕбӕрӕг кӕнӕм, уӕд нӕм вӕййы, ӕнхъизӕн кӕуыл нӕ вӕййы, ахӕм дзул ӕмӕ сыгъдӕг сырх сӕн. Сӕныл нӕ вӕййы нӕдӕр сӕкӕр, нӕдӕр спъирт, нӕдӕр хъацӕнтӕ.

 Иуӕй-иу динты дзулыл ныккӕнынц ӕнхъизӕн. Фӕлӕ Библийы ӕнхъизӕн арӕх фӕамоны тӕригъӕдмӕ ӕмӕ, ӕмбийгӕ ӕмӕ сӕфгӕ цы кӕны, ахӕм цӕмӕдӕр (Лукайы 12:1; 1 Коринфӕгтӕм 5:6–8; Галатӕгтӕм 5:7–9). Уымӕ гӕсгӕ, ӕнхъизӕн ӕмӕ ӕндӕр цыдӕртӕ кӕуыл нӕй, ӕрмӕстдӕр ахӕм дзул ис абарӕн Чырыстийы ӕнӕтӕригъӕд буаримӕ (1 Петры 2:22). Иуӕй-иу динтӕ хъӕбӕр нозт нуазын тӕригъӕдыл нымайынц. Ӕмӕ сӕм Хицауы ӕхсӕвӕры сӕны бӕсты вӕййы сӕнӕфсиры дон. Фӕлӕ уый Библимӕ гӕсгӕ раст нӕу (1 Тимофеймӕ 5:23).

Ӕцӕг буар ӕмӕ туг нӕ, фӕлӕ нысӕнттӕ

 Ӕрымысӕн изӕры цы донгонд дзул ӕмӕ сырх сӕн вӕййы, уыдон сты нысӕнттӕ ӕмӕ амонынц Чырыстийы буар ӕмӕ тугмӕ. Иуӕй-иутӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ дзул ӕмӕ сӕн ӕцӕг буар ӕмӕ туг фестынц кӕнӕ семӕ схӕццӕ вӕййынц. Фӕлӕ уый афтӕ нӕу. Ӕркӕсӕм, уымӕн Фыстады цавӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис, уымӕ.

  •   Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн йӕ туг куы нуазын кодтаид, уӕд сӕ Хуыцауы закъоны сӕрты хизын кодтаид, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы закъонмӕ гӕсгӕ, туг хӕрӕн нӕй (Райдиан 9:4; Хъуыддӕгтӕ 15:28, 29). Фӕлӕ Йесо афтӕ никуы бакодтаид. Хуыцауы закъонмӕ гӕсгӕ туг табуйаг у, ӕмӕ Йесо иннӕтӕн уыцы закъон нӕ халын кодтаид (Иоанны 8:28, 29).

  •   Апостолтӕ ӕцӕгдӕр Йесойы туг куы нуӕзтаиккой, уӕд Йесо афтӕ нӕ загътаид, «мӕ туг.. ныккӕлдзӕн», зӕгъгӕ. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ уыцы рӕстӕг йӕ цард нывондӕн нӕма ӕрхаста (Матфейы 26:28).

  •   Йесо йӕ цард радта «ӕрмӕстдӕр иу хатт» (Дзуттӕгтӕм 9:25, 26). Хицауы ӕхсӕвӕры-иу дзул ӕмӕ сӕн Йесойы буар ӕмӕ туг куы фестиккой, уӕд та афтӕ уаид, ӕмӕ сӕ чи саходы, уыдон Йесойы ногӕй нывондӕн ӕрхӕссынц.

  •   Йесо бафӕдзӕхста, «афтӕ-иу кӕнут мӕн ӕрымысыны тыххӕй», зӕгъгӕ, «мӕн нывондӕн ӕрхӕссыны тыххӕй» нӕ, фӕлӕ (1 Коринфӕгтӕм 11:24).

 Дзул ӕмӕ сӕн Йесойы буар ӕмӕ туг фестынц, зӕгъгӕ, чи зӕгъы, уыдон уыцы хъуыды сбӕлвырд кӕнынӕн ӕрхӕссынц Библийӕ кӕцыдӕр стихтӕ. Зӕгъӕм, Библийы тӕлмацтӕй бирӕты фыст ис, Йесо сӕны тыххӕй афтӕ кӕй загъта: «Уый у Мӕ Туг» (Матфейы 26:28, «Ног Фӕдзӕхст ӕмӕ Псалтир», 1994 аз). Фӕлӕ Йесойы ныхӕстӕ афтӕ ратӕлмац кӕнӕн дӕр ис: «Ацы сӕн нысан кӕны мӕ туг» d. Ам Йесо спайда кодта абарстӕй, арӕх-иу куыд кодта, афтӕ (Матфейы 13:34, 35).

Дзул ӕмӕ сӕнӕй чи саходы?

 Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Хицауы ӕхсӕвӕр куы фӕбӕрӕг кӕнынц, уӕд дзул ӕмӕ сӕнӕй ӕрмӕстдӕр иуӕй-иутӕ саходынц. Афтӕ цӕмӕн у?

 Йесо йӕ туг кӕй ныккалдта, уый фӕрцы арӕзт ӕрцыд «ног бадзырд». Уыцы бадзырд баивта, Йегъовӕ Хуыцау ӕмӕ рагон Израилы ’хсӕн цы бадзырд уыд, уый (Дзуттӕгтӕм 8:10–13). Ног бадзырд кӕимӕ арӕзт ӕрцыд, ӕрмӕстдӕр уыдон саходынц Ӕрымысӕн изӕры нысӕнттӕй. Бадзырд кӕимӕ арӕзт ӕрцыд, уыдонмӕ ӕппӕт чырыстӕттӕ нӕ хауынц, фӕлӕ, Хуыцау «кӕй ӕрхуыдта», ӕрмӕстдӕр уыдон (Дзуттӕгтӕм 9:15; Лукайы 22:20). Уыцы адӕм уӕлӕрвты Чырыстиимӕ паддзӕхтӕ уыдзысты. Ӕмӕ, Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй уыцы кадӕй схайджын уыдзысты ӕрмӕстдӕр 144 000 (Лукайы 22:28–30; Раргомад 5:9, 10; 14:1, 3).

 Чырыстиимӕ паддзӕхтӕ чи уыдзӕн, уыцы «гыццыл дзугӕй» уӕлдай нӕ фылдӕры ныфс ис, «тынг бирӕ адӕмы» ’хсӕн кӕй уыдзыстӕм ӕмӕ зӕххыл ӕнустӕм кӕй цӕрдзыстӕм (Лукайы 12:32; Раргомад 7:9, 10). Зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдон кӕд Ӕрымысӕн изӕры нысӕнттӕй нӕ саходынц, уӕддӕр ӕрбацӕуынц, цӕмӕй равдисой, Йесойы нывондӕн кӕй аргъ кӕнынц (1 Иоанны 2:2).

a Кӕс «The New Schaff-Herzog Encyclopedia of Religious Knowledge», 4 том, 43, 44 фӕрстӕ ӕмӕ Макклинток ӕмӕ Стронджы «Cyclopedia», 8 том, 836 фарс.

b Кӕс «The New Cambridge History of the Bible», 1 том, 841 фарс.

c Нырыккон дзуттаг къӕлиндармӕ гӕсгӕ, нисаны мӕй райдайы, астрономты нымадмӕ гӕсгӕ арвыл мӕй куы сног вӕййы, уӕд. Фӕлӕ-иу фыццаг ӕнусы мӕйы фыццаг боныл нымадтой, Иерусалимы сӕрмӕ-иу ног мӕй фыццаг хатт куы фӕзынд, уыцы бон. Ӕмӕ мӕй та Иерусалимы сӕрмӕ, гӕнӕн ис, фӕзына астрономты нымадӕй иу кӕнӕ цалдӕр боны фӕстӕдӕр. Уый у йӕ иу аххосаг, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Ӕрымысӕн изӕр ӕмӕ дзуттӕгтӕ Куадзӕн алы хатт уыцы иу бон цӕуылнӕ фӕбӕрӕг кӕнынц, уымӕн.

d Кӕс «A New Translation of the Bible», Джеймс Моффатт; «The New Testament–A Translation in the Language of the People», Чарльз Уильямс ӕмӕ «The Original New Testament», Хью Шонфилд.